9-æм ноябры «Спутник – Южная Осетия»-йы Интернет хызæджы фæзынд æрмæг Цхинвалы районы иууыл стырдæр хъæу – Дменисы тыххæй. Ам журналисттæ Гæбæраты Ян æмæ Уалыты Динæ сæ иубонон балцы фæстиуæгæн лæмбынæг æрдзырдтой, хъæуы цы административон уагдæттæ ис, уыдоны уавæрыл.

Хъæуы астæу дыууæ азы размæ Хицауады æххуысæй арæзт æрцыд Кады Аллейæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты  хъайтартæн æмæ РХИ-йы хъахъхъæнджытæн.

«Иу афæдз дæр нæма рацыд, афтæмæй цырт райдыдта пырх кæнын. Кады Аллейæ та сси фосы хизæн бынат. Скверы кæрæтты, дидинджытæ сагъд кæм хъуамæ уа, уыцы бынæттæм цæрджытæ æрвылрайсом дæр раздахынц сæ хæдзарон фос. Комплекс æхгæд у æрмæстдæр разæй», – фыссы журналист. Гæбæраты Ян ма куыд фыссы йæ уацы, афтæмæй, дам, дменисæгты хъуыдымæ гæсгæ, цырт цы арæзтадон фирмæ арæзта, уый  фæмардуæвæг хъайтарты ном кæй бафхæрдта.

Дарддæр журналисттæ æппæлынц, цалдæр азы размæ Дменисы хъæуы цы рæвдауæндон сырæзт, уымæй. Горæты цы рæвдауæндæттæ ис, уыдонæй къаддæр кæй ницæмæй у, ууыл цин кæнынц. «Сыгъдæг, хæрзвадат, бассейны ленк кæнынц кæсæгтæ. Йæ сæргълæууæг Джиоты Манана нын экскурси сарæзта. Агъуыст хæрзаив æрмæст æддейæ нæу, мидæгæй дæр дзуапп дæтты дуджы алы домæнæн дæр. Суанг зынгсирвæзты фæткойтæ дæр хъахъхъæд цæуынц лыстæг хъуыддæгты онг. Ам цы 57 сывæллоны ис, уыдон дих сты æртæ къордыл. Ис сæм арæнхъахъхъæнджыты сабитæ дæр, иу сывæллон та сæм горæтæй цæуы. Ам цы 27 кусæджы ис, уыдон æппынæдзух мæлдзгуытау змæлынц. Боны мидæг алы саби дæр хæры 93 сомы аргъ. Сæ меню у алыгъуызон: кас, уæливых, тæвд хæринаг. Уæлдай фенддаг у актон зал: хæрзаив, сыгъдæг. Ам сабитæ арæх февдисынц спектаклтæ. Сæрибар рæстæджы сабитæ кæнынц нывтæ, аппликацитæ, архайынц лепкæйæ. Спортивон фæзуаты ис турниртæ, портийæ хъазæн фæзуæттæ», – цин кæны журналист.

Журналисттæ фæуазæг сты, Дменисы хъæуы сæр цы иумæйаг ахуыргæнæн скъола ис, уырдæм дæр. Уыдон фыссынц, скъолайы кæртæй бахизгæйæ кæй фæнды цæсты дæр сындзау кæй фæныхсдзæнис Дменисы скъола, цы ирон легендарон поэт Икъаты Владимиры ном хæссы, уый постамент. Цыртæн, дам, зынынц æрмæст йе ‘фсæйнæгтæ. Уый, дам, у «æнæнтыст цырт». Дарддæр уацы ис ахæм рæнхъытæ: «Иуæй-иу кълæсты нæй хъармдзинад. Кълæсты хими æмæ физикæйы предметтæй нæй цæстуынгæ æрмæджытæ, информатикæ амонгæйæ цы компьютерыл хъуамæ кусиккой ахуыргæнинæгтæ, уыдон сты æдзæллаг уавæры. Скъолайы нæй медицинон хо. Директор зæгъы, 2009 азы скъолайы æртыккæгæм уæладзыгыл уыд нæ лæппуты штаб, уымæ гæсгæ гуырдзиаг фашисттæ хъæумæ куы æрбацыдысты, уæд уæлдай тынг ныппырх кодтой ацы хатæнтæ», – фыссы Гæбæраты Ян.

Уый ма зæгъы, скъолайы агъуысты мæгуырау уавæр ын стыр маст кæй æрхаста æмæ йын уæззау фæд кæй ныууадздзæн йæ зæрдæйы.

Куыддæр ацы уацтæ мыхуыры рацыдысты, афтæ махмæ газет «Хурзæрин»-ы редакцимæ æрбацыд сæрмагондæй Дменисы иумæйаг скъолайы директор Дудайты Земæ, æмæ катайгæнгæйæ фехъусын кодта, журналист ын йæ хъуыдытæ бынтон кæй сзыгъуыммæ кодта. «Бафарста мæ, скъолайы хъармдзинад ис æви нæ, уымæй. Æз ын загътон, ис нæм электрон хъармгæнæн. Хъарм кæнæм кълæстæ фыццæгæм октябрæй. Уый та фыссы: «холод и разруха». Нæ хæринагаразæг Бестауты Джульеттæимæ сæ базонгæ кодтон. Уый та ныффыста «хæринаггæнæг сæм нæй». Фарста, сывæллæттæн хæрын кæнæм æви нæ. Æз загътон, сывæллæттæн æрвылбон дæр хъарм хæринаг кæй вæййы. Хæринагаразæгæн та иу сывæллонæн фидынц авд сомы куыстмыздæн. Уыдон та ныффыстой, зæгъгæ, иу сывæллон хæры бон авд сомы аргъ. Хæрынц æрмæст дзул, цай æмæ макаронтæ».

Дудайты Земæ куыд дзырдта, афтæмæй уый бацыд «Спутник – Южная Осетия»-йы редакцимæ. Равдыста йæ æнæразыдзинад, цы ныффыстой, уый сæраппонд, хъавы сæ тæрхондонмæ радтынмæ дæр. Домдта, цæмæй йын уыцы рæдыд сраст кæной æмæ йын йæ хъуыдытæ раст равдисой. Фæлæ, дам, уыдон загътой, ома, махæн уый бар нал ис. Уымæ гæсгæ Дменисы иумæйаг скъолайы директор йæ фыстæг æрбахаста   «Хурзæрин»-ы редакцимæ.

Редакцийы хæслæвæрдмæ гæсгæ нæ кусæгон къорд фæуазæг Дменисы хъæумæ.

Дменисы хъæу раздæр дæр æмæ ныр дæр нымад цæуы, республикæйы цы стырдæр хъæутæ ис, уыдонæй сæ иуыл. Хæсты азар басыгъта дменисæгты дæр, фæлæ хъæу нæ фæцудыдта. Куыддæр августы хæст фæсабыр, афтæ дменисæгтæ цадæггай здæхын райдыдтой сæ хъæумæ, сæ хæдзæрттæм.

Райдианы бацыдыстæм, нæ коллегæ, «Спутник»-ы журналист, катайгæнгæ цы Кады Аллейæйы кой кæны, ома, дам, уыцы цырт у æнæнтыст, уырдæм. «Лæууы афæдзæй чысыл фылдæр æмæ ны-ридæгæн пырх кæнын райдыдта. Арæзтой йæ бынæттон цæрджытæ, кæцытæ дзурынц, æрмæг кæй нæ уыд гъæдджын. Уый, дам, нæ иумæйаг рис у. Куыд ис афтæ гæнæн, æмæ мах тыххæй йæ цард чи радта, уыдонмæ уа ахæм ахаст?», – фыссы иннæ журналист Уалыты Динæ

Раст зæгъгæйæ, мах уыцы цыртмæ  ахæмæй ницы федтам. Ам цы хъайтарты нæмттæ фыст ис, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон стыр кады аккаг сты, фæлæ Кады Аллейы сисæй иу дур рахауд, уый афтæ стыр диссаг нæу, цæмæй дменисæгтæ фæдисы дзæнгæрджытæ цæгъдой æмæ «уый нæ иумæйаг рис у! Ам кæй нæмттæ фыст æрцыд, уыдон нæмтты бафхæрд у», зæгъгæ æрбацæуджытæн хъаст кæной.

Дзыллон информациты фæрæзтæй  куыд зонæм, афтæмæй Дменисы хъæуы мемориалон комплекс арæзт æрцыд 2015 азы уæды Президент Тыбылты Леониды фонды финансон фæрæзты æххуысæй.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы Дменисы хъæуæй Сырх Æфсады рæнхъытæм ацыд сæдæгай хæстонтæ, уыдонæй бирæтæ нал æрыздæхтысты. 1998 азæй 2008 азмæ дæр Гуырдзыстоны фашизмы азарæй бирæтæ фæмард хæстон ар-хайдтыты рæстæджы. Уыдоны нæмттæ иумиагæй иугонд мемориалон комплексыл фыст æрцыдысты фæрсæй-фæрстæм.

Уалыты Динæ ма йæ уацы фыссы, ома, дменисæгтæ дзурынц, цырт кæй равдисынц, хицауады уæнгтæ æмæ паддзахадон службæты кусджытæй Дменисмæ чи бацæуы, уыдонæй алкæмæн дæр.

«Уавæрыл йæ бар кæмæн цæуы, уыдонæй алкæмæн дæр радзурæм нæ рис. Уыдон байхъусынц, цырт та афтæ лæууы    æнæмæт æмæ æгад ахасты удæгас æвдисæнау», – фыссы «Спутник-Южная Осетия»-йы журналист.

Ау, цæмæн хъæуы ахæм бæрзонд ныхæстæ   дменисæгты дæр æмæ журналистты дæр. Ахæм Кады Аллейæтæ алы хъæуы дæр куы уаид, бæргæ! Сисыл иу дур баныхасынмæ Дменисмæ хицауадæй исчи цæмæн хъуамæ æрбацæуа?! Дменисы хъæуæн йæхицæн хъæууон администраци нæй? Уыцы фарстытæм лæмбынæг йæ хъус æндæр чи хъуамæ дара? Науæд уым кæй хиуæтты нæмттæ фыст ис, уыдонæй сæ иуы хионы зæрдæ афтæ цæмæннæ зæгъы, ай нын Хицауад скад кодта нæ хиуæттæн, ныр та сæм мах æрдарæм нæ хъус.

Дарддæр нæ фæндаг уыд, Дменисы хъæуы сæрмæ цы иумæйаг ахуыргæнæн скъола ис, уырдæм. Ацы скъола арæзт æрцыд 1974 азы. Бæстыхай у æртæуæладзыгон. Кæддæр ам ахуыр кодта 300 ахуыргæнинагмæ æввахс. Гуырдзиаг-ирон хъаугъайы рæстæджы ам æрбы-нæттон сты нæхи батальоны лæппутæ. Скъола иу уысм дæр ахуыры процесс не ‘рурæдта. Ахуыргæнинæгтæ фыццаг æмæ дыккаг уæладзыджы уыдысты, хъахъхъæнджытæн та сæ штаб æртыккаг уæладзыджы æрбынат кодта. 2008 азы фæстæ батальон æндæр бынатмæ ацыд, скъолайы æртыккаг уæладзыджы сæр нал хъуыд, уымæн æмæ скъолайы цы 57 ахуыргæнинаджы ис, уыдон сæрибарæй цæуынц скъолайы агъуысты дыууæ уæладзы-джы.

Скъолайы кæртмæ бахизæны æцæг нæ коллегæтæ куыд зæгъынц, афтæмæй лæууы Икъаты Владимиры постамент æрдæг арæзтæй. Фæлæ нын ам куыд бамбарын кодтой, афтæмæй цырт цæттæ у, ис Цхинвалы Администрацийы æмæ ацы бонты æвæрд æрцæудзæнис официалон æгъдауæй. Скъоламæ бахизгæйæ фыццаг нæ фæндаг акодтам, хæрздæф цы хæрæн-донæй калд, ууылты. Ам сихор кодтой скъолайы ахуыргæнинæгтæ. Менюйы уыд ног æргæвст стуры фыдæй хъæрмхуыпп, адджинæгтæ, дыргътæ æмæ какао. Хæрæндон – сыгъдæг, хæрзæфснайд. Къулыл – менюты нывтæ æгас къуырийæн. Хæринагаразæджы куы фарстам, зæгъгæ, сабитæ зæрдиагæй хæрынц уæ арæзт хæринаг, уæд загъта: «Вæййы нæм алыгъуызон хæлц –  хъæдур, хъæрмхуыпп, кастæ, дыргътæ, адджинæгтæ, цай, какао, кисель. Иу ахуыргæнинаг хæры бон 47 сомы аргъ. Махмæ арæх вæййынц санэпидстанцы, стæй районы къухдариуæгады минæвæрттæ дæр. Æрвылхатт нæ райгондæй баззайынц. Æз не ‘мбарын, уæ коллегæтæ нæм æвзæрæй цы федтой», – зæгъы хæринаггæнæг.

Дыккаг уæладзыгмæ схизгæ-йæ, цæстæнгас йæхимæ æлвæс-та къæлидоры сыгъдæгдзинад. Скъолайы систыл – сабиты грамотæтæ. Бæрæг куыд у, афтæ-мæй Дменисы скъолайы ахуыргæнинæгтæ æрвылхатт дæр районы уагъд олимпиадæты нæ, фæлæ республикæйы мадзæлтты райсынц призон бынæттæ. Ивгъуыд аз та Дменисы скъола рамбылдта фыццаг бынат «Зарницæ»-йæ. «Спутник»-ы уацхæссæг фыссы, ома, дам, скъолайы нæй уавæртæ спортæй архайынæн. Рудзынгæй акæсгæйæ скъолайы кæрты мах федтам сæрдыгон спортивон фæзуат, цыран архайæн ис спорты алы хуызæй дæр. Скъолайы агъуысты ис спортивон зал дæр, кæцы ницæмæй къаддæр у горæты скъолайы залтæй. Кæд скъолайы къæлидоры хъармгæнæнтæ нæ зыны, уæддæр кълæсты ис хъармгæнæнтæ. Гæбæраты Ян цы къласы кой кæны, уый фиссыны ис, уым æцæг къулыл хъармгæнæн нæй, фæлæ уыйхыгъд хатæны лæууы дыууæ электрон хъармгæнæны.

Кълæстыл се ‘ппæтыл дæр азылдыстæм, федтам ахуыры процесс, ныхас кодтам ахуыргæ-нинæгтæ æмæ ма суанг сæ ныййарджытимæ дæр. Хъæууон скъолайы уавæртæ куыд вæййынц, уымæй бирæ хуыздæр у Дменисы скъолайы уавæр, – ахæм тæлмæнтимæ здæхт фæстæмæ нæ кусæгон  къорд  Дменисы хъæуæй.

Уæдæ ма цæмæн хъуыди уыцы цъиувæдис!

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.