Редакцимæ æрбацыд фыстæг нæ горæты Джиоты Аланы уынджы 132-æм бирæуæладзыгон хæдзары цæрджытæй.

Ацы хæдзары фыццаг æмæ дыккаг подъездты цæрджытæ хъаст кæнынц, дæс азы дæргъы, уыдон лифты аххосæй зындзинæдтæ кæй æвзарынц, уый тыххæй.

«Нæ хæдзары цы лифтытæ ис, уыдон къуылымпыдзинæдтæ æййафынц. Подъездты цæры, се ’нæниздзинад цудыд кæмæн у, стæй кардзыд адæм. Уыдон цалдаргæй бонты фатертæй хизгæ дæр нæ ракæнынц, уæлæмæ ма куыд схиздзыстæм, зæгъгæ, уый тасæй», — фыссынц фыстæджы.

Йе ’нкъарæнтæ мын радзырдта ацы хæдзары цæрæг сылгоймаг дæр. «Лифтытæ базæронд сты. Дзуапп нал дæттынц цæрджыты домæнтæн. Кабинæтæ цæугæ-цæуын дзыхъхълæуд фæкæнынц. Цалынмæ искæмæ дзурай, цæмæй уый та диспетчермæ фæдзура, уæдмæ дзæвгар рæстæг ацæуы. Æрæджы операци сарæзтон, дыууæ бон иу хатт мæ хъуыд дохтыры басгæрст. Хæдзармæ нæ баууæндыдтæн æмæ мæ хæстæджытæм æрбынат кодтон, уыдон хисæрмагонд хæдзары цæрынц. Цæмæннæ ис гæнæн, æмæ нын нæ лифт сцалцæг кæной. Лифт баивынæн, дам, стыр æхцайы фæрæзтæ хъæуы, зæгъынц горæты администрацийы, фæлæ йæм искæцæй æрхонæт специалист, цæмæй мах дæр мауал фыдæбæттæ кæнæм».

Ацы фарстатимæ мах бацыдыстæм цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадмæ. Уыцы фарстæн нын куыстуаты инженер Козаты Алан ахæм дзуапп радта:

«Джиоты Аланы уынджы 132-æм хæдзары лифт æвæрд æрцыд 2011 азы. Сæрæй дæр лифтытæ æвæццæгæн рæстмæ нæ уыдысты æмæ тагъддæр уымæн фехæлдысты. Æнæуый лифт иууыл фылдæр ласы 400 килограммы уæз, фæлæ цæрджытæй чидæртæ сæ фатертæ цалцæг кæныны рæстæджы, лифтыл бавæрынц арæзтадон æрмæджытæ, лифт цы фæразы, уымæй фылдæр. Ахæм уæзтæй лифтæн хæлы йæ механизм. Зæгъын ма мæ фæнды лифтæн фыдмитæ кæй фæкæнынц сабитæ дæр. Никуы уыд афтæ, æмæ мах куыстуатмæ æрбадзырдтой бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджытæ æмæ сын нæ баххуыс кодтам. Махмæ дæр нæй ахæм бæрзонд квалификациджын специалисттæ, цæмæй лифт райхалой æмæ йæ ногæй сцалцæг кæной», — загъта Козаты лæппу.

Уый ма зæгъы, зæгъгæ æндæр бирæуæладзыгон хæдзæртты лифтытæ æвæрд æрцыд 2019 азы. Уыдон стæм хатт фехæлынц, стæй сæ системæимæ хорз зонгæ сты нæ специалисттæ. Проблемон лифты тыххæй æрæджы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады къухдариуæгад Цæгат Ирæй æрхуыдта специалисттæ. Уыдон куыд загътой, афтæмæй лифттæ сты зæронд æмæ сæ хъæуы баивын ногтæй. Ныртæккæ лифттæ сты зынаргъ. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хыгъдыл та уыййас фæрæзтæ нæй. Цалынмæ Хицауады бюджетæй æхцайы фæрæзтæ хицæн цæуа, уæдмæ УФ-йæ хъавынц специалист æрхонынмæ.

Козаты Алан ма куыд загъта, афтæмæй Уæрæсейы æндæр горæтты лифтты техникон уавæрмæ сæ хъус дарынц сæрмагонд хæдзарадтæ. Цæрджытæ сæрмагондæй лифты тыххæй фидынц коммуналон фиддонтæ. Фæлæ махмæ ацы хæдзарад арæзт не ’рцыд. Бар-æнæбары уыцы куыстытæ æххæст кæны цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, уымæ та фæрæзтæ нæй. Куыд зонæм, афтæмæй нæ цæрджыты æмбис нæ фиды коммуналон фиддонтæ. Уыцы фарстаты тыххæй нæ хæдзарад иу æмæ дыууæ хатт нæ бахаста йæ хъаст Хицауадмæ.

Козаты Алан ма загъта, зæгъгæ, сæ ныфс, ис республикæйы ног къухдариуæгадæй, цæмæй сын сæ куырдиат сæххæст кæна.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.