Нæ республикæмæ Олег Говоруны кусæгон балцы дыккаг бон райсомæй РХИ-йы Президент æмæ мæскуыйаг уазæг сæ фæндаг акодтой Ленингоры районмæ. Семæ ма уыдысты Говоруны æмбæлццæттæ, нæ республикæйы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, йæ хæдивæг Цхуырбаты Зæлинæ, РХИ-йы Культурæйы министр Остъаты Мадинæ æмæ республикæйы разамынады æндæр бæрнон кусджытæ. Банысан кæнын хъæуы уый æмæ ацы дæрддаг район куыд Мæскуыйы, афтæ республикæйы сæрмагонд хъусдарды бын кæй ис. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ йæ Мæскуыйæ æрцæуæг бæрнон кусджытæ æнæбабæрæггæнгæ нæ фæвæййынц. Хæрзæрæджы та ам кусæгон балцы уыдис РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти. Уыдон фæцымыдис кæнынц район куыд æндидзы, куыд скъуыддзаг цæуынц, йæ цæрджытæ тынгдæр цæуыл тыхсынц, уыцы проблемæтæ. Уыцы нысанæн уыдис зноны балц дæр Ленингоры районмæ.

Райдианы уазджытæ бацыдысты Ленингоры поселочы Культурæйы хæдзармæ æмæ хайад райстой цытджын æгъдауæй йæ бакæныны церемонийы. Уымæн йæ бæстыхай уыдис мæгуырау уавæры, уыимæ дзы фадæттæ нæ уыд æмбæлон куыст кæнынæн. Ныр бынтондæр уавæр фæивта — скодтой йæ капиталон цалцæг æмæ ма уыимæ ифтонг дæр æрцыдис хъæуæг инвентарь æмæ дзаумæттæй. Йæ гом кæныны церемонимæ æрбацыдысты поселочы цæрджытæ дæр æмæ мадзал райста бæрæгбонгъуыз.

Культурæйы хæдзары раз уазджытыл сæмбæлдысты ирон æгъдаумæ гæсгæ æртæ уæливых æмæ бæгæныйы кæхцимæ. Уазджытæн раарфæ кодта районы администрацийы сæргълæууæг Босыкты Алексей. Йæ раныхасы уый стыр бузныг загъта Стыр Уæрæсейæн, сæ районмæ сын ахæм стыр хъусдард кæй аздæхта æмæ уый фæрцы арæзт æмæ цалцæг кæй цæуынц бирæ цардуагон объекттæ æмæ уыимæ кæй хуыздæр кæнынц адæмы царды уавæртæ. Уый фæстæ бахатыд Президент Тыбылты Леонидмæ, цæмæй ахæм цинæйдзаг боны, куыд бæстæйы сæргъ-лæууæг, афтæ раарфæ кæна районы адæмæн æмæ йæм балæвæрдта бæгæныйæ йедзаг нуазæн.

Цæр, дидин æфтау, Ленингоры район
Цæр, дидин æфтау, Ленингоры район

— Абон мах стыр цинæй йемыдзаг зæрдæимæ фæзындыстæм ардæм — Ленингоры районмæ. Уымæн æмæ дзы федтам, цæмæй бабуц уæм, ахæм арæзтæдтæ, адæмы цинæйдзаг цæсгæмттæ. Стыр бузныг æфсымæрон Уæрæсейæн, ахæм фадæттæ нын чи аразы, бузныг аразджытæн, ахæм зæрдæбын куыст чи кæны. Бирæ арæзт цæуы фæстаг рæстæджы поселочы, ивы йæ хуыз хуыздæрæрдæм, арæзт нæм æрцыдис, стыр нысаниуæг кæмæн ис ленингойрæгты царды, ахæм фæндаг. Ныр сахатмæ хæццæ кæны адæймаг горæтмæ. Уый ахсджиаг хъуыддаг у. Бирæ нын аразы Уæрæсе. Хицæн нын цæуынц æхцайы фæрæзтæ æмæ сæ мах хъуамæ пайда кæнæм нысанмæздæхтæй, адæмы хæрзиуæгæн. Махæн нæ фæндаг æвзæрст у, Стыр Уæрæсе ис нæ фарсмæ, æнкъарæм ын йæ аудындзинад æмæ нæ равзæрст фæндагыл хъуамæ цæуæм ныфсджынæй. Ленингор кæддæриддæр рæсугъд уыд æмæ дзы рæсугъд цард кæнæд йæ адæм нырæй фæстæмæ дæр, — загъта Президент.

Олег Говорун йæ арфæйы ныхас райдыдта ахæм ныхæстæй:

— Зынаргъ хæлæрттæ, мæнæн кæддæриддæр æхсызгон вæййы сымахимæ фембæлд, уæ фенд. Фæстаг дыууæ азы дæргъы уæм æз арæх æрцæуын æмæ иронау нæма сахуыр дæн, Уæрæсейы тыххæй цы хъарм ныхæстæ фæкæнут, уыдон нæ бамбарын, фæлæ уын æмбарын уæ хъарм ахаст. Абон ахсджиаг бон у, цытджын æгъдауæй гом цæуы, районы адæмы царды стыр нысаниуæг кæмæн ис, уыцы Культурæйы хæдзар. Уый 45 азы дæргъы фыццаг хатт æрцыд цалцæггонд. Уæ республикæйы разамынад уый тыххæй стыр куыст бакодта, хаст æрцыд Ин-вестицион программæмæ. Æмæ ам ныр райзæрдæйæ ленингойрæгтæ æрвитдзысты сæ сæрибар рæстæг, уагъд дзы цæудзысты кинофильмтæ, бæрæгбонон концерттæ, сфæлдыстадон изæртæ. Дызæрдыггаг нæу, ацы хæдзар кæй суыдзæн сæ культурон артдзæст. Ам ма ноджыдæр арæзт æрцæудзысты, социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объекттæ. Арфæ уын кæнын ноджыдæр, — зæрдæбынæй загъта йæ ныхасы кæрон Олег Говорун.

Цæр, дидин æфтау, Ленингоры район
Цæр, дидин æфтау, Ленингоры район

Уый фæстæ цытджын æгъдауæй Президент Тыбылты Леонид æмæ Олег Говорун алыг кодтой сырх лентæ æмæ Культурæйы артдзæстæн байгом кодтой йæ дуæрттæ. Уазджытæ азылдысты æмæ сæхи цæстæй федтой ног цалцæггонд хатæнтæ. Олег Говорун цымыдис кодта куыстыты гъæдмæ æмæ йæ фарстытæн æмбæлон дзуапп райсгæйæ, разыйæ баззад аразджыты куыстæй.
Ленингойрæгтæ сæ цинæйдзаг бæрæгбон адарддæр кодтой ногарæзт культурæйы хæдзары. Ныхасы рацыд Культурæйы хæдзары кусæг æмæ ноджыдæр банысан кодта, ацы хæдзар сын кæй у стыр лæвар æмæ ленингойрæгты номæй стыр бузныг загъта РХИ-йы Президент Тыбылты Леонидæн, Уæрæсейы разамынадæн æмæ аразджытæн ахæм лæвары тыххæй. Банысан кодта, уый кæй у нæ фæсивæды, рæзгæ фæлтæры размæцы-дæн стыр æххуыс. Махæн, зæгъгæ, ныр фадат фæзындис алы рæттæй сфæлдыстадон коллективтæ райсынæн æмæ сæ арæхстдзинад равдисынæн ленингой-рæгтæн. Стæй ныхасы бар радта Тыбылты Леонидæн:

— Æхсызгон мын у, ахæм рæсугъд Культурæйы хæдзары сырæзтæй бирæ кæй фенцондæр уыдзæнис ленингойрæгтæн. Сæ рæстæг культурон æгъдауæй кæм æрвитой, уый сын кæй фæзынд. Махæй рох не сты Ленингоры цæрæг адæм æмæ дарддæр дæр архайдзыстæм сæ цард сын рæсугъддæр æмæ æнцондæр кæныныл. Æмæ мæ фæнды, уæ цæсгæмттыл абон цы мидбылхудт ис, уый алы бон дæр афтæ куыд уа. Мах ноджыдæр архайдзыстæм Ленингоры районмæ фылдæр хъусдард аздахыныл. Нæ республикæйы разамынадæн дæр æдзух мæ фæдзæхст у, цæмæй сæ хъус дарой адæмы цардмæ æмæ æххæст цæуой сæ домæнтæ.

Уый фæстæ республикæйы Президент мадзалмæ æрбацæуджытæн радзырдта УФ-йы Президент Владимир Путинимæ йæ фембæлды тыххæй. Дард-дæр дæр сæм кæй дардзæнис йе ’ххуысы къух, цæмæй нæ адæмы цард хуыздæрæй-хуыздæр кæна æмæ сабыр арвы бын амондджын цард кæной. Ноджыдæр стыр бузныг Уæрæсейæн. Не ’хсæн цы бадзырдтыл æрфыстæуыд къухтæ, уыдон сæ тыхы бацыдысты. Хъахъхъæд цæуы нæ адæмы æдасдзинад, фылдæр кæндзысты сæ куыстмыздтæ, сæ пенситæ. Иу-дзырдæй, архайæм нæ адæмы цард фæ-хуыздæр æмæ рæсугъддæр кæныныл. Ахæм фадæттæ та нæ адæмæн аразы æфсымæрон Уæрæсе. Дарддæр Президент æрдзырдта Ленингормæ уый кæй æрвитдзæнис сæрмагонд адæймæгты командировкæйы, цæмæй лæмбынæг зонгæ кæнæм адæмы проблемæтимæ æмæ сæ цадæггай скъуыддзаг кæной иумæ. Зонæм, æмбарæм, бирæ фарстатæ кæй лæууы нæ разы æмæ иумæ архайдзыс-тæм сæ аиуварс кæныныл.

Говорун ноджыдæр арфæ ракодта ленингойрæгтæн, цæмæй хæст макуыуал феной æмæ дарддæр дæр кæй архайдзысты, ахсджиаг нысаниуæг кæмæн ис, ахæм гъæдджын объекттæ аразыныл.

Цытджын мадзалы ма раныхас кодта Культурæйы хæдзары кусæг Уалыты Зоя дæр.

Йæ раныхасы уый банысан кодта, зæгъгæ, бирæ куыст æрцыдис нæ республикæйы фæстаг цыппар азы дæргъы. Уыцы нымæцы Ленингоры дæр. Уымæ гæсгæ стыр бузныджы ныхæстæ загъта Президентæн, йæ ныхасы хицау кæй разындис æмæ сын ахæм цæстуарзон лæвар кæй бакодта, уый тыххæй.

Бæрæгбоны цытæн ам сæ арæхстдзинад сценæйыл равдыстой Паддзахадон зард æмæ кафты ансамбль «Симд» æмæ Цхинвалы районы культурæйы хайады ансамбль «Амонд».

Ардыгæй Тыбылты Леонид æмæ Олег Говорун се ’мбæлццæттимæ бацыдысты поселочы интернатмæ. Ам цæрынц æмæ ахуыр кæнынц сидзæр сывæллæттæ æрмæстдæр Ленингоры районæй нæ, фæлæ республикæйы æндæр рæттæй дæр. Йæ бæстыхай æрцыд капиталон цалцæг, зынгæ фæхуыздæр сты ахуыр-хъомыладон куысты уавæртæ дæр.

Олег Говорун азылдис æппæт хатæнтыл дæр. Уый цымыдис кодта, цал сывæллоны дзы уæвы, уыдонмæ, стæй ба-кæнгæ куыстыты гъæдмæ дæр, афтæ ма, цы цухдзинæдтæ дзы уыдис, уыдон куыд иуварс цыдысты, уымæ.

Дарддæр уазджытæ азылдысты æмæ бабæрæг кодтой, поселочы Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ хаст чи æрцыдысты, уыцы объекттæ — сывæллæтты цæхæрадон, скъола æмæ базары арæзтад. Олег Говорун цымыдис кодта арæзтадон куыстыты цыдмæ, ныхас кодта аразджытимæ. Йæ фæдзæхст сын уыд, цæмæй хъусдард здахой куыстыты гъæдмæ.

Уырдыгæй уазджытæ раздæхтысты нæ республикæйы сæйраг горæтмæ æмæ ам та бацыдысты æмæ федтой драмтеатры арæзтад куыд цæуы, уый.

Драмтеатры арæзтады ныртæккæ кусынц 110 кусæджы. Объекты ныртæккæ æххæст кæнынц æмбæрзæн куыстытæ, æвæрынц вентиляцион системæ, уадзынц электрохæххытæ, кæнынц сæрдæн куыстытæ. Эксплуатацимæ лæвæрд куы æрцæуа, уæд аразджыты ныхæстæм гæсгæ уыдзæн Цæгат Кавказы рæсугъддæр культурон уагдæттæй сæ иу.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.