Горæт Цхинвалы администрацийы цæрæнуат дих кæныны фæдыл къамисы минæвæрттæ кæнынц æнæрынцой куыст. Уый тыххæй нын радзырдта Приватизаци, хыгъд æмæ цæрæнуат дих кæныны хайады сæргълæууæг, администрацийы цæрæнуат дих кæныны фæдыл къамисы сæрдар Джуссойты Уасил.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ горæты администрацийы цæрæнуат дих кæныны фæдыл къамис кæй сырæзт 2018 азы июны мæйы. Йе сконды сты Парламенты депутаттæ, барадхъахъхъæнæг органты, прокуратурæ, паддзахадон æдасдзинады комитеты, Ахуырад, Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ Юстицийы министрадты æмæ Паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы минæвæрттæ.

Къамисы уæнгты куыст, сæйраджыдæр, здæхт у, цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæныны нысанæн рады чи лæууы, уыдоны уавæртæ бабæрæг кæнын æмæ сын сæ куырдиæттæ сахуыр кæнынмæ.

Хаттгай бирæ рæстæг бахъæуы, цæмæй бæлвырд æрцæуа бæрæг бинонты уавæр, ома, цæрæнуаты хъуагдзинад æцæгæй æййафынц æви нæ. Уый тыххæй къамисы уæнгтæ бынаты бæрæг кæнынц царды уавæртæ æмæ æндæр ахæмтæ.

Куыд ма йæ банысан кодтам, афтæмæй не ’хсæн ис ахæм æмбæстæгтæ, кæцытæ исхæдзæрттæй рады лæууынц æмæ уымæй фæстæ кæнынц къамисы куыст дæр æмæ цæрæнуатæй æцæгæй хъуаг чи æййафы, уыдон уавæртæ дæр.

Джуссойты Уасил куыд банысан кодта, афтæмæй къамисы уæнгтæ æркæсынц, цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ цы æмбæстæгтæ æнхъæлмæ кæсынц, уыдон куырдиæттæм. Бæрæг куыст бакæныны фæстиуæгæн цæрæнуатæй хъуагыл цы бинонты нæ банымайынц, уыдоны рацух кæнынц номхыгъдтæй. Рацухгонд ма æрцæуынц ахæм амондджын бинонтæ, кæцытæ райсынц фатертæ æмæ афтæмæй рад къаддæр кæны. Хайады сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ цæрæнуат дих кæныны фæдыл къамис кусы уæхскуæзæй æмæ æнæрынцойæ. Къуыри æртæ боны æрæмбырд вæййынц æмæ æркæсынц, сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ рады цы æмбæстæгтæ ис, уыдон иумæйаг æмæ иннæ хатырон номхыгъдтæм. Уымæй дарддæр сын къамисы уæнгтæ бынаты бæрæг кæнынц сæ цæрæнуатон уавæртæ æмæ уый фæстæ ист æрцæуы æмбæлон уынаффæ — номхыгъдты йæ ныууадзын, æви йæ рацух кæныны тыххæй.

Джуссойты Уасилы ныхæстæм гæсгæ, радылæууæг бинонты уавæртæ ныртæккæ бæрæг цæуынц, чи цас рæстæг лæууы, ахæм фæткмæ гæсгæ.

Бирæ хатт вæййы, рады лæууæг бинонтæ фæнымайынц, цыма иууыл тыхстдæр уыдон сты цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæныны хъуыддаджы æмæ уал, фыццаджыдæр, къамис уыдоны фарстмæ хъуамæ йæ хъус æрдара. Фæлæ уый раст нæу, радылæууæг бинонты номхыгъдтыл кусынæй дарддæр ма къамис ахæмтимæ бакæны æмбарынгæнæн куыст дæр.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ бирæ хатт бæрæг бинонты æцæг уавæр рабæрæг кæныныл бахъæуы дæргъвæтин рæстæг, цæмæй къамисы уæнгтæ уынаффæ рахæссой сæ уавæры фæдыл. Уымæн æмæ бирæтæн, сæ цæрæн хæдзæрттæ сæхиуыл фыст нæ вæййынц, кæмæн республикæйæн æддейæ рабæрæг вæййы фатер æмæ æндæр ахæмтæ. Уымæ гæсгæ цæрæнуатон къамис сиды ахæм æмбæстæгтæм, цæмæй æмбарой, æцæгæй цæрæнуатæй хъуагдзинад чи æййафы, уыдон уавæр, цæмæй къамисы куыст дæр фæрогдæр уа æмæ рæстæгыл конд цæуа. Уымæн æмæ бирæ рæстæг ацæуы, бæрæг бинонты исады фæдыл æм-бæлон информаци æмбырд кæныныл.

Хорз уаид, ацы ахсджиаг хъуыддагмæ не ’мбæстæгтæ æмбæлон зондахаст æмæ хъусдард куы здахиккой. Уымæн æмæ бирæ бинонтæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц цæрæнуатмæ. Уыйхыгъд, бирæтæн та ис æндæр зондахаст æмæ исхæдзарæй тырнынц ноджы иу цæрæнуат паддзахады хардзæй самал кæнынмæ.

Нæ зæрдыл хъуамæ дарæм, Уæрæсейы Федерациимæ нæ республикæйы социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл инвестицион программæ дæр цæрæнбонтæм нæ архайдзæн æмæ алы фадыджы æндидзынадæн дæр кæрон уыдзæн, уæлдайдæр, ахæм вазыгджын рæстæджы — Стыр Уæрæсемæ алырдыгæй аныхъуырыны цæстæй куы кæсынц.

Хайад ма, цæрæнуат дих кæныны æмрæнхъ, кæны цæрæн хæдзæртты приватизаци æмæ хыгъд дæр.

Къæбулты Маринæ