Республикæйы актуалондæр проблемæтæй сæ иу раздæрау цæрæнуатон-коммуналон лæггæдты тыххæй фидинæгты æмбырд кæныны ныллæг æмвæзад. Кæд ма дæс азы размæ дæр цæрæуатон-коммуналон хæдзарады къабазы æххæст хъомысæй кусыныл дзырд дæр нæ цыд, уæд абон нæ царды æцæгдзинад фæивта. Фæстаг азты, зæгъæн ис, цард йæ гаччы кæй æрбадт, республиæйы сæйраг горæты цæрджытæ практикон æгъдауæй пайда кæнынц цæрæнуатон-коммуналон лæггæдты æппæт хуызтæй дæр, районты цæрджытæ та – бирæбæрцæй. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ бахардзгонд ресурсты тыххæй нæ фидын ницы хуызы ис банымайæн барадхалынадæй дарддæр, кæцыйы тыххæй æмбæстæгтæ хъуамæ хæссой бæрндзинад.

Коммуналон лæггæдты тыххæй хæсты фæдыл цахæм ситуаци сæвзæрыд абонмæ? Куыд тох кæнын хъæуы, чи сæ нæ фиды, уыдоны ныхмæ? Ацы æмæ æндæр фарстытæн дзуапп дæтты РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

– Мах нæхи нымайæм барадон паддзахадыл, кæцыйы хъуа-мæ закъон хъахъхъæд цæуа цардархайды æппæт къабæзты дæр. Уый хауы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады къабазмæ дæр. Фæлæ нæ æмбæстæгты иу хай цæмæдæр гæсгæ хъæуæгыл нæ нымайы, цы лæггæдтæй пайда кæны, уыдоны аргъ фидын. Ардыгæй цæуынц, фылдæрæй-фылдæр чи кæнынц, цæрджыты уыцы хæстæ æмæ афтæмæй фылдæр кæнынц, энергоресурстæ кæмæй исæм, уыдоны раз дæр нæ хæстæ. Уый та уæлдай уаргъ у паддзахадон бюджетæн, кæцыйæ мах бахъæуы цæрджыты бирæмилуанон хæстæ бафидын. Афтæмæй та уыцы æхцатæй спайдагæнæн уыдаид æндæр ахсджиаг хъуыддæгты, алыгъуызон социалон программæты.

Республикæйы разамынады бахæсмæ гæсгæ ивгъуыд азæн арæзт æрцыд аналитикон бæлвырдгæнæн, коммуналон лæггæдтæ куыд фыст цыдысты, уый фæдыл. Куыд рабæрæг, афтæмæй 2016 азы кæронмæ лæггæдты æппæт хуызтæй цæрджыты хæстæ уыдысты 150 милуан сомы. Уыцы хæстæн сæ бирæ фылдæр хай уыдысты газ æмæ электроэнергийæ. Уыдон сты стыр суммæтæ æмæ дарддæр афтæ гæнæн нал ис.

Кæд, иумæйагæй сисгæйæ, экономикон ситуаци фæхуыздæр ис, уæддæр æхсæнады психологийы ивындзинæдтæ цъусгай цæуынц. Адæм раздæрау агурынц амæлттæ, цæмæй сæ хæстæ ма бафидой, афтæмæй та хъуамæ агуриккой сæ бафидыны фадæттæ. Æмæ уый та уæд, тарифтæ куынæ фылдæр кæнынц.

– Эрик Георгийы фырт, уæвæг тарифтæ цас æмбæлон сты цæрджытæн?

– Цæмæй мæ ныхæстæ æнæбындур ма рауайой, уый тыххæй абарæм мæнæ ахæм нымæцтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, астæуккаг нымадæй сæ райсгæйæ. Уæрæсейы цæрæ-нуатон-коммуналон хæдзарадæн æмбæстæгты хæрдзты фидыны федералон стандарт у бинонты æппæт æфтиæгты 22 проценты. Цæгат Ирыстоны та у 21 проценты. Ацы нымæц Цхинвалы та у 6,69 проценты, районты, горæт Къуайсайæ дарддæр сты ноджы къаддæр. Ардыгæй ис логикон хатдзæг саразæн: нæ æмбæстæгтæн нæй бындур цæрæнуатон-коммуналон лæггæдты тыххæй нæ фидынæн.

– Уæдæ цæй аххос у фидинæгтæ æмбырд кæнын ахæм ныллæг æмвæзадыл кæй ис, уый?

– Фыццаджыдæр, ныллæг барадон культурæйы аххос… Кæй зæгъан æй хъæуы, сæ хæс-тæ цæсгомджынæй чи фидынц, уыдонмæ претензитæ нæй. Ис ахæм адæймæгтæ, кæцытæн сæ материалон фадæттæ сты  къуындæг, ахæмтæн хъæуы æххуыс кæнын. Фæлæ цъус не сты, нæ фидын хуыздæрыл чи нымайы – ахæм у сæ  хъуыдыкæнынад. Ахæмтæм ахасты исын хъæуы иууыл карздæр административон мадзæлттæ.

Претензитæ ис цæрæнуатон-коммуналон куыстуæттæн сæхимæ дæр хæсты фæдыл мониторингтæ уадзыны. Уыдон æдзух нæ кæнынц претензион-хъаст-бадæттæн куыст. Цæрджытæм ахастыты нæ пайда кæнынц разæнгардгæнæн мадзæлттæй. цæрæнуатон-коммуналон куыстуæттæ активон æмархайд нæ кæнынц организацитæ æмæ хи-цауиуæгады органтимæ æмæ уый дæр у цæрджыты стыр хæс-ты аххогæстæй сæ иу. Афтæ, аххосæгтæ бирæ сты æмæ сæ аиуварс кæныныл хъæуы кусын.

– Цахæм мадзæлттæ хъæуы райсын, цæмæй ситуаци фæхуыздæр уа?

– Бафыстыты культурæ хъæуы бæрзонддæр кæнын, ууыл цайдагъ хъæуы æппæт гæнæ-нуæвæн фæрæзтæй. Уымæй дарддæр ма бæстон куыст бакæнын хъæуы цæрджытимæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады куыстуæтты информацион æмархайды æмвæзад бæрзонддæр æмæ фидинæгтæ æмбырд кæныны системæ хуыздæр кæныны фæдыл. Ахс-джиаг у æрмæст бахардзгонд электроэнерги æмæ газ нымайын райдайын нæ, фæлæ æн-дæр бахардзгонд коммуналон ресурсты, сæрмагондæй бахардзгонд дон нымайын. Афтæ ма хъæуы хæсджынтимæ регулярон претензион куыст.

Ахсджиаг у, цæмæй адæм бамбарой сæ бæрндзинад æмæ зоной, æрмæст паддзахад кæй нæу хæсджын ауда йæ æмбæс-тæгты фæрныгадыл, фæлæ мах, цæрджытæ дæр хъуамæ йæ разы æххæст кæнæм нæ хæстæ.

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.