Адæймагæн æппæты сæйрагдæр у хæрзвадат уавæрты цæрын. Фарн æмæ бæркад дæр уымæй аразгæ сты. Уæлдайдæр та горæты царды, уынгтæ хæрзарæзт æмæ сыгъдæг куы уой, уæд адæймагæн йæ зæрдæ рухс вæййы æмæ йæм февзæры царды бæллицтæ.

Знон, 17-æм марты нысан цыд цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджыты профессионалон бæрæгбон. Ацы фадыджы кусджытæн, нæ горæты Сталины æмæ Мамсырайы фырты уынгтæ кæм иу кæнынц, уым æвæрд æрцыд цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады техникæйы равдыст.

Равдыстмæ æрбацыдысты РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид æмæ  нæ горæты иумиаг ахуырадон уагдæтты ахуыргæнинæгтæ.

Уыдонæн æвдыстой, алы техникон иуæгæн дæр йæ бон цы сæрмагонд операцитæ æххæст кæнын у, уыдæттæ.

Горæты администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады сæргълæууæг Тыбылты Геннади куыд загъта, афтæмæй «Равдыстмæ сабитæ æрбахоныны нысан у, цæмæй сæхи цæстæй феной техникæ. Зоной æмæ сæхи цæстæй феной, цалынмæ райсом скъоламæ нæ рацæуынц, уæдмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ цы куыстытæ бакæнынц, горæты уынгты, уый. Мæнмæ афтæ кæсы, сабитæ сæхи цæстæй фенгæйæ, хуыздæр ауддзысты горæты сыгъдæгдзинадыл, æмæ сын аргъ кæндзысты сæ куыстæн».

Машинæты шофыртæй алчи дæр архайдта ахуырдзаутæн бацамонын, цы техникæйыл кусы, уый цы куыстытæ æххæст кæны, уыдæттæ. Скъоладзаутæй чидæртæ бафæлвæрдтой машинæтыл сбадынмæ дæр.

Президент арфæйы ныхæстæ загъта цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн. Уый фæстæ алкæуыл дæр сæрмагондæй азилгæйæ байхъуыста, сæ æрвылбонон куысты цы проблемæтыл æмбæлынц, уымæ æмæ цы хъæуы аразын хицауады æрдыгæй, цæмæй фæхуыздæр уой сæ куысты уавæртæ.

* * *

Коммуналон хæдзарады кусæджы боны цытæн ма киноконцертон зал «Чермен»-ы ауагъд æрцыд æмбырд. Хайад дзы райстой куыд горæты, афтæ районты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадты администрациты кусджытæ æмæ æхсæнады æндæр минæвæрттæ. Ардæм æрбацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид, Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Æлборты Алан æмæ æндæртæ.

Бæрæгбонон мадзал арфæйы ныхæстæй байгом кодта мадзаламонæг Хуриты Батрадз. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ацы фадыджы кусджыты архайд у арфæйаг æмæ алчидæр зоны, уæ куыст  куыд уæззау у, æмбæлут проблемæтыл дæр, фæлæ æппæт уыдæттæм æнæкæсгæйæ, сымах куысты руаджы бонæй-бон рæсугъддæр кæнынц нæ горæттæ æмæ районтæ, хæрзарæзт цæуынц уынгтæ, сквертæ æмæ æндæр ахæмтæ.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæн бæрæгбонон лæвары хуызы, РХИ-йы кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд» сæххæст кодтой кафт «Хонгæ».

Сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн сын арфæ ракодта нæ республикæйы Президент Тыбылты Леонид дæр:

– Уæ бæрæгбоны мæн фæнды зæрдиагæй арфæйы ныхæстæ зæгъын. Æз банысан кæндзы-нæн уый, æмæ ацы бон Ирыстоны нæ нысан кодтам. Фæлæ загътам, зæгъгæ, махæй рох мачи хъуамæ уа. Уæлдайдæр – сымах, уымæн æмæ сымах кусут райсомæй изæрмæ, бирæ хатт та – æнæхъæн суткæ дæр. Уæ куыстæй сымах сыгъдæг дарут нæ республикæйы, рæсугъд нын кæнут нæ цард. Уæ хорз куысты тыххæй æмæ уæ ахасты тыххæй мах фæнды сымахæн бузныг зæгъын. Уæ бæрæгбоны мæн бафæнддзæнис, цæмæй сымах уат кæддæриддæр æнæниз, уæ хæдзæрттæ уой хорздзинæдтæй йедзаг, уæ кæстæртæ та  цæрой сабыр арвы бын.

Абон нæ Хуссар Ирыстоны цард размæ куыд цæуы, уый нын куыд никуы фæкъуылымпы уа, ахæм амонд нæ уæнт! Уый та нæхицæй аразгæ у æмæ ахæм зондыл лæуд нæ адæм кæддæриддæр уæнт. Нæ республикæйы иумæйаг хуыз æмæ сыгъдæгдзинад та сымахæй кæнгæ у, уыцы хъуыддаджы та уæ хайбавæрд егъау у, цæмæй уæ куыст ноджы бæрзонддæр æмвæзадыл уа, уый тыххæй та хъæуы, сæйраджыдæр, æнæниздзинад, тых æмæ хъару, æмæ сæ кæддæриддæр хайджын ут!

Банысан ма кæндзынæн уый, æмæ сымах уæ куыст кæнут боныгъæдмæ нæ кæсгæйæ, æмæ уын кæд мах, нæ республикæйы къухдариуæггæнджытæ цас æмбæлы, уыйас лæггад нæ кæнæм, уæддæр æз, куыд нæ республикæйы сæргълæууæг, алы хатт дæр архайын, цæмæй нæ адæмы уавæртæ хуыздæрæй хуыздæр кæной. Æз алы хатт дæр бацымыдис кæнын æмæ бафæрсын уæ министры уæ куысты уавæртæй, мызд афоныл райсут æмæ æндæр ахæмтæй.

Нæ республикæйы Президент цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæн ныфс бавæрдта, тагъд рæстæджы сæ мыздтæ 10-15 проценты онг кæй фæфылдæр уыдзысты.

Ноджы ма сын ныфс бавæрдта, цæмæй сæ куысты уавæртæ хуыздæр уой, уый тыххæй сын 2018-2019 азты Инвестпрограммæйы фæлгæтты техникæ кæй балхæндзысты.

Фембæлды рæстæджы ма нæ республикæйы Президент Тыбылты Леонид æрдзырдта ноджы бирæ æндæр фарстатыл.

Ацы фадыджы кусджытæй бирæтæ хорзæхджын æрцыдысты паддзахадон хорзæхтæй. Арфæйы ныхæстимæ сын хорзæхтæ радта Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик.

Бæрæгбонон мадзалы ма сæ хъуыдытæ æмæ арфæйы ныхæстæ загътой Арæзтад, архитек-турæ, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гæбæраты Вадим, паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал»-ы директор Зассеты Сергей, горæты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады сæйраг инженер Биазырты Валери æмæ æндæртæ.

Сæ бæрæгбон афтæ уæрæхæй нысан кæй æрцыдис, уый ацы фадыджы кусджытæн сæ зæр-дæты ныууагъта æхцондзинады тæлмæнтæ.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.