Нæ республикæйы Президент Тыбылты Леонид æрæджы кусæгон балцы уыд Цхинвалы районы Къостайыхъæуы æмæ фембæлд бынæттон цæрджытимæ. Президентимæ ма уыдысты районы администрацийы сæргълæууæг Плиты Алан, ахуырады хайады гæс Лолоты Барис æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ. Президентыл ирон æгъдаумæ гæсгæ фембæлдысты æртæ уæливых æмæ дзаггарзимæ. Фембæлды рæстæджы Тыбылты Леонид цæрджыты базонгæ кодта, республикæ размæ цы къахдзæфтæ акодта, æмбæстæгтæ æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон хæдзарады сæ къухты цахæм æнтыстытæ бафтыд, уыдоны тыххæй. Фæлæ нырма скъуыддзаггæнинаг фарстатæ дæр дзæвгар сты æмæ уыдоныл дæр куыстæуы. Рæхджы Хуссар Ирыстон æмæ УФ-йы ‘хсæн уагъд цæудзæн Æхсæнхицауадон рабадт æмæ хъуамæ фидар æрцæуа ног Инвестицион программæ. Уым сбæрæг уыдзысты, нæ республикæйы дарддæр цы куыстытæ бахъæудзæн сæххæст кæнын, уыдон. Уыцы программæ царды куы рауадзæм, уæд йæ куыст кæндзæн цалдæр азы æмæ нын адæмы фарстытæ аскъуыддзаг кæныны дæр дзæвгар бантысдзæн.

Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты цæрджытæ кæд ифтонг сты æрдзон газæй, уæддæр уымæй цух сты нæ хъæутæ æмæ уый æрбæстон уыдзæн æввахс азты, ома республикæ иууылдæр газификацигонд æрцæудзæн æх-хæстæй. Президент ма æрдзырдта æндæр ахсджиаг фарстытыл дæр. Уый фæстæ байхъуыста, цæрджыты иууыл тынгдæр цы тыхсын кæны, куыд сын уыдзæн царды сæххæстгæнæн. Къостайыхъæуы цæрджыты рагон бæллиц уыд нуазыны доны фарст. Хъаст бæргæ кодтой æмбæлон органтæм, фæлæ сын сæ рæстагон домæн ничи æххæст кодта. Æрмæст цалдæр азы размæ цæрджытæ сулæфыдысты, Зары хъæуæй нуазыны дон куы æруагътой, уæд. Хъыгагæн, уыцы циндзинад сын бирæ нæ ахаста, доны хахх сыхаг хъæуты цæрджытæ сæхирдæм кæй бауагътой, уый аххосæй. Уымæ гæсгæ, Къостайыхъæуы цæрджытæ та ис донæй баззадысты æнæ дон. Президент лæмбынæг байхъуыста цæрджыты фарстмæ æмæ ныфс бавæрдта, кæй рахицæн кæндзæн æхцайы фæрæзтæ доны æндæр хахх рауадзыны тыххæй. Фæлæ уæддæр цæрджытæ домынц, цæмæй сын сæ раздæры нуазыны доны хахх æрбæстон кæной. Не сты хуыздæр уавæры уынгтæ, æвзæр боныгъæдты дзы ахизæнтæ нал вæййы æмæ зындзинæдтæ æвзарынц æмбæстæгтæ. Ацы хъуыддаг æрбæстон кæнын та бахæс кодта районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадæн. Ахæм стыр хъæуы нæй сывæллæтты рæвдауæндон, уымæ гæсгæ ныййарджытæ сæ сабиты кæнынц горæты рæвдауæндæттæм, æмæ уый тыххæй Президент фæндон бахаста, цæмæй уал уый баконд æрцæуа астæуккаг скъолайы бæстыхайы иу хайы.

2008-æм азы августы хæсты рæстæджы тынг бахъыгдард ис цæрджыты цæрæн хæдзæртты иу хай. Раст у, аразгæ дæр дзы дзæвгар скодтой Стыр Уæрæсе æмæ нæ Хицауады аудындзинады æмæ æххуысы фæрцы. Фæлæ зæгъын хъæуы, нырма дзы ис, арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ цы хæдзæртты хъæудзæн, ахæмтæ дæр. Уыдонмæ та бавналдзысты, куыддæр ног Программæ райстæуа, афтæ.  Хъæуы ис бирæсывæллонджын бинонтæ, цæрынц къуындæг уавæрты. Цæмæй уыдон домæнтæ æххæст æрцæуой, уымæн дæр Президент радта æвæрццаг дзуапп. Ног программæ райсыны фæстæ республикæйы аразын райдайдзысты бирæфатерон цæрæн хæдзæрттæ æмæ уæд ацы хъæуы бинонты фарст дæр æрбæстон уыдзæн. Президент лæмбынæг байхъуыста цæрджыты  фарстытæм дæр. Къудухты Шамил загъта, 2008-æм азы августы хæст ын цы фыдбылызтæ æрхаста, уыдон тыххæй. Иууыл тынгдæр æфхæрд баййæфта йе мкъай Мамиты Зарæ, сæмбæлд ыл гуырдзиаг хотыхджынты нæмыг, æмæ цалынмæ цардæй нæ ахицæн, уæдмæ цалдæр азы уыд уатон рынчын. Хотыхджынты æфхæрдæй нæ аирвæзт Къудухы фырт йæхæдæг дæр. Йæ фырт та у рынчын, фæлæ йын инвалиды къорд нæй. Къудухы фырт бахатыд Президентмæ, цæмæй йын ацы хъуыддаджы баххуыс кæна. Лохты – Дзанайты Офелия та загъта, зæгъгæ, йæ цардæмбал Лохты Серги августы хæсты рæстæджы бахауд Гуырдзыстоны ахæстонмæ, раирвæзт ма цыдæр амæлттæй. Йæ фырттæ дыууæйæ сты рынчын, кæстæрæн амæйразмæ операци скодтой, фæлæ ма йæ ноджыдæр бахъæудзæн иу операци скæнын, æмæ æвæрæз бинонтæн уыцы фадат нæй. Президент ын баныфсæвæрдта, æхцайы фæрæзтæй йын кæй баххуыс кæндзæн, уымæй. Фембæлды ма раныхас кодтой æмæ сæ риссаг фарстытæ рæгъмæ рахастой Мæлдзыгаты Нанули, Джиоты Мурат, Джыгкайты Надя, Парламенты раздæры депутат Бæззаты Инал, Гоцъиты Суликъо æмæ æндæртæ.

Дыууæрдыгæй фарс дæр фембæлдæй баззадысты райгондæй.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.