ЦЫРДДЗАСТ УÆВЫН — ЦÆРЫНЫ ХОС

Мах арæх фæдис кæнæм æрдзы, дунейы скондыл æмæ уыдонимæ Дунескæнæджы стыр æрхъуыдыдзинадыл. Нæ чысыл Зæхх-тымбылæджы чъылдымыл цы мин-мин хуыз уæвæгойтæ ис, уыдонæй алкæмæн радта йæхи бынат, сарæзта йын уыцы бынаты цæрыны уавæртæ. Зæхх æгæр къуындæг кæй у æппæт уæвæгойтæн, уымæ гæсгæ алкæмæн йæ бынат арæнгонд нæу, мæнæ йæ адæм сæхиуыл куыд ныддихтæ кодтой æмæ арæнтыл хъахъхъæнджытæ куыд сæвæрдтой, афтæ. Бирæ хуыз уæвæгой-тæ цæрынц кæрæдзийы фарсмæ, кæд кæрæдзийы зæрдæмæ тынг нæ цæуынц, уæддæр. Æмæ кæд сæ бынат иу ранмæ æрхауы, уæддæр сæ царды уаг иугъуызон нæ вæййы.

Зæххыл удæгас уæвæгойтæ æгæр бирæ кæй сты, уымæ гæсгæ Дунескæнæг батыхст, цæмæй дзы бирæтæ цæрой ихы сæрыл, æнусон салд зæххыл æмæ змисджын тыгъд быдыры дæр. Уæдæ зæхх иууыл дзæнæты бæстæ кæм у æмæ иууылдæр хæринагæй йедзаг бынæтты кæм стымбыл уыдзысты. Зæххыл бирæ бынат кæй нæй, уымæ гæсгæ Дунескæнæг бирæ уæвæгойты уæлдæфы æрцауыгъта æмæ дзы ратæх-батæх кæнынц, тынг нæ хъыг дарынц, зæххыл чи рацу-бацу, ралæс-балæс, рагæпп-багæпп кæнынц, уыдоны. Æндæрты та зæххы бынмæ арвыста æмæ уым сæ царды бонтæ æрвитынц уымæлы, фæлæ уæддæр хъæстаг не сты. Алы уæвæгой дæр зæххыл уа, йæ быны, уæлдæфы æви доны — райгонд у йæ цардæй. Æрмæст сæ алчи дæр у цырддзаст, цæмæй йæ исчи ма рацахса, æрбамара æмæ ахæра, цæмæй йæхæдæг искæйы рацахса æмæ йæ ахæра…

ИСКÆЙЫ ХАЛДИХ

Æрдз дын радта дæхи бакаст, дæхи хуыз, дæхи фæлгонц. Уыцы бакаст, уыцы хуыз, фæлгонц, кæцыйы æндæрæн нал радта. У æрмæстдæр дæхи, æрмæстдæр дæу сныв кодта ахæмæй. Æмæ ма кæд искуы де ’нгæс ис, уæддæр дæ халдих никуы уыдзæнис. Мингай, милуангай, миллиардгай адæймæгты ’хсæн никуы никæимæ фæивддзаг уыдзынæ. Ахæм у нæ диссаджы æрдз. Зæххыл цас адæм фæцард, абон цас цæры, уыдонæй алчи дæр æрмæстдæр йæхи хуызæн уыд æмæ у. Цас адæм цæрдзæнис нырæй фæстæмæ зæххыл, уыдонæй дæр алчи æрмæстдæр йæхи хуызæн уыдзæнис.

Æмæ æрмæст бакастæй хицæн кæнæм? Хицæн кæнæм нæ хъуыдыкæнынадæй дæр. Кæд цыдæр хъуыддагмæ, фæзындмæ кæцыдæр адæймæгты къорды, æмæ, чизоны, æгас бæстæйы цæр-джыты ахаст иугъуызон вæййы, уæддæр кæмдæрты иугъуызон нæ хъуыды кæндзысты, уæлдайдæр та æндæр хъуыддæгтæм, фæзындтытæм ахасты. Куыд хъуыды кæнæм, уымæ гæсгæ вæййынц нæ архайдтытæ дæр.

Цæмæн афтæ хицæн кæнæм кæрæ-дзийæ? Цæмæн нæ дæтты æрдзфæлди-сæг ахæмæй? Ацы фарстæн дырыс дзуапп ничи ратдзæнис йæхицæй дарддæр, фæлæ нын уый та дзургæ ницы кæны. Æмæ кæд афтæ у, уæддæр махæй алкæмæн дæр бар ис агура йын йæхирдыгонау дзуапп. Мæн дæр фæнды уый фæдыл мæ хъуыды зæгъын. Æрдз мах бахызта иугъуызондзинадæй æмæ уымæй стыр балæггад кодта, кæй æмæ цы сфæлдыста, æппæт уыдонæн. Иугъуызондзинадæй бахызта æрмæст адæмы нæ, фæлæ иу мыггаг цæрæгойты, бæлæсты, зайæгойты дæр, кæд сæ хицæндзинæдтæ хатт тынг зын рахатæн вæййынц, уæддæр. Иугъуызон не сты, æгæрыстæмæй, хæрх чи сты, уыцы дуртæ дæр.

Адæймаг-фæлдисæгæн уый йæ къухты не ’фты. Цæмæй исты дзаума, мигæнæн бирæ бæрцæй рауадза, уый тыххæй йын сфæлдисы æрмæстдæр йæ хуызæг, стæй йæ джиппы ауадзы æмæ райдайы уадзын кæрæдзийы халдих дзаумæттæ. Цæвиттон, цæмæй цалдæр хуызы машинæ рауадзай, уый тыххæй алы хуызæн дæр хъæуы хицæн завод саразын. Æмæ аразынц, цæмæй нæ фæндæгтыл æрмæст иу хуыз машинæтæ ма цæуой. Уымæн æмæ сыл цас фылдæр хуыз машинæтæ цæуой, уыйас адæймаг стырдæр æхцондзинад исы. Зæгъгæ, машинæ аразын дæр æр-дзæн бабар кодтам, уæд уыдонæй дæр дыууæ иугъуызон нæ сарæзтаид. Нæ уарзы иугъуызондзинад æрдз æмæ дзы цымыдисон дæр уымæн у цард, алыгъуызæттæ кæй стæм нæ бакастæй дæр, нæ хъуыдыйы дæр æмæ нæ архайдæй дæр.

Æмæ кæд афтæ у, уæд иуты цæмæн фæфæнды æндæры фæлгонц райсын, хъуыды кæна, æндæр куыд хъуыды кæны афтæ, фæзма кæйдæр архайдтытæ. Цæ-виттон исын хъæуы искæмæй, фæлæ кæйдæр халдих суæвын, хи «æз» фесафын, уый — нæ! Æрдз афтæ нæ зæгъы.

Адæймаг! У, цахæм дæ, ахæм. Ма саф, цы дæ, уый. Уый æрдзæй ратгæ у. Дæхицæй искæйы халдих ма араз!

НЫМАЙÆНТÆ, НЫМАЙÆНТÆ…

Нæ нырыккон цард нымайæнтæй кæнгæ у. Раздæр ахæм нымайæнтæ уыдысты сæрмагонд фæлгæты телтыл конд къæбæлтæ. Уый-иу уыдис, йæ куыст нымайынимæ баст кæмæн уыд, уыдонæй алкæйы раз дæр. Алчи йыл нæ зыдта нымайын. Фæстæдæр фæзындысты электронымайæнтæ-калькулятортæ, кæцытæ адæймагæй бирæ рæвдздæр сты нымайынмæ. Нымайæнтæ ис нæ фатерты, нæ хæдзæртты дæр. Электроэнергийæ цы бахардз кæнæм, уый нын снымайы электроэнергинымайæн æмæ йын йæ аргъ уымæ гæсгæ бафидæм. Цы æрдзон газ бахардз кæнæм, уый фидæм, газнымайæн нын цы нымæц сæвдисы, уымæ гæсгæ. Нуазыны дон кæд мах нырма доннымайæнтæм гæсгæ нæ фидæм, уæддæр сæ бирæ рæтты уыдонмæ гæсгæ фидынц.

Бынтон диссаг та мобилон телефонтæ æмæ интернет фесты. Кæд электроэнерги, газ æмæ доннымайæнтæ дæ хæдзары æвæрд сты æмæ сæ зонæнтæм гæсгæ аргъ рæстæгыл нæ бафыстай, уæддæр сæ пайда кæндзынæ, цалынмæ дæ контролгæнджытæ не суынгæджы кæной, кæнæ та дын сæ бынтондæр нæ ахицæн кæной, уæдмæ, уæд мобилон телефон æмæ интернетæй пайда кæнгæйæ та ахæм цыдæртæ нæ атулдзысты. Развæлгъау сæ хъуамæ бауадзай æхца, стæй сæ пайда кæн. Куыд къаддæр кæнынц де ’хцатæ, уый дын зонын кæнынц. Æмæ та, зæгъгæ, фесты — сæ иу дæр æмæ иннæ дæр сæгълæуд скæнынц, домынц, цæмæй та сæ ногæй æхца бауадзай. Æмæ сæ бауадзæм. Æмæ та нымайæнтæ баиу вæййынц.

Ныхас алыгъуызон нымайæнтыл кæй æрхауд, уымæ гæсгæ æвзæры фарст: кæд æрымысдзысты ахæм нымайæн та, адæймагмæ адæймагдзинад цас ис, уый чи нымайа? Цæмæй алчи дæр йæ бынат зона, йæ риу мустучъийæ чи хойы, ахæм æппæлой уа, æви нымд, сæрныллæг, уæддæр.

ЦÆМÆЙ ХИЦÆН КÆНÆМ ÆМÆ ЦÆМÆЙ СТÆМ ÆМХУЫЗОН?

Алкæмæн дæр ис йæхи цард æмæ йыл цæуы æрмæстдæр йæхи бар. Уымæй хицæн кæнæм кæрæдзийæ. Æмхуызон та уымæй стæм, æмæ уыцы цард кæй фæвæййы, нæ бар кæуыл нæ цæуы, уыцы мæлæтыл.

НОГГУЫРДЫ ХЪÆРАХСТ… ЦÆРÆНБОНТÆМ

Райгуыры саби æмæ йæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр кæны, рухс дунейæн бамбарын кæны: уый æз дæн — æз райгуырдтæн, æз фæзындтæн уе ’хсæнмæ. О, алы саби дæр, райгуыргæйæ, ныхъхъæр кæны, йæхи ба-зонын кæны, фæлæ дзы алчи не ’рсабыр вæййы. Бирæтæ ма бирæ фæхъæр-хъыл-лист кæнынц. Се ’хсæн разынынц ахæмтæ дæр, цæрæнбонтæм сæ фæдис хъæр кæмæн не ‘рысысы, фæфæнды сæ, цæмæй сæм æдзух кæсой, сабиау сын табу кæной, сæ зæрдыл æдзух лæууой, цы чысыл фезмæлы, уый фæстиуæг сырх аи-кыл нымайой. Уый ма зоной, æмæ сæ хъæр-хъыллистæй æндæрты кæй хъыгдарынц.

ХИСТÆРЫ БÆРН КÆСТÆРЫ РАЗ

Кæстæр рæдийын зоны. Уартæ ма Къоста дæр загъта, зæгъгæ, лæппуйæ рæдиаг нæ вæййы æвзæр. О, фæлæ кæстæр иу рæдыд иннæйы фæдыл куы араза æмæ йын йæ ных бакъуырæг куы нæ уа, куы ничи йын бамбарын кæна йæ рæдыды æмæ йын йæхи рараст кæныны фæрæз куы нæ суа, уæд дзы цы рауайдзæн? Йæ рæдыд нымайын райдайдзæн раст ра-кæндыл æмæ ноджы стырдæр рæдыд саразынмæ баразæнгард уыдзæн. Ахæм рæдыдтытæ та йæ фæстагмæ æркæндзысты фыдракæндмæ.

Æрыгон фæлтæры хъуыддæгтæй мах, хистæр фæлтæр, хатт райгонд нæ вæййæм. Æмæ æрмæст мах нæ. Уартæ фыдæлтæй фæстæмæ афтæ у. Уымæн баззадысты адæмы ’хсæн ахæм ныхæстæ, зæгъгæ, «мах ныры фæсивæды хуызæн нæ уыдыстæм» (кæй зæгъын æй хъæуы, сæхи хуыздæрыл нымадтой), «ныры фæсивæд æндæргъуызон сты», «æгъдау нал зонынц» æмæ æндæртæ. Афтæ кæй фæхъуыды кæнынц, уымæн, æвæццæгæн, йæ сæйраг аххосаг рæстæг у. Цард, рæстæг алы рæстæджыты дæр размæ куыд цыд, афтæ йемæ хаста ивындзинæдтæ. Уыдоны æнцондæрæй истой æрыгон фæлтæр, зындæрæй та — хистæр фæлтæр, кæцыты фæндыд, цæмæй кæстæртæ цæрой, уыдон куыд цардысты, афтæ. Уый рæстæджы объективон фактор у æмæ йæ ныхмæ фæлæууæн нæй. Фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ, хистæр фæлтæр сæхицæй бæрндзинад никуы истой рæзгæ фæлтæры хъомыладæй. Раздæр ахуыргæнæн уагдæттæ кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ æрыгон лæппу, æрыгон чызг хъомылад истой, цы бирæ бинонты ’хсæн хъомыл кодтой, уым. Ацы хъуыддаджы сыл стыр æндæвдад уыд æхсæнады ’рдыгæй дæр.

Ныры дуг бынтон æндæр у. Фыццаджыдæр, фæивта бинонты сконд. Абон махæй иу стæмтæй дарддæр ничи раппæлдзæнис йæ бирæ бинонтæй. Раздæр кæд 4-5 сывæллонæй къаддæр хæдзары нæ хъомыл кодта, уæд ныр æртæ сывæллоны кæм ис, уый нымад цæуы бирæсывæллонджын бинонтыл. Фылдæр сты, 1-2 сывæллоны кæм ис, ахæм бинонтæ. Бирæ бинонты сывæллæттæ хъомыл кæнынц æнæ мад, кæнæ æнæ фыдæй, гъе та сын дыууæ дæр не сты. Царды уаг куыд фæивта, афтæ фæивтой хъомылады фæрæзтæ дæр. Йæ уæзы зынгæ хай рахаст æрцыд скъолатæм æмæ хъомылады ныййарæджы æмрæнхъ ахсджиаг фигурæ ссис ахуыргæнæг, кæцы ма йæ æфтауы ахуыры фæндагыл дæр.

Махæн æхсызгон вæййы, кæцыдæр кæстæр цавæрдæр хъуыддаджы куы басгуыхы. Сæрыстыр дзы вæййынц йæ ныййарджытæ, йæ ахуыргæнджытæ. Хъыг нын вæййы, йæ фарсмæ æндæр кæстæр фыдракæнд куы саразы æмæ йæ куы бафхæрынц закъонмæ гæсгæ. Уый бафхæрынц, фæлæ æнæфхæрд баззайынц, йæ рæзгæ бонты йе ’нцой чи нæ фæлæууыдысты, раст фæндагыл æй чи нæ ардыдтой, йæ хъысмæт ын чи ныггæлиртæ кодтой, уыдон. Уыдон та стæм мах, хистæр фæлтæр — ныййарæгæй, ахуыргæнæгæй, хионæй, æцæгæлонæй. Мах, хистæртæ, куы нæ рæдииккам кæстæрты раз, нæ хæс куыд æмбæлы, афтæ куы фидиккам сæ разы, уæд уыдон дæр нæ рæдииккой…

ГАЛДУДЖЫ КÆРОН

Æнусты дæргъы хæххон зæхкусæг лæгæн йе стыр ныфс йæ галтæ уыдысты. Йæ уæззау царды йæ уæззау куыстытæ уыдонæй кодта. Уыдон уыдысты йæ хæдзары, йæ бинонты дарæг. Йæхиау йæ галтæ дæр æнцой нæ зыдтой, хæлдысты сæ бæрзæйтæ, сæ тых ихсыд, фæлæ уæддæр куыстой. Уымæн æмæ кусинæгтæ бирæ уыд. Стæй алкæмæн кæм уыд йæ бон гал дарын æмæ ахæмты къух дæр аразын хъуыд. Æнæ галæй зæхкусæг лæгæн йæ къухтæ баст уыдысты. Ахæм уыд дуг. Цард галæй аразгæ уыд. Уымæн æм кодтой уæлдай зылд — хосы хуыздæр ын йæ разы æвæрдтой, йæ разы кæвдæсы-иу ын дзы фылдæр æрнадтой, кæд хæлцы хъуыддаджы бинонты скаст хъугмæ уыдис, уæддæр.

Ныр афтæ нал у. Галдуг йæ кæронмæ хæццæ кæны. Цалдæр дæсазы дæргъы гал йæ уæззау куыстæй цадæггай сæрибар кæны. Хъæууон лæг ма йæ стæм хатт баифтындзы гутоны. Галгутон зайы ивгъуыды, йæ бæсты фæзындысты, мæнæ мини-трактортæ кæй хонынц, уыдон æмæ адæм сæ хуымты уыдонæй кæнынц. Цъериты дæр бирæтæ уыгæрдæнтæй Виллистыл фæстейæ баст уæрдæттыл ласын райдыдтой. Уæдæ суг ласынæй дæр фервæзт гал. Алчи уæзласæн машинæтыл æндæр æмæ æндæр рæттæй æрласы суг. Афтæ æндæр куыстытæ дæр. Ныр гал бинонты ныфс, сæ дарæг нал у æмæ ма йын кæд йæхи дарынц, уæддæр кусыны тыххæй нæ, фæлæ йæ цæмæй ауæй кæной.

Мах стæм æвдисæнтæ, куыд цæуы галы бирææнусон дуг йæ кæронмæ, йæ арæн-мæ æмæ йын йæ бынат куыд ахсы алыгъуызон хъæууонхæдзарадон æмæ æндæр техникæ.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.