Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 160 азы  сæххæсты юбилейон бæрæгбон банысан кодтой  горæты централон библиотекæйы коллектив æмæ йæ чиныгкæсджытæ дæр.

Мадзал бацæуæн ныхасæй бакодта библиотекæйы директор Прокопенко Иринæ æмæ цыбыртæй радзырдта Къостайы цард æмæ архайды тыххæй.

Прокопенко куыд банысан кодта, афтæмæй Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бон нысаниуæгджын у ирон адæмæн. Уый уыд гени, стыр поэт æмæ диссаджы гоймаг. Йæ адæмы æгæрон бирæ уарзта æмæ сын сæ рисс, сæ мæгуыр цард æвдыста йæ уацмысты. Уый йæ уацмысты сидт йæ адæммæ, цæмæй кæрæдзи уарзой, кæрæдзимæ æнгом уой. Фысгæ дæр уымæн кодта, зæгъгæ, «Цæйут æфсымæртау, Раттæм нæ къухтæ Абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ».

Директор радзырдта, стыр поэты уацмыстæ дунейы адæмтæ кæй зонынц æмæ сын кæй кад кæнынц, уый тыххæй дæр.

«Къоста ирон литературон æвзаг бæрзонд сæ-вæрдта, систа йæ Пушкины, Гетейы, Шекспиры æвзæгты æмвæзадмæ. Йæ уацмыстæ  зындгонд сты дунейы адæмтæн дæр, тæлмацгонд æрцыдысты дунейы  108 æвзагмæ. Йæ уацмысты алчи дæр уыдта йæхи, йæ адæмы цард», – банысан кодта Прокопенко Иринæ. 

 Мадзалы раныхас кодтой библиотекæйы иннæ кусджытæ дæр. Хъотайты Маринæ радзырдта, Къоста хасты куы уыд, уæд цы уацмыстæ ныффыста, уыдæтты тыххæй æмæ  бакаст, поэтыл йæхæдæг цы æмдзæвгæ ныффыста, уый.

Къостайы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй ра-дзырдта Букуылты Маринæ дæр.

«Хетæгкаты Къоста тох кодта рæстдзинадыл,  йæ адæмы барты сæрыл. Йæ алы уацмысы дæр уый æвдыста йæ адæмы фидар удыхъæд, сæрибардзинадмæ, рухсмæ сæ тырнынад», – банысан кодта, уый.

Битарты Нелли та радзырдта Къостайы мады тыххæй.

Сланты Наташæйы ныхасы сæр та уыд, Къоста уырыссаг æвзагыл цы уацмыстæ ныффыста, уыдоны тыххæй. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй «Хетæгкаты Къоста æрмæст иронау нæ фыста, уый бирæ уацмыстæ ныффыста уырыссаг æвзагыл дæр. Йæ уацмыстæ мыхуыры цыдысты Цæгат Кавказы газетты фæрстыл».

Тедеты Эльзæ радзырдта, Къоста сывæл-лæтты тыххæй цы уацмыстæ ныффыста, уы-доны тыххæй, зæгъгæ, йæхæдæг сидзæрæй кæй схъомыл, уый сæраппонд сывæллæты тыххæй йæ уацмыстæ сты зæрдæмæхъаргæ. Уыимæ ма банысан  кодта, зæгъгæ, Къоста йæ уацмысты равдыста хæххон ирон адæмы æвадатдзинад, уæззау, хъизæмайраджы цард. Уый фæстæ эмоцитимæ бакаст Къостайы фыст æмдзæвгæ «Сидзæргæс».

Цымыдисон рауад Колыты Азæйы раныхас. Йæ ныхæстæм гæсгæ, 2008 азы 26 августы Колион уыд Дзæуджыхъæуы. Куы фехъуыста, Уæрæсейы Федераци нын нæ паддзахадон хæдбардзинад банымадтой, уæд бацыд Къостайы уæлмæрдмæ æмæ Къостамæ хъарæг кæн-гæйæ, дзырдта: «Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы, æмæ йæ фехъус, Къоста, ды цæмæ бæллыдтæ, уый ныл æрцыд – нæ хæдбардзинад нын Уæрæсе банымадтой. Ныр стæм хæдбар, сæрибар бæстæ».

Хъæцмæзты Ванда та радзырдта, Къоста  нывгæнæг дæр кæй уыд, уый тыххæй.

«Къоста бирæ курдиатты хицау кæй уыд,  ууыл дзурæг сты алыгъуызон фадгуыты йæ куыстытæ. Уый иуæмрæстæджы уыд поэт дæр, прозаик дæр, публицист дæр, драматург дæр, театралон архайæг дæр, нывгæнæг дæр. Александр Фадеев дæр æй уымæн рахуыдта ирон адæмы Леонардо да Винчи», – банысан кодта  Хъæцмæзты Вандæ.

Йæ рады Гуыззыдтаты Этери радзырдта Къостайы царды хабæртыл.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Къоста æрмæст поэт нæ уыд, фæлæ ма уыд æхсæнадон архайæг дæр. Уый хъахъхъæдта йæ адæмы интерестæ, тох кодта социалон æнæрастдзи-нады ныхмæ æмæ йæ уый тыххæй паддзахы хицауад нæ уарзтой. Уый тыххæй цалдæр хатты хасты дæр уымæн уыд», – банысан кодта Гуыззыдтаты чызг.

Къостайы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй раныхас кодтой Къæбысты Валентинæ æмæ Габодзе Маринæ дæр.

Сæ рады скъоладзаутæ дæр бакастысты, Хетæгкаты Къоста сывæлæтты тыххæй цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдонæй цалдæр.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.