Хъазиты Мелитоны монографи «ÆРВОН КОМУЛÆФТ»-ы тыххæй

  Ивгъуыд, ссæдзæм æнус, ирон литературæйæн бирæ хæрзты бацыд – дзæвгар зæрдæзæгъгæ фысджытæ нын балæвар кодта. Уыдонæй у Хъазиты Мелитон дæр. Нæ аив литературæйы стыр æвæрæнтыл фæстаг æртæ-цыппар азы цы литературæзонадон, публицистон уацтæ æмæ монографитæ ныммыхуыр кодта, уыдонæн бæлвырд фæд ис нæ ирон филологийы наукæйы рæзты.

Бирæ кæйдæрты дисы æфтауы, Хъазиты Мелитон фæстаг азты ирон литературæйы историмæ стыр æвæрæн цы чингуытæй бахаста, уыдоны бæрц. Æмæ уыцы дис æнæбындурон нæу. Æцæгдзинадæй дæр уæзгæ у Мелитоны фыдæбон: адæмон сфæлдыстады уацмысты цикл «Ирон хæзна» 4 чиныгæй (æмбисæндтæ, æлгъыстытæ, арфæтæ, уыци-уыцитæ), ног аивадон уацмыстæ, монографитæ, ахуыргæнæн чингуытæ. Уыдонимæ зонгæ у ирон чиныгкæсæг. Бирæтæ дзы рухс федтой уырыссаг æвзагыл дæр.

Ирон фольклорæй цы æрмæджы кой скодтам, уый ныридæгæн ссис къорд студентты дипломон куыстыты бындур, пайда дзы кæнынц ахуыргæндтæ сæ наукон куыстыты. Æмæ уый гыццыл хъуыддаг нæу.

Автор мидисджын монографитæ кæй цард æмæ сфæлдыстадыл ныффыста, уыдон сты: Хетæгкаты Къоста, Гæдиаты Секъа, Нигер, Гафез, Дзугаты Георги, Цæрукъаты Алыксандр, Мæргъиты Къоста, Джусойты Нафи, Ходы Камал, Æлборты Хадзы-Умар, Кокайты Тотрадз,  Джыккайты Шамил.

Махæн дæр нæ ныхас уыдзæн Хъазиты Мелитоны монографи «Æрвон комулæфтмæ»-йыл. Уый у ирон нырыккон литературæйы классик Джыккайты Шамилы сфæлдыстадыл. Æз æй бакастæн стыр æхсызгонæй. Уырны мæ, ахæм æхсызгондзинад æрхæс-дзæн  иннæ чиныгкæсджытæн дæр.

Аив литературæйы уацмысæн хъæугæ аргъ скæнын, наукон æгъдауæй йæ равзарын, литературæйы йын бæлвырд бынат ссарын æнцон хъуыддаг никуы уыд æмæ нæу. Уæдæ, литературон процессмæ хъуыдыгæнæг цæстæнгасæй æркæсын та ноджы зындæр у.

Уæрæх у, нырыккон аив литературæйы историйы йæ бынат чи ссардзæн, уыцы классикты сфæлдыстады   проблематикæ. Уæрæх æмæ арф сты, не ‘хсæнæй  2011 азы не знæгты фыдракæндæй  чи фæхъуыд, ирон адæмæн йæ алы дзырдæй дæр фарн чи хаста, уыцы фыссæг æмæ ахуыргонд Джыккайты Шамилы сфæлдыстадон бынтæ дæр. Уæрæх æмæ арф сфæлдыстадон бынтæ та хорз фадат аразынц поэт, прозаик, драматург, публицист æмæ литературæиртасæг Джыккайты Шамилы сфæлдыстад иртасджытæн.

Шамилы бирæ фæллæйттæ фаг иртæст нæма æрцыдысты. Мелитоны монографийы размæ дæр мыхуыры рацыд монографитæ: Гуæздæрты Азæ уырыссаг чиныгкæсæгæн фенын кодта поэты сфæлдыстады иу къабаз йæ чиныг «Поэзия Любви и Правды»-йæ, Безаты Фаризæ йæ монографи «Лæджы нысан – Сæрибар æмæ Кад»-ы равзæрста чиныджы сæргонды амынд концептты нывæфтыд Шамилы сфæлдыстады. Зæрдиагæй бакуыста йæ монографийыл Мелитон дæр, цæмæй Джыккайты Шамилы цард æмæ сфæлдыстадыл ныхас алывæрсæй рахæсса ирон чиныгкæсджытæм,  феххуыс  уа скъолаты ахуырдзаутæн æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæн.

Автор бæстон равзæрста Шамилы поэзи, йæ алы поэтикон æмбырдгонд дæр æмæ æрцыд ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ: «сты цæст æрæвæрын кæуыл æмбæлд æмæ æмбæлы, ахæм стыр хуын». Фæлæ уæддæр поэты фæстаг æмдзæвгæты æмбырдгонд «Намыс» нымайы æппæты стырдæр æмæ намыс-джындæр хуыныл. Мелитон тæхуды кæны, чи йæ нæма бакаст, уыдонмæ, «æргъомыдзаг цинтæ сын уыцы иу хаст кæй æркæндзæнис», уый тыххæй.

Сæрмагондæй æрдзурыны аккагыл монографийы автор нымайы Шамилы кадджытæ, йæ балладæтæ. Æмæ йæ хъуыды афтæ æмбарын кæны: «Поэты уацмыстæ иууыл тынгдæр сæхимæ чиныгкæсæджы æлвасынц,  æнусон темæтыл – Фыдыбæстæ, Сæрибар, Рæстдзинад, Намыс, Ном, Æфсарм, Уарзт æмæ Фидауцыл кæй цæуы дзырд, уымæй». Уымæй раст у монографийы автор: æнæ ацы æмбарынæдтæй  цардæн царды хуызæн уæвæн нæй, ацы æмбарынæдты алыварс сты йæ зæрдиагдæр зæгъинæгтæ дæр Шамилæн. Уымæн æвдисæн  поэты сфæлдыстад.

 Алывæрсыг у Шамилы сфæлдыстад, æмæ уый тыххæй дæр Мелитон зæгъы: «Шамил ахæм фыссæг уыдис æмæ, йæ къух цыфæнды жанрмæ фæкодтаид – лирикон æмдзæвгæ уыдаид æви эпикон, миниатюрæ æви нывафыст, балладæ æви поэмæ, прозæ æви публицистикæ, драмæ æви зонад… уайтагъд-иу цæхæр скалдта».

Ацы хъуыды нын бар дæтты хатдзæг скæнынæн: кæд цыфæнды зæрдиаг æмæ бæрнон куыст сты Шамилы тыххæй фыст чингуытæ, уæддæр (иронау зæгъыныл ыл бирæ фæхъуыды кодтон, фæлæ уырыссагау бæлвырддæр зæлы) «являются лишь легким прикосновением» Шамилы стыр курдиатмæ, уымæн æмæ æнæхæрд зæххау сты, йæ аивадон дунейы цы проблемæтæ снывæфтыд кодта, уыдон. Уырны мæ, сомбоны сæм æркæсдзысты нæ лингвисттæ, историктæ, аивад иртасджытæ.   

Шамил йæхæдæг Къостайы сфæлдыстадæн йæ цыбыр æмдзæвгæйы ахæм аргъ скодта: «Йæ бонæй уа, йæ бонæй уа Къоста! Адайы сæр дзæнхъа тæрхæгыл бадти. Хуыцау ын арвæй диссæгтæ дзырдта, Нæ поэт сæ йæ чиныджы фыста, ныр ын, кæсут, пехуымпарау цы кад ис?» Афтæ Шамил зæххон адæмы ‘хсæнæй зæдты бæрзæндмæ систа Къостайы, зæгъгæ, зæххон адæймаджы бон ахæм æнæмæлгæ уацмыстæ сфæлдисын нæ бауыдаид. Кæмдæр йæ æндæр раныхасы дæр Шамил «Ирон фæндыр»-ы тыххæй загъта: «Уæд махмæ дæр Евангели уыдис, æцæг йæ ном «Ирон фæндыр» хуындис».

Æнгæс хъуыдытæм æрцæуы адæймаг Джыккайты Шамилæн йæхи уацмыстæ кæсгæйæ дæр. Æвæццæгæн, уыцы тæлмæнтæй равзæрд Мелитоны монографийы ном дæр «Æрвон комулæфтимæ». 

«Фæлæ, æвæццæгæн, уæларвон комулæфт кæмæ хæццæ кæны, уыцы мæгуыр лæджы куывд дæр алы хатт уæлæрвтæм нæ хъуысы. Уæддæр, «Лæг кард лæджы хурхмæ кæм дары, Уым нæй лæмæгъ уæвæн лæгæн» («Фæстаг ныхас»). Æмæ поэт Джыккайты Шамил нæ адæм, нæ Фыдыбæстæйы тыххæй æппынæдзух фæдисы къахыл лæууыд.

Рæстæг йæ хъайтарты йæхæдæг фæ-дæтты. Шамил æрдзыкондæй рахаста, цæмæй тадаид æмæ руадаид рæстдзинад, йæ раттæг адæм æмæ йæ Фыдыбæстæйы цинæй», – зæгъы Мелитон.

Джыккайты Шамил йæхæдæг раст загъта, ирон фысджытæн цæргæ-цæрæнбонты сæ хъару равдисыны фадат кæй никуы вæййы, уый тыххæй.  Адæймаг  æппынæдзух  цы  хъуыддаджы сæргъы нæ лæууа, уым диссæгтæ куыд хъуамæ фæуа? Адæм ыл æвиппайды сæ цæст куыд хъуамæ æрæ-вæрой, зæгъгæ? «Ирон фысджытæ не ‘вæ-рæзæй, фылдæр хатт фердæхыны фыдæй æппынæдзух нæ къухтæм æмхасæнтæ фæкæнæм – хъуыддаг иу ран кæн, айк æндæр ран æфтау».

Фæлæ, нымæцæй чысыл уæвгæйæ, ирон адæмæн Дунейы Фарн цы бирæ курдиаттæ балæвар кодта,  уый тыххæй дзы хъаст кæнын тæригъæд хъуыддаг у. Хъуыдыйаг у, уыцы курдиаттæм адæмæн цы ахаст уыдис æмæ ис, уый. Фæрнджын адæм сæ хæрзты  цæсты гагуыйау фæхъахъхъæнынц, афтæ-мæй сæхæдæг дæр фæрæзынц уыдонимæ. Уымæй дунейы дзыллæты астæу фæдарынц бæрæг. «Джыккайты Шамил уыцы кадджынты нымæцы сæрыстырæй бадт. Иры кад æмæ намысы чиныг бæрзæндты хаста. Къæм абадын ыл нæ уагъта. Ноджы нын кувгæ дæр йæхæдæг кодта – рын, сонæй хызт куыд уæм; ирон лæджы рихийы кад нæ дæлфæдтæм куыд никуы æрæппарæм; нæ  кæстæртæн цæвиттойнаг куыд уæм…», – зæгъы Мелитон.

Мах ахастæн та тæрхонгæнæг фæуæд нæ истори…

Джусойты Нафи Мелитоны чингуытæй иуы тыххæй фыста: «Мæнæ цы чиныг бакастæн – «Поэты дуне», – уый фыст у зындгонд ирон поэт Ходы Камалы аивадон дунейы тыххæй. Фысгæ та йæ ныккодта æндæр ирон поэт æмæ  прозаик  Хъазиты Мелитон. Ацы чиныг ныффыста поэт поэты аивадон, поэты нывӕфтыд дунейыл. Есенины ныхас у: «Поэт поэтæн у хъонагъ». Мæнæн мæ зæрдæмæ цæуы поэтты хъонагъдзинад, науæд та хæлардзинад. Уый уымæн, æмæ    поэттæ хæларæй куы фæцæрынц, уæд  сын æнцондæр у сæ   уæззау уаргъ – сæ тохæмхиц хъысмæт – хæссын æмæ уромын».

    Фæлæ ХХ æнусы райдиан Александр Блок та загъта: «Друг другу мы тайно враждебны» («Кæрæдзийæн сусæг ызнæгтæ…»).

Поэт поэты аивадон дунейыл цæстуарзонæй куы фæнывæнды йæ хъуыдытæ, уæд уый, кæй зæгъын æй хъæуы, стыр хорздзинад у. Æрмæст иумæйаг хæлар куысты ис фарн. Æмæ Мелитон дæр Шамилы сфæлдыстады аивадон дунейыл дзуры бæллиццаг зæрдæйы уагæй, дзырды хъомысмæ бæрнон цæстæй кæсгæйæ.

   «Мелитон йæхæдæг поэт кæм у, уым дзæбæх уыны поэтикон дунейы аивтæ, хорз арæхсы уыдон нæ цæсты раз æрæвæрынмæ,  уыцы дуне цы зæрдæйы уагæй цæры,   цы сагъæсты тымыгътæ æвзары, уыдон мах зæрдæмæ дæр ныдздзурынмæ. Æмæ ацы арæхстдзинадæй ратæдзгæ у чиныджы сæйраг хорздзинад», – зæгъы дарддæр Джусойты Нафи.

Æнæдызæрдыгæй ахæссæн ис, Нафийы ацы ныхæстæ, цы ног монографийыл дзурæм, уымæ дæр. Уымæн æмæ уый Мелитоны сæрмагонд æрмдзæф у, раст æй бацамыдта Нафи, æз та йæ Нафийæ хуыздæр нæ зæгъдзынæн.

Хъазиты Мелитоны ацы монографи, уæлдæр куыд загътам, афтæмæй   стыр æххуыс фæуыдзæн Джыккайты Шамилы цард æмæ сфæлдыстад скъолаты æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуырдзау фæсивæдæн. Уæдæ монографийы автор Шамилы тыххæй куыд зæрдиаг æмæ цæстуарзонæй дзуры, уый дæр бирæтæн у цæвиттойнаг.

Уырны мæ, нæ зындгонд фыссæг æмæ кады адæймаг Джыккайты Шамилы цард æмæ сфæлдыстадыл Хъазиты Мелитоны ацы монографи адæмы æхсæн куы апарахат уа, уæд кæй уыдзæнис йæ авторы, стæй ирон литературæиртасынады æнтыстыл дзурæг. Уымæн æмæ, композицион æгъдауæй дæр, зонадон авналæнтæй дæр у бæстон арæзт æмæ æлхæны чиныгкæсæджы зæрдæ. Фидарæй йæ нымайæн ис ирон литературæ-иртасæн наукæйы монографийы рæзтыл.

БЕЗАТЫ Фаризæ,

педагогон зонæдты   кандидат,

ЦИПУ-ы доцент

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.