Цæмæй хъæууон фæллойгæнæг хъæздыг тыллæг æркæна, уый тыххæй йæ байтыдтытæм хъуамæ хæццæ кæна донхæры дон. Хъыгагæн, уымæн дæр йæ архайдыл бандавы æхсæнадон-политикон уавæр. Афтæ уыд, гуырдзиаг-ирон хæст куы райдыдта, уæд дæр. Цъинагары зонæ йæ географион равæрдмæ гæсгæ ис гуырдзиаг хъæуты ‘хсæн. Советон рæстæджы сæм цы иумæйаг донхæры къанау цыд, уымæй пайда кодтой æмхуызонæй. Йæ рæстæджы йæ ирæттæ æмæ гуырдзиæгтæ лæгдыхæй иумæ сарæзтой, алчи дæр йæ хæсыл нымадта йæ территорийыл донхæры къанаумæ зилын, алы аз дæр æй сыгъдæг кодтой. Афтæ кæй уыд, уымæ гæсгæ иумæйаг æмæ хисæрмагонд хæдзарадты зæххытæ донæй æфсæст уыдысты.

Куыд зонæм, афтæмæй Цъинагары зонæйы цы хъæутæ ис – Гъдулет, Дзукъатыхъæу, Орчъосан æмæ Захъхъор, уыдон фæстаг азты цух уыдысты донхæры донæй. Гуры районы цæрджытæ сын æй кæй æрæхгæдтой, уый аххосæй. Кæддæры хъæздыг быдыртæ æмæ дыргъдæттæ бынтондæр æдзæллаг уагмæ æрхаудтой. Халсæрттæ дæр нал тыдтой цъинагайрæгтæ сæ сæрмагонд цæхæрадæтты. Сæндæттæ, дыргъдæттæ дæр бахус сты. Женевæйаг дискусситы арæх цыд ныхас ацы темæйыл. Ивгъуыд аз ацы фарст аскъуыддзаг кæныны сарæзтæуыд фыццаг къахдзæфтæ. Бадзырдмæ гæсгæ Цъинагары зонæйы хъæуы цæрджыты гуырдзиаг фарс хъуамæ сифтонг кодтаид донхæры донæй. Уый ныхмæ та ирон фарс хæсджын у, Арцеуы хъæуы астæу цы архы дон цæуы, уый ныссыгъдæг кæнын, цæмæй гуырдзиаг хъæутæ райсой донхæры дон.

Паддзахадон унитарон куыстуат «Мелиораци» ацы къуыри æрæвналдзæн ацы архы доны сыгъдæггæнæн куыстытæм. «Ныридæгæн уыцы куыстытæн хицæн æрцыд 2 милуан сомы æхцайы фæрæзтæ. Донхæры сезонмæ мах æппæт куыстытæ дæр фæуыдзыстæм, архы ныссыгъдæг кæндзыстæм, йæ былгæрæтты бæ-лæстæ æмæ къутæртæ дæр сцæгъддзыстæм, цæмæй дон æнæкъуылымпыйæ цæуа æмæ дзы ифтонг æрцæуой гуырдзиаг хъæуы цæрджытæ дæр», – зæгъы «Мелиораци»-йы сæргълæууæг Хуыгаты Вадим.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй ахæм куыстытæ бакæнынмæ хъавынц Чъехы донхæргæнæн къанауы дæр. Ацы донæй та иф-тонг цæуынц Тъбет, Цъунар æмæ Знауыры районы бирæ хъæуты цæрджытæ. Февралы мæйы «Мелиораци»-йы кусджытæ лæмбынæг куыст бакодтой, Присы хъæуы сæрты цы донхæры къанау цæуы, уым.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.