Туристтæ исын хорз у, фæлæ уыдон фæфæнды хæхтæм ацæуын. Уыдон цæмæй æдас уой, мацы фыдбылыз сæм æнхъæлмæ кæса, уый тыххæй æххæст хъæуы бæрæг амынддзинæдтæ. Фыццаджыдæр,  уыдон сæхи хъуамæ срегистраци кæной Уæлвæткон уавæрты министрады агурæн-ирвæзынгæнæн хайады, уым бæрæг амындтытæ хъуамæ райсой æдасдзинады фæдыл. Сæ балцы рæстæг цавæр боныгъæдмæ æрхауа, уымæ гæсгæ, стæй хъуамæ къордæй цалдæр сæ телефоны номыр-тæ ныууадзой ирвæзынгæнæг къордмæ. Хæхбæстæм цæуæн нæй иунæгæй. Хæххон марш-рутыл ацæуыны агъоммæ æмбæлттимæ хъуамæ зоной, туристтæй йæ туджы æлхъывдад кæмæн куыд у. Уыдонмæ æнæмæнг хъуамæ уа медицинон аптечкæ. «Кæд æмæ уæ тынг фæнды хæххон маршрутыл ацæуын, уæд бацагурут профессионалон гиды, цæмæй уын хæхты фе-нынæй дарддæр радзура, фæндагыл цæуыл-дæриддæр фембæлат, æппæт уыдоны тыххæй. Туристтæй разыны ахæмтæ дæр, кæцыты фæфæнды хæхтæм семæ сæ сывæллæтты дæр акæнын, фæлæ уый стыр бæрндзинад у. Цырын артытæ, физонджытæ æмæ нозтæн хæхбæстимæ иумæйагæй ницы ис. Уыдоны куы раздæхат, уæдмæ ныууадзут. Хатт хæхтыл боныгъæд фехæлы, февзæрдæр вæййы, уæд уæлæмæ цæуын нал хъæуы. Хъуамæ рацæуат дæлвæзмæ. Зæрдыл дарын хъæуы, иунæгæй лæууæг уымæл бæлас йæхимæ арвы цæф кæй здахы, уый. Хæхбæсты цæуын хъæуы зындгонд къахвæндæгтыл, æнæнхъæлæджы цаутæ агурын нæ хъæуы, уæлдайдæр та, сырдтимæ фембæлгæйæ. Фæлварын нæ хъæуы, къахвæндаг кæм нæй, уыцы бынæтты цæуыныл, цæмæй æнæзакъон цуанонтæ кæй сæвæрдтой хъæддаг сырдтæ ахсынæн, ахæм къæпхæныл ма бахауат. Уæлдай хъусдард здахын хъæуы уæ уæлæдарæсмæ дæр. Хъуамæ уæм æнæмæнг уа ивæн пысултæ. Ма фæлварут, суанг сæрды кæронмæ дæр чи фæлæууы, ахæм митджын бæрзæндтыл бырын, уæ нывтæ исын. Уæлдай тæссаг у митын хидтыл цæуын. Æнæискæй æххуысæй хизæн нæй дуртыл æмæ къæдзæхтыл. Тæссаг у фæбырынæй», – ахæм амынд-тытæ райсæн ис агурæн-ирвæзынгæнæн хайады.

Туризмы фæдыл йæ хъуыдытæ зæгъы не ‘мбæстаг Уалыты Алымбег дæр. Уымæ арæх бахатынц, цæмæй райса йæхимæ туристтæ, Ирыстоны æрдз сын равдиса. Мах дæр æм бахатыдыстæм, цæмæй зæгъа йæ хъуыдытæ.

«Туризмы рæзты фарст у тынг вазыгджын, хи-цауады æмвæзадыл скъуыддзаггæнгæ у. Мах-мæ кæд дзæвгар адæмы бафæнды æрцæуын, баулæфын, не ‘рдзимæ базонгæ кæнын, уæддæр нырма цæттæ не стæм уазджытæ райсынмæ. Турист балц кæныны размæ ахъуыды кæндзæн, цыма уыцы кæнæ æндæр бынæттæн йæ экологион уавæр цавæр у, зæгъгæ, нæ экологи махæн кæд нывыл у, уæддæр. Фæндаджы былтыл нæй, историон бынæттæ чи амона, ахæм нысæнттæ. Уый дæр цæлхдурау у! Туристы, фæндагыл цæугæйæ, хъуамæ бафæн-да, исты историон объект бабæрæг кæнын. Нæ æрдзон фæрæзтæй раст пайдагонд куы цæуа, уæд нæм канд бынæттон цæрджытæ нæ тырндзысты нæ туристон фæндæгтыл ацæуынмæ, фæлæ нæм æндæр регионты цæрджытæ дæр се ‘ргом раздахдзысты. Ирыстон зындгонд у йæ донæй, суæрттæй, сæ дзæбæхгæнæн  æууæлтæй сын спайда кæнынмæ Ирыстонмæ чи рабалц кæна, уымæн хъæуы туристон лæггæдтæ бакæнын. Не ‘рдзон дзæбæхгæнæн дæттæ – суæрттæ дæсгай азтæй фылдæр, афтæ зæгъæн ис, æмæ сидынц, фæдис кæнынц. «Мæнæ стæм, æнхъæлмæ кæсæм, æнæхъуаджы зæхмæ згъорæм, спайда нæ кæнут!». Ирон хæбизджын æмæ физонæджы тыххæй дард регионæй сæрмагондæй ничи рабалц уыдзæн, фæлæ йæ низтæй фервæзыны охыл æрцæудзæн. Гъе, æмæ сæм хъæуы базилын, бацæттæ сæ кæнын».

Йæ хъуыдытæ нын радзырдта раздæры турбазæ кусæг Санахъоты Валери дæр.

«Стыр проекттæ хъæуынц, хъуамæ тырнæм размæ, уæлдæр æмвæзадмæ. Цæмæн хъæуы æнхъæлмæ кæсын, абон саразæн кæмæн ис, уымæ соммæ. Фыццаджыдæр уал цæмæй турист æрцæуа нæ республикæмæ, уый тыххæй, арæны сæртыл хизгæйæ, æнхъæлмæ ма хъуамæ кæса сахатгæйтты. Турист æрцæуы Ирыстонмæ, цæмæй йын йе ‘рдз фена. Фæсвæд рæтты та нæй ахæм бынæттæ, цыран инфраструктурæ уа.

Раст у, хъуыддæгтæн иу бонмæ саразæн нæй. Ис ахæм цæлхдуртæ, æмæ сæ ссæдз азмæ дæр нæ аиуварс кæндзынæ. Советон рæстæджы-иу туристтæ арæх цыдысты канд Цхинвалмæ, фæлæ Дзаумæ дæр. Нæ турбазæ-иу суазæг кодта Уæрæсейы алы къуымтæй. Гуырдзыстон, Сомихстон æмæ æндæр республикæтæй æрбацæугæ туристты. Турбазæйæ-иу цыдысты алыгъуызон маршруттыл. Æз уыдæттæ мæхæдæг хъуыды кæнын. Уæ газеты арæх бафæрсын туризмы тыххæй æрмæджытæ, бæрæг у, Хицауадмæ дæр ис фæндтæ, фæлæ нырма хъуыддаг зæрдæйы  фæндиаг нæ цæуы размæ. Куыд нæ сын равдисдзыстæм нæ рæсугъд æрдз, нæ хæхтæ, нæ кæмттæ. Фæлæ фенддаг бынæттæм нæй рæстмæ фæндæгтæ…»

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.