Нæ цæрæнбонты цыфыддæр знæгтæ  ирон адæмæй рагæй фæстæмæ сæ удхæссæг кæй уынынц, нæ сæфтмæ кæй бæллынц, уый бæрæг у, абон уын цы  цауы тыххæй радзурынмæ хъавын, уымæй дæр. Ацы трагикон цау кæд 60 азæй фылдæры размæ æрцыд, уæддæр æй нæ рох кæны, уæд гуырдзыйы амæттаг чи ссис, уыцы æвзонг лæппуйы хо, нæ горæты Хъайтарты уынджы цæрæг Тедеты Фатимæ. Мæнæ нывы худгæбылæй цы æвзонг лæппуйы уынут, ууыл 20-аздзыдæй аныгуылд йæ хур гуырдзыйы аххосæй.

1932 азы бæркадджын фæззæджы Дзауы районы Хъорсеуы хъæуы цæрæг Тедеты Иосифы (Гопа) хæдзары фæзынд ноггуырд. Бинонтæн хуыцауы цæст бауарзта фырыхъулы хуызæн фырт. Ноггуырды авдæнбæттæнмæ æрбамбырд сты хиуæттæ, хъæубæстæ, фæцин ын кодтой йæ райгуырдыл æмæ йыл сæвæрдтой ном Гафар. Бирæ арфæйы ныхæстæ загъдæуыд ноггуырды адресыл, фæлæ йыл уыцы арфæтæй сæ сæйрагдæр, ома, цæрыны гуырд фæу, хъыгагæн, не ‘рцыд…

Тедеты Гафар рæзт коммæгæс кæстæрæй. Мæнæ куыд фæдзурынц, адæймаг æй йæ риуыл æгънæджы бæсты бахуыйынмæ хъавыд, ахæм диссаджы лæппу, дам, уыд. Азтæ куыд цыдысты, афтæ сомыгæнæн хъæбул ссис æрмæст йæ ныййарджытæн нæ, фæлæ æнæ-хъæн хъæубæстæн дæр. Хъорсеуы хъæуы цæрджытæ сæ кæстæртæн цæвиттонæн хастой Тедеты Иосиф æмæ Козаты Саучызджы тæхудиаджы хъæбул Гафары. Уыд тынг хиуылхæцгæ  æмæ æнахуыр хæларзæрдæ адæймаг. Йæ фæстаг комдзаг дæр æндæрæн никуы бахæлæг кодтаид. Иннæ ахæм уыд тынг курдиатджын æмæ æвзыгъд алы хъуыддагмæ дæр. Фыста æмдзæвгæтæ, кафынмæ та иууыл диссаг уыд. Хъорсеуы астазон скъолайы ахуыр кæнгæйæ, арæх цыд Цхинвалмæ йæ хæстæг Джиоты Зауырмæ. Уый куыста театры æмæ-иу Гафары арæх йемæ акодта уырдæм. Æвзонг лæппу стыр цымыдисæй каст артистты репетицитæм, сæ бацæттæгонд спектаклтæм. Базонгæ курдиатджын актер Джелдыты Андреимæ. Уый йын амыдта театралон аивады сусæгдзинæдтæ æмæ йæ хъæуы скъолайы ахуырдзаутæн арæх æвæрдта спектаклтæ æмæ сæ æвдыстой хъæубæсты цæрджытæн.

Уыцы рæстæджы Ирыстоны тынг популярон уыдысты бæхты дугътæ. Гафар хæрзчысылæй фæцайдагъ бæхыл бадын, саргъыл-иу зынгæ дæр нæ акодта, афтæмæй-иу цырд дугъæй уади йæ бæх. Йæ фыд Гопайæн йæхицæн бæх кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ-иу æм арæх йæ бæх авæрдта сæ сыхæгты лæг Тедеты Кимыш. Бæх-иу ахæм скъæрд кодта, æмæ-иу ыл цæст дæр нæ хæцыд. Уæд Хуссар Ирыстоны арæх уагътой бæхы дугъты ерыстæ æмæ-иу сæ Гафар дæр афтæ æвзонгæй хайад райста.

Уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны обкомы фыццаг секретарæй куыста Имнадзе æмæ уый дæр дардта бæх. Кæй зæгъын æй хъæуы, бæхмæ йæхæдæг нæ зылд, фæлæ йын уыд æххуырст адæймаг æмæ-иу уый райста хайад бæхты дугъты ерысты дæр. Иу ахæмы та уагъд цыдысты бæхты дугъты ерыстæ æмæ та Гафармæ радон хатт йæ бæх авæрдта Кимыш. Æмæ дзы фæуæлахиз лæппу. Фæлæ уæлахиз Обкомы фыццаг секретары бæхы барæджы цур хуымæтæджы хъæууон лæппуйæн куыд хъуамæ радтаиккой? Æмæ афтæмæй 17-аздзыд Гафар бацахста дыккаг бынат. Уый фæстæ та сын ерыстæ хъуамæ уыдаид Тбилисы æмæ барджытæ сæхи цæттæ кодтой уыцы ерыстæм. Тренировкæтæ кодтой Знауыры районы хъæуты, уыцы нымæцы Дидмухайы дæр.

Уæдмæ æрбалæууыд ерысты рæстæг дæр. Æрцыдысты Тбилисмæ æмæ æрцардысты уазæгдоны, бæхты дæр бабастой, цы бынат сын рахицæн кодтой, уым. Изæры æхсæвæр куы бахордтой, уæд баулæфыдысты. Фæлæ иу ахæмы Гафар йæхи æвзæр банкъардта æмæ хъæрзын райдыдта, лæппу срæсыд, тынг хуыфын райдыдта. Йæ фарсмæ хатæны уыд, стыр цин кæмæн уыд, иу ахæм уырыссаг æфсæддон æмæ йæм уый йæ хъæрзынмæ бауад æмæ йæ афтæмæй куы ауыдта, уæд фæдзурын кодта æмбæлон службæтæм. Гафары бæхæн та срыст йæ гуыбын, ныкъæдз ис, фæлæ уæддæр лæппу хайад райста ерысты æмæ бацахста æртыккаг бынат. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй лæппуйæн цыдæр хъæстæ ныккодтой хæринагыл æмæ бæхæн та йæ дыууæ хъусы фæстæ сарæзтой цахæм-дæр судзинтæ. Бæрæгæй зындысты судзинты фæдтæ, стæй сæ бынæтты бæхы хъуынтæ сурс сты. Бæргæ бамбæрстой гуырдзыйы хинмитæ, фæлæ кæдæм хъаст кæныс? Цæйнæфæлтау ирон лæппу Тбилисы уагъдцæуæг ерысты фыццаг бынат бацахстаид, фæлтау ын ахæм фыдмитæ фæкодтой «нæ хорзмæбæллæг» сыхæгтæ. Уыдонæн ирон лæг амарынæн æппындæр ницы  хъуыд.

Бæргæ йын уыд æнтыстытæ, æгæрыстæмæй, ирон æвзонг лæппуйы диссаджы фердæхтдзинады тыххæй фыстой журнал «Огонек»-ы дæр. Фæлæ Тбилисæй æрбацæугæйæ лæппу йæ сæрæн нал ссис… Йæ ныййарджытæ йæ фæракæн-бакæн кодтой алы рæттæм куыд сæ бон уыд, афтæ, фæлæ йын дохтырты бон дæр ницыуал бацис. Æмæ йыл, æртæ азы рынчын ахæссыны фæстæ, 1952 азы 19-æм августы йæ дуне баталынг. Амард æвзонг цæхæрцæст лæппу, 20 азы дæр ыл нæма сæххæст, афтæмæй. Бæргæ йæм  бирæ плæнттæ уыд, фæлæ йын нæ бантыст сæ сæххæст кæнын нæ цыфыддæр знæгты аххосæй. Нæ йын бантыст бинонтæ æркæнын дæр, кæд ын уарзон чызг уыд, уæддæр æмæ афтæмæй æвæстаг фæцис. Йæ фыд Гопа йæ хъæбулы мас-тæй нал ссæрæн æмæ йæ баййæфта цалдæр азмæ.

Банысан кæнын ма мæ фæнды уый дæр, æмæ йæ фыд та кæй бахаудта, 1920 азы  хуссайраг ирæтты гуырдзы куы фæсырдтой, уыцы трагикон цауты. Уый дæр æндæртау лидзинаг фæцис Цæгат Ирыстонмæ. Фæлæ йыл уым æрцыд уæззау трагеди. Йæ цардæмбал æмæ йæ чысыл лæппуйыл тиф бахæцыд æмæ дыууæ дæр амардысты. Фæстæмæ куы æрæздæхт, уæд сæ уæзæг æрæййæфтой сыгъдæй. Фæлæ се уонг нæ амард æмæ йе фсымæримæ ног хæдзар сарæзтой Хъорсеуы. Йæ трагедийæ æхсæз азы куы рацыд, уæд йæхицæн æркодта дыккаг цардæмбал Козаты Саучызджы æмæ сын рацыд æртæ хъæбулы – дыууæ лæппу æмæ иу чызг. Лæппутæй сæ иу уыд Гафар. Гуырдзыйы аххосæй йе ‘взонг уд куынæ аскъуыдаид, уæд чизоны абон дæр сæрæгас уыдаид, чизоны цы стыр лæггæдтæ бакодтаид йæ радтæг Ирыстонæн. Фæлæ гуырдзы, номхуындæй, Гафары хуызæн адæймæгты куынæг кодтой рагæй фæстæмæ…

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.