Нæ горæты Æвзонг техникты станц рагæй уæвынад кæны, йæ хæс у скъоладзау кæс-тæртæн æндæр æмæ æндæр дæсныйæдтæ бауарзын кæнын. Уыцы арфæйаг хъуыддаг коллективæн йæ къухты æфтгæ дæр кæны æмæ уый та дзурæг у, сæ хъуыддаджы дæснытæ кæй сты, стæй сæ зæрдиагæй кæй фæнды алы кæстæры дæр исты дæсныйадыл фæцайдагъ кæнын.

Станцы директор Къалаты Нариман йæ куыстмæ кæсы бæрндзинады цæстæй, архайы, цæмæй коллективы ‘хсæн куысты фæтк уа æмбæлон æгъдауыл æвæрд, алы хъомылгæнæг дæр суинаг кæстæрты цайдагъ кæна фылдæр зонындзинæдтæ райсынмæ. Къалайы фырт куыд радзырдта, уымæ гæсгæ станцы райсæн ис ахæм дæсныйæдтæ, куыд робототехникæ, хъæдыл нывæфтыдтæ кæнын, моделтæ аразын, хими, математикæйы предметтæ ахуыр кæнын, электротехникæ, медиа, архитектурæ æмæ дизайн, хъæддæсныйад æмæ æндæртæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ рæстæджы размæцыдимæ, ацы ахуыргæнæн уагдоны кæй байгом кæнынц ног къордтæ æмæ æппæт уыдæттæ фадат дæттынц рæзгæ фæлтæры æппæтфарсон рæзтæн.

Цæвиттон, сывæллæттæн сæ зæрдæмæ тынг цæуы робототехникæйы дæсныйад æмæ йæм цæугæ дæр кæнынц разæнгардæй. Сæ ахуыргæнæг Плиты Инал дзæвгар азты кусы æвзæнгтимæ æмæ сын зæрдиагæй амоны йæ зонындзинæдтæ. Æвзонг ахуыргæнæг у Дочиты Михаил, ис æм фаг зонындзинæдтæ æмæ сын уый та цæстуарзонæй амоны компьютеры сусæгдзинæдтæ. Ахæм æрыгон хъомылгæнæг у Ефименко Алан дæр, уый та у дизайнер æмæ йæ дæсныйадыл цайдагъ кæны къорды уæнгты. Директоры ныхæстæм гæсгæ, ахæм ахуыргæнджытыл нымад цæуынц Цхуырбаты Роланд, Къалаты Дианæ, Икъаты Светланæ æмæ æндæртæ дæр.

Хъæддæсныйыл кæм ахуыр кæнынц, ахæм къорд раздæр дæр уыдис ам æмæ дзы ахуыр кодтой 7,8 æмæ 9-æм кълæсты ахуыргæнинæгтæ. Ныр цы ног къорд  байгом, уый фадат дæтты 2,3 æмæ 4-æм кълæсты ахуырдзауты дæр ацы дæсныйадыл цайдагъ кæнынæн. Фарон ахуыры аз æм тынг разæнгардæй цыдысты, æххæст кодтой алыхуызон куыстытæ, хастой сæ сæ хæдзæрттæм æмæ сæ уынын кодтой сæ ныййарджытæн дæр. Ныййарджытæй разынд ахæмтæ, кæцытæн  сæхи дæр бафæндыд ам ахуыр кæной. Станцы директор сын разыйы дзуапп радта, уымæн æмæ сæхæдæг дæр ахуыр кæндзысты, стæй сæ алчи дæр йæ хъусдард здахдзæн йæ кæстæрмæ дæр.

Станцы кусджытæ æрмæст бынаты нæ кусынц сывæллæттимæ. Уыдон ма ацæуынц хъæууон скъолатæм дæр æмæ сын сæ ахуыргæнинæгты зонгæ кæнынц сæ архайдимæ, семæ ахæссынц сæ хуыздæр куыстыты дæр. Афтæ ма сын ауадзынц мастер-къластæ æмæ æрдзурынц дзаумæтты арæзтыл, сæ нысаниуæгыл. Афтæмæй хъæууон сывæллæттæ дæр фæфæлварынц ахæм мигæнæнтæ, дзаумæттæ аразыныл. Вæййы афтæ дæр æмæ сæ чидæртæ ахуыр кæнын райдайынц ацы ахуыргæнæндоны.

Æрыгон техникты станцы ахуыртæ райдайынц фæстæдæр. Фæлæ уæдмæ дæр æнцад нæ фæбадынц ахуыргæнджытæ, ног ахуыры азы райдианмæ фæкæнынц цæттæгæнæн куыстытæ. Стæй ма сæ сæйрагдæр хæс у фылдæр ахуыргæнинæгты сæхимæ æрбахонын. Уымæ гæсгæ æрæджы дæр, 5-æм сентябры станцы кæрты ауагътой гом дуæртты бон. Сывæллæттæн, ахуыргæнджытæ ауагътой мастер-къластæ. Донбассæй Цхинвалы скъолаты чи ахуыр кæны, уыцы ахуырдзаутæ дæр тынг цымыдис кæнынц дæсныйæдтыл фæцайдагъ уæвынмæ, сты тынг зæрдæргъæвд æмæ сын æнтысгæ дæр кæны.

Станцы коллективæн хорз бастдзинад ис Дзæуджыхъæуы æнгæс центр «Квантой»-имæ. Цы фарстатæ сæм сæвзæры куыст фæхуыздæр кæныны тыххæй, уыдоны фæдыл райсынц æмбæлон дзуаппытæ. Уыимæ ма сын æххуыс кæнынц æрмæджытæй дæр.

Станцы дирекци архайы, цæмæй ифтонг уой хъæуæг æрмæджытæй. Ахуырады министрад сын уыцы нысанæн æхцайы фæрæзтæ радих кæны æмæ балхæнынц, кусынæн сæ цы фæхъæуы, уыдæттæ. Ныридæгæн станц  цæттæ у ног ахуыры азы райдайынмæ æмæ рæхджы байгом кæндзæн йæ дуæрттæ.

Хуыбиаты Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.