Хорз хъуыддаг у, фæстаг азты нæ горæты æндæр æмæ æндæр рæтты сывæллæттæн арæзт кæй æрцыдысты спортивон фæзуæттæ æмæ сын фадат кæй фæцис сæ сæрибар рæстæг æмбæлонæй æрвитынæн. Ахæм спортивон фæзуæттæ бæрнон кусджыты хайадистæй куыд гом кодтой, уыдон æвдыстой телеуынынады æмæ, Коцойты Арсены уынджы 41 æмæ 43-æм цæрæн корпусты цæрджыты дæр бафæндыд, цæмæй сæм æввахс цы территори ис, уым саразын кæной ахæм спортивон фæзуат. Æмæ цалдæр хатты бахатыдысты горæты администрацимæ. Уый уыд æртæ азы размæ. Администрацийы «нæ» нæ загътой, сразы сты цæрджыты фæндоныл. Æрцыдысты æмæ йæ бынаты бабæрæг кодтой йæ кусджытæ, федта йæ горæты уæды мэр йæхæдæг дæр æмæ фæстæдæр фæзындис ам техникæ. Уæдмæ ам, ацы бынаты хицæн цæрджытæн уыдис чысыл хуымтæ æмæ-иу дзы æрзайын кодтой халсæрттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, æмбонд дæр сæ æркодтой. Фæлæ ахæм хорз хъуыддажы тыххæй, сæ сывæллæттæн хъазæн фæзуат арæзт æрцыдаид æмæ æхцондзинад истаиккой, уый йеддæмæ, уыдонæй иу дæр хуымты фехалыны тыххæй ныхмæ нæ фæлæууыд, кæд сын сæ æнæбафæрсгæйæ, æнæнхъæлæджы, тыллæг дæттыны афон тракторæй ныххафтой, уæддæр. Уадз, æмæ, зæгъгæ, нæ сабитæ ацы бынаты сæхицæн хъæлдзæгæй хъазой.

Фидæны спортивон фæзуаты бынат ныххафтой, уæдæ цы. Трактор йæ куыст бакодта æмæ ацыд. Фæлæ куыстытæ адарддæр кæныны тыххæй ардæм ничиуал цыд. Бонтæ цыдысты, фæцис сæрд, фæцис фæззæг дæр. Зымæгыл дзырд нæма цæуы, фæлæ та аразджытæ сæ къах уалдзæджы дæр не ‘рбавæрдтой. Сæрды фæзындис техникæ æрбаластой хуыр, алæгъз æй кодтой æмæ дзы уый фæстæ ныббетон кодтой, сывæллæтты хъазæнты аттракционтæн сæ иу хай. Иннæтæ та лæзæрынц цæрджытæй иуы гаражы.

Кæй сæвæрдтой, уыцы аттракционтыл хъазынц цæрджыты сывæллæттæ, фæлæ уæуу уыцы хъазт,  фæзуат афтæ æххæл-мæххæлтæ у, æмæ йæ зынæй схондзынæ фæзуат. Бæргæ æнхъæлмæ кастысты дарддæр йæ саразынмæ, фæлæ та кусджытæ «фесæфтысты», ивгъуыд аз, раст ацы афон. Фæлæ уæддæр æрдæгарæзт фæзуатмæ бацæуынц хъазынмæ сывæллæттæ, чи сæ уромы… фæлæ сæ йæ къах куы кæцы сывæллон скъуыры дуртыл, куы кæцы æмæ ахауынц, сæ къæхтæ ныппырх кæнынц æмæ æхцондзинад райсыны бæсты сæ хæдзæрттæм кæугæйæ ацæуынц. Иудзырдæй абон дæр æвæрд нæма æрцыдысты аттракционтæ кæронмæ, хæрзарæзт нæу йæ территори æмæ дарддæр дæр дойнаг дуртыл хъазынц сывæллæттæ. Афтæмæй рацыдис дыууæ азы бæрц. Æндæр рæтты куыд у, афтæ æмбонд дæр нæу. Фарстæуы, цымæ йæ æрвылаз дæр хайгай араздзысты? Æмæ кæд афтæ у, уæд ын райдайын афон бæргæ у…

Адæймаг ныфсæй цæры æмæ Коцойты Арсены уынджы 41 æмæ 43-æм хæдзары цæр-джыты дæр ныфс ис ацы аз уæддæр скъуыддзаг кæй æрцæудзæнис ацы фарст æмæ æппынфæстаг кæй сырæздзæнис ацы фæ-зуат æмæ дзы æдыхстæй кæй хъаздзысты сæ сабитæ.

Бестауты Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.