Ацы аз Инвестицион программæйы фæлгæтты нæ горæты арæзт æрцæудзысты 11 уынджы. Иннæ азтæм абаргæйæ, уынгтæ æмæ æндæр арæзтадтæм æрæвнæлдтой кусынмæ фыццаг кварталы. Рацæудзæн чысыл рæстæг æмæ та аразджытæ барухс кæндзысты сæ куыстæй цæрджыты зæрдæтæ. Æнæзæрдæхудт куыст чи кæны уый у, Фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты дæлбар организаци «Дорэкспострой». Уымæ лæвæрд цы уынгтæ æрцыдысты цалцæг кæнынмæ, уыдон алы хатт дæр эксплуатацимæ лæвæрд æрцæуынц графикмæ гæсгæ æмæ гъæдджынæй. Ис сæм алыгъуызон техникæ æмæ фаг кусæгдых. Кусджытæ дих æрцæуынц бригадæтыл æмæ сæ алчи æнæзæрдæхудтæй феххæст кæны, сæ разы цы хæстæ ис, уыдон. Æмгъуыдæй раздæр ахицæн кæныныц сæ куыстытæ. Æмæ та мæнæ ныр дæр Транскамы фæндаг, цæмæй æмбæлон уавæры уа, уый тыххæй æнæхъусдард нæ зайы ацы организацийы æрдыгæй. Ацы бонты фæндагæн Дзау-Рукъы фадыгмæ бавнæлдтой цалцæггæнæн куыстытæм. Асфальт скæныны агъоммæ уал дзыхъыты асфалтæй байдзаг кæнынц æмæ стæй бавналынц куысты дыккаг хаймæ. Кусджытæ дих сты дыууæ бригадæйыл, цæмæй тагъд темптæй цæуа куыст æмæ машинæтæ æнæкъуылымпыйæ цæуой.

«Фæндаг куыдфæнды гъæдджын арæзт ма цæуа, уæддæр рæстæгæйрæстæгмæ кæны хæлгæ. Æппынæдзух хъусдарды бын куынæ уа, уæд æдзæллаг уавæрмæ æрцæуы. Мах канд планмæ гæсгæ нæ кусæм, фæлæ нæ хъус дарæм æмæ фæндаг кæцыдæр бынæтты куы фехæлы, уæд сæм æвæстиатæй бавналæм цалцæгкæнынмæ. Ныртæккæ мæнæ ацы фæн-даджы арæзтадыл чи кусынц, уыдон дих сты дыууæ бригадæйыл. Сæ иутæ архайынц фæндггæрæтты донцæуæн къанаутæ аразыныл, аннæтæ та фæндаг кæм фехæлд, уым уæрмытæ сæмвæз кæнын æмæ йыл стæй уый фæстæ асфальт сæвæрыныл. Куыстытæ иууылдæр æввахс бонты сæххæст кæндзыстæм æмæ уый фæстæ нæ техникæ конд æрцæудзæн Къуайсайы фæндаджы арæзтадмæ», загъта «Дорэкспострой»-ы генералон директор Лалыты Мурат.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.