Микрорайон «Мæскуыйаг»-ы ацы бонты цыд фæндаг цалцæггæнæн куыстытæ. Куыстытыл архайдта «Дорэкспострой». Йæ сæргълæууæг Гæбæраты Алан куыд зæгъы, афтæмæй ацы районы ис, социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм уагдæттæ – скъола, сывæллæтты цæхæрадæттæ. «Канд фистæгæй цæуджытæ нæ, фæлæ ма тыхстысты шофыртæ дæр. Систам фæндаджы уæлцъар, дзыхъхъытæ байдзаг кодтам æмæ дзы ног асфальт авæрдтам. Æппæт куыстытæ бакодтам дыууæ боны æмгъуыдмæ».

Куыд зонæм, афтæмæй микрорайон «Мæскуыйаг» арæзт æрцыд УФ-йы æххуысæй 2008 азы. Уый уыд фыццаг къахдзæф нæ республикæйы арæзтадон-æндидзынгæнæн куыстытæн æмæ размæцыдæн. Æндидзыд бæргæ æрцыд микрорайон, йæ райдзаст хæдзæрттæ дæр уæрст æрцыдысты, æрцардысты дзы адæм, фæлæ цадæггай арæзтады рæстæджы цы къуыхцытæ æрцыд, уыдон рабæрæг сты. Уынгтæ уынгæг, дыууæ машинæ дзы фæрсæй-фæрсмæ тыхæй хизынц, цалдæр азмæ фæндæгтæ фехæлдысты, тротуартæ дæр – æдзæллаг уавæры. Иуæй-иу хæдзæртты раз къæвда рæстæджы цъыфы ахизæн нæ вæййы. «Кæй зæгъын æй хъæуы, райгонд стæм, ахæм коттеджтæ нæм лæварæй кæй æрхауд Уæрæсейы æххуысæй. Инвестицион программæйы фæлгæтты арæзтадон-æндидзынгæнæн куыстытæ кæй цæуы, ууыл дæр райæм. Фæлæ мах дæр æнхъæлмæ кæсæм, нæ микрорайоны рад кæд æрхæццæ уыдзæн, уымæ. Акæсут ма, нæ уынгты цæрджытæ куыд тыхсынц. Уæлдай тыхстдæр уавæры та зымæджы мæйты вæййæм. Нæ уынгты уавæры тыххæй куырдиæттæ иу æмæ дыууæ хатт нæ бахастам æмбæлон инстанцитæм, фæлæ абон дæр нæ хъуыддагæй ницы рауад», – зæгъы Уалыты Ангелинæ.

Иннæ цæрæг та афтæ зæгъы: «Мæскуыйаг районæн бирæ азты хицау кæй нæ уыд, уый тынг базиан кодта коммуникацитæ æмæ доны хæтæлтæн. Уынгтыл-иу мæйгæйтты дон лæдæрсыд æмæ фехæлдысты. Цæмæй горæтмæ сыгъдæгæй рахизай, уый тыххæй нæ бахъæуы кæнæ ивæн къахыдарæс, кæнæ та транспортыл ацæуын. Дон бакæлы хæдзæртты ныккæндтæм. Ныккæндæй дон сыгъдæг кæнынмæ та бахъæуы фæдзурын Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæм. Махæй алы хæдзары дæр ис скъолайы кæнæ скъолайы агъоммæйы кары сабитæ. Скъола æмæ сабидонмæ бахизæны асфальт сæвæрдтой, фæлæ цалынмæ сабитæ уырдæм сæфтынц, уæдмæ семæ чъизи бахæссынц. Уынгты цæрджытæ сæхи тыхтæй араст кæнынц уынг, æркалынц ыл хуыр, фæлæ та рæстæг ацæуы æмæ скæлы. Уый уымæн афтæ у, æмæ канализацийы хæтæлтæ куы фехæлынц, уæд къахт кæм æрцæуы, уый стæй бæстон арæзт нал скæнынц, горæты балансыл, дам, нæма стут æмæ та уынг змæстæй баззайы. Хуыр ыл арæх кæй калæм, уый дæр ыл æвзæрырдæм бандæвта, сбæрзонд æмæ къæвдайы дæттæ уымæн бакæлынц хæдзæртты ныккæндтæм. Мах æнхъæлмæ кæсæм, цæмæй нæ районы уынгтæ дæр капиталонæй цалцæг æрцæуой», – зæгъы Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы уынджы цæрæг Куымæридтаты Зинæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.