Газет «Хурзæрин»-ы номыртæй сæ иуы «Куыд æххæст цæуынц хицауады уынаффæтæ», зæгъгæ, ахæм уацы, фыстам нæ горæты цы 38 кооперативон бирæуæладзыгон хæдзæрттæ ис, уыдон цæрджытæ рагæй кæй домынц, цæмæй сæ йæхимæ айса Цхинвалы администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад. Уыцы фарсты фæдыл Хицауады æмбырд уыдис ацы аз 26-æм апрелы?

Редакцийы хæслæвæрдмæ гæсгæ азылдтæн æмæ мæхи цæстæй федтон кооперативон бирæуæладзыгон хæдзæртты уавæр. Иу дæр сæ бæллиццаг уагыл нæу, фæлæ се ’хсæн иууыл æдзæллагдæр у Нæузæххонты уынджы фыццæгæм корпус. Хæдзармæ бахизæнтæй, иууыл кæуинаг уавæры ис, астæуккаг подъезд. Бацæуæны дуар æй райдайгæ æмæ подъезды æнæавг рудзгуытæй фæугæйæ — зæрдæриссы хос! Ныккæнд донæй байдзаг, йæ æнуд тæф фындзы хуынчъытæ æхгæны.

Фыццаг уæладзыджы иунæгæй цæры Риммæ æмæ мын уый тынг æнкъардæй ракодта йæ хъæстытæ: «Ацы хæдзар цæрын 1979 азæй.. йæ райдианæй дæр аварионыл нымад цыд. Ныртæккæ мæ фатеры цы æвзæр тæф ис, уыимæ тох кæнын алы бон дæр. Ныккæндæй мæм кæлы ацы æвзæр тæф. Мæ рудзгуытæ сæрдæй-зымæгæй сты гом. Фæлæ æрмæст сымагæй нæ тыхсын. Фыр уымæл æмæ хъуынайæ хæдзары фыццаг уæладзгуыты фатертæм бацæуæн нæй. Сæрды къогъотæ æмæ дзынгатæй байдзаг вæййæм. Уый фæстæ та сæтæлджытæ æмæ уаллæттæй. Мыстытæй бынтон уынгæджы дæн, иууыл мæ къæхты бынмæ кæсгæ цæуын мæ фатеры, ма сыл фæлæууоны тасæй. Уазæг мæм рагæй нал цæуы, сæхи хизынц æвзæр тæфæй. Ам куы æрцардыстæм, уæдæй нырмæ хæдзар цалцæггонд никуы æрцыд. Уæхæдæг æй уынут — æрбахизæны дуар æмæ рудзгуытæ куыд дæрæн сты. Зымæджы мит мидæмæ фæуары. Бацæуæнтæ уымæл сты.

Нæхи хъарутæй бирæ тох кæнæм, фæлæ нæ бон нал у. Алыгъуызон бæрнон инстанцитæм нæ хъаст иу æмæ дыууæ хатты нæ бахастам, фæлæ фарст лыггонд нæ цæуы. Æрмæст сæ ныхас уый вæййы, зæгъгæ, кооперативон хæдзар стут, фиддонтæ нæ фидут».

Цæрджытæ куы федтой журналист сæм æрбацыд, уæд алчидæр бацархайдта йæ масты дзæкъул бакæнын. Бæстыхай куы сарæзтой, уæд рабæрæг йæ быны дон кæй ис, фæлæ цæрджытæ кооперативмæ цы æхцайы фæрæзтæ бахастой, уый раздахын сæ нал бафæндыд æмæ аразджытæ сæ арæзтад адарддæр кодтой. Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы хæдзар саразæг компани «Жилкомстрой» хъуамæ хæдзары фарстатæ дарддæр дæр лыг кодтаид. Ивинаг дзы цы уыд, уыдон афоныл хъуамæ ивтаиккой, цалцæг цы хъæуы, уыдон дæр афтæ. Бадзырды гæххæттытæ сæ къухы бæргæ сты цæрджытæн, фæлæ компани «Жилкомстрой» йæхæдæг рагæй дæр нал ис.

Ныккæндмæ ныххизæнтæ нæй æнæ цырыхъхъытæй. Фæлæ дзы ис донæмбырдгæнæн бактæ, уыдонæй сæрмагонд донæнцъирæн моторты фæрцы фатертæм цæуы дон. Бактæ цавæрдæр конструкциты фæрцы уæлиаугонд систой, цæмæй смаг доныл ма æндзæвой.

«Кæддæр æй горæты коммуналон хæдзарады хайады фæрцы сцъирын кодтам. Фæлæ та ногæй байдзаг вæййы. Хатгай ныггæндæй райхъуысы æнахуыр къæс-къæс. 5-æм уæладзыгыл цæрын, фæлæ бынæй цæуæг æнуд тæф, уырдæм дæр хæццæ кæны. Иу ныхасæй, мæнмæ нæ хæдзар тæссаг кæсы — цæрынæн. Нæ уынджы бæстыхæйттæй кæцыдæртæ сты кооперативон. Фæлæ уыдон бынтон ахæм æвзæр уавæры не сты. Нæ хæдзарæн йæ сарæзтæй райдайгæйæ алкæддæр ныккæнд донæй йедзаг кодта. Хæдзары куы æрцардыстæм, уæд фатерты хицæуттæй чидæртæ архайдтой сæхи хъарутæй уавæр фæхуыздæр кæныныл. Ныккæндмæ дон кæцæй хъарыд, уыцы хуынчъытæ дзаг кодтой арæзтадон бронæй. Горæты администрацийы нын нæ уавæр æмбарынц, фæлæ зæгъынц, зæгъгæ, фарст уæлдæр инстанциты лыг кæнинаг у. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, дам, уыйбæрц фæрæзтæ нæй, цæмæй нæ балансыл нæ уæвæг хæдзæртты егъау куыстытæ бакæнæм. О, фæлæ цалынмæ уæлдæр инстанциты бюрократтæ алыгъуызон æфсæндтæ кæной, уæдмæ цæрджыты уавæртæ тæссагæй-тæссагдæр кæнынц. Ныккæнд æппынæдзух хуылыдз кæй у, уымæ гæсгæ згъæлын райдыдта хæдзары бындур. Тæрсæм, куы ныккæла æмæ уынджы куы баззайæм. Президентон æвзæрстыты рæстæджы Нæузæххонты уынджы адæмимæ кандидаттæн уыдис фембæлдтæ æмæ-иу нæ бирæуæладзыгон хæдзары цæрджытæ æнæзæгъгæ нæ фесты сæ рысты тыххæй. Паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Алан дæр зонгæ у нæ хæдзары уавæримæ. Сæрмагондæй йын мæхæдæг йæ къухмæ радтон бирæ азты хицауадмæ цы куырдиæттæ фæфыстам ныккæнды æдзæллаг уавæры тыххæй, уыцы гæххæттытæ», — зæгъы Козаты Галинæ.

P. S. цæрджытæ цæттæ сты коммуналон лæггæдтæ фидынмæ, цæмæй сын горæты администраци мауал æфсон кæна, техникон лæггæдты тыххæй сæм хæрдзтæ кæй нæй. Науæд та хæдзар кæд эксперттон къамис кæлæтдзагыл банымайа, уæд разы сты æндæр цæрæнуæттæм ацæуыныл дæр.

Редакци ацы фарста исы сæрмагонд контролмæ. Иннæ уацы бацархайдзыстæм уæлдæр инстанцитæй комментари райсын.

УАЗÆГТЫ Марфæ