Коцойты Арсен уыд царды трагизмы нывгæнæг, йæ радзырдтæн куыд се ‘рмæг, афтæ сæ сюжетон арæзт æмæ сæ архайджыты хъысмæттæ дæр нывæст цæуынц трагедийы ахорæнтæй. Уыцы хъуыддаг, иуæй, цыдис, фыссæг цы цард æвдыста, уый æцæгдзинадæй, уый æхсæнад æмæ социалон уавæртæй, иннæмæй та, цыдис Арсены сфæлдыстады хиадæй.

Арсен лыстæг каст царды æгъдæуттæм æмæ фæзындтытæм, адæймаджы архайд æмæ йæ уды кондмæ. Уымæ гæсгæ йæ уацмысты æрмæг вæййы бæлвырд æмæ æцæгдзинад, йæ хъайтарты зæрдæйы уаг æвдыст фæцæуы парахатæй, реализмы фæрæзтæй, йæ фæлгонцты миниуджытæн сæ равзæрæн вæййы æхсæнадон уагæвæрдæй. Тугисыны æгъдау уыд æппæт адæмты царды дæр бæлвырд историон къæпхæнтыл. Уымæй æнусондæр та у маст исыны хъуыддаг. Фæлæ уыдæттæ Арсен æвдисы национ царды хуызты, йæ архайджыты хи сæрмагонд удыхъæдмæ гæсгæ.

Ирмæ фидис фыдбылызæн баззад. Уый тыххæй бирæ æвдисæнтæ ис нæ адæмон сфæлдыстады. «Фидис» схуыдта йæ фыццаг радзырд Коцойты Арсен дæр, фæстæдæр ыл ногæй бакуыста æмæ рацыд æндæр сæргондимæ — «Сæумæрайсом».

«Бафæллади, стыхсти Таймураз йæ цардæй. Нал рухс кæны йæ зæрдæ райсом раджы хуры фæзындмæ кæсгæйæ. Нал цин кæны дидинæгджын быдырты æмæ цъитиджын хæхты уындæй», – афтæ райдыдта радзырд «Сæумæрайсом». Ам бæлвырд уынæм дыууæ фарсы – дыууæ æнкъарæны: адæймаджы тыхст æмæ æрдзы фидауц, фыд æмæ хорз. Уыдонæн ис сæрмагонд нысаниуæг. Тохы бацæуынц дыууæ тыхы. Ам раргом вæййы фыссæджы æхсæнадон æмæ философон цæстæнгас. Æрдзы скондæй адæймаг тырны рухс æмæ рæсугъддзинадмæ, цард æмæ фарнмæ. Фæлæ йæ фæндагыл слæууынц талынг тыхтæ – тызмæг æгъдæуттæ æмæ сæ фæстиуджытæ: уды чъизидзинад æмæ хæрам. Уыцы фембæлд æркæны трагедимæ.

Таймуразы зæрдæйы цардмæ бæллын тох кæны хæрам æмæ мæлæтмæ тырнынимæ. Зæронд лæг рацæуы Ныхасмæ, адæмы æхсæн йæхи ирхæфсынмæ. Разы у йе знæгтимæ бафидауыныл дæр, кæд йæ уды æфхæры уыцы хъуыдыйæ, уæддæр. Фæлæ чъизи æмæ хæрам фæзынынц фидисы хуызы æмæ фехалынц, ныххурх кæнынц йæ гуырдзы, цард æмæ æрдз кæмæй сфидыдтаиккой, уыцы æнæнтыст фидыды.

Æрдзон æнкъарæн ссæст æрцыд къæхты бын. Бамынæг, Таймуразы зæрдæйы цы рухсы цъыртт сæвзæринаг уыд, уый. Уæдæй фæстæмæ зæронд лæджы уæлæмæ скаст нал суагътой фидис æмæ туг райсыны мондаг. Ам Арсен ныфсджынæй спайда кæны романтизмы мадзæлттæй, æмæ уыдон тыхджындæр кæнынц реалистон нывты эмоцион хъару. Æнæбон мæлдзой зæрондмæ фæзыны йæ мард фырты æндæрг, вæййы тугахуырст, карзæй фæдомы туг исын, хъары йæ тæригъæд: иннæ мæрдтæ мæ сæхимæ нæ уадзынц, зæгъгæ. Уыцы ныв та рахизы реалистон бæлвырд хуызтæм: «Хуыссы рынчынæй Таймураз. Асастысты йæ уæнгтæ, йæ хъару, асасти йæ зæрдæ, йæ цард ихсийы, цырагъау судзы». Мидисæйдзаг дзырдтæ æргом кæнынц, адæймаджы фыдракондмæ чи тæры, уыцы уавæр. Цы бакæндзæн ахæм тыхсаст зæронд? Фæзыны йæ иунæг бындар – фынддæсаздзыд Саукуыдз. Хæдзардарæг, сыгъдæгзæрдæ, нырма фæстæзад æгъдæутты маргæй йæ уд кæмæн нæ фæхъæстæ, уыцы цардбæллон лæппу куыствæлладæй æрлæууыд йæ фыды раз. Уый уыд зæронды æнхъæлцау æмæ йæ уындæй тар зæрдæмæ бакаст чысыл рухс.

Ам та хæрхæмбæлд фесты уыцы дыууæ тыхы. Тызмæг лæг йæ хъæбулы фæллад уындæй исдуг æрфæлмæн, «æндæр хъуыдытæ дæр ауади йæ сæры», æмæ рæстæгмæ не схъæр кодта æбуалгъ низы æфсон, схуыдта йæ тæфсæг. Ам цыма царды хъуыдытæ фæуæлахиз кæнынц мæлæты сагъæстыл. Фæлæ адæймаджы сыгъдæг æнкъарæнты бон, ныййарæджы зæрдæйы бон нæ баци сырддон æнкъарæнты сæрты ахизын. Лæг сфæнд кодта лæппуйы зæрдæйы «масты æнхъизæн баппарын». Туг исын æрхаудта зæронд æнæбон лæгæй цардбæллон сабимæ. Уый мидæг ис радзырды трагизмы сæйраг æууæл. Уый та ноджы арфдæр кæны мады уавæрæй. Тæрсы мад йæ иунæг хъæбулæн фыдбылызæй, катайы бахауд, иннæмæй та, тæригъæд кæны йæ мард лæппуйæн — мæрдтæ йæ сæхимæ нæ уадзынц, зæгъгæ. Мæнг уырнындзинады æххуысæй хæрам басаста мады уарзт дæр йæ хъæбулмæ. Лæппу туг исыны фæнд йæ зæрдæмæ айста, уæд мад скуывта: «Хуыцау, не сфæлдисæг, хъуыддæгтæ рæстмæ сараз!»

Саукуыдз бабадт йе ‘фсымæры марджыты раз. Уыд сæрдыгон райсом. Хуры скаст рухс æмæ цинтæ хаста дунейæн. «Хъæд иууылдæр байдзаг ис зард æмæ æхситтæй. Бирæ хæттыты уыди Саукуыдз хъæды, фæлæ йæм нырæй рæсугъддæр дуне никуы фæкасти». Уый хъуыста æрдзы хъæлæстæ, уыдта æрдзы фидауц, æмæ йæ дзыхæй сирвæзт фарны хъæлæс: «Цæй хорз у дунейы цард!». Уыцы рæсугъд нывтæ æмæ уæздан хъуыдыты уæлвæд æрцæудзæн æппæты æнаккагдæр ми – аскъуыйдзæн адæймаджы цард. Ам фыссæг чысыл аивадон фæрæзтæй æвдисы парахат хъуыдытæ. Иуæй, æрдзон фидауц ныхмæвæрд кæны фыдуынд хъуыддæгтæм, иннæмæй, бæрзонд исы йæ хъайтары удыконд. Царды ад æмæ æрдзы рæсугъд æмбарынæн, уæлдайдæр ахæм уавæры, хъæуы стыр удыхъæд. Æмæ Саукуыдз уæздан адæймаг кæй у, рæсугъддзинадмæ кæй тырны, афтæмæй йæ марын кæй бахъуыд, уыцы уавæрæй фыссæг карз тæрхон хæссы мæлинаг æгъдауæн. Лæппуйæн уыцы райсом «йæ зæрдæ афтæ рухс уыди, афтæ дзаг уыди цинæй, æмæ хъавыди мæргъты зардыл йæхи зард дæр бафтауын». Фæлæ æваст фестъæлфыд уæрдæтты хъæр æмæ адæймаджы дзурынмæ… Куыд æй айрох ис йæ цыды сæр!

Фехæлд уыцы хъуыдыйы фæстæ æрдзы æнцой. Цины райсом мæргъты зард раивтой адæмы хъарджытæ. Амардта Саукуыдз йæ туджджын Батырадзы дыууæ æфсымæры, йæхимæ йын нал фæцарæхст æмæ фæмард уый къухæй. Хъуыддаг ууыл нæ ахицæн. Батырадз балæбурдта Саукуыдзы хæдзармæ æмæ йын хуыссæны сæргæвста йæ рынчын фыд Таймуразы. Адæм базыдтой фидисы хабар æмæ загътой: «Хъуыддæгтæ аразæг Хуыцау у… Табу йæхицæн!»

Хуымæтæджы нæ фæци Арсен уыцы дзырдтæй æбуалгъы тугæйдзаг нывтæ. Уыцы ныхæстæй нæй æмбæхсæн фыдраконды аххосæгтæн, хæрамы æгъдæуттæн, дзæгъæлы сæ кæнынц Хуыцауы номæй, – ахæм у фыссæджы хъуыды. Тугисыны зианхæссæг æгъдæуттæ аивадон æгъдауæй ноджы арфдæр æвдыст цæуынц радзырд «Фынддæс азы» (1901). Ам хъайтарты архайд æмæ зæрдæйы уагæн социалон бындурæй уæлдай ис арф психологон ахаст, æмæ уый ирддæр кæны уацмысы трагизм.

Радзырды хъайтар Хъæвдын, йæхæдæг цыма йæхиуыл хъоды бакодта, уыйау ныууагъта йæ хæдзар, йæ хъæубæстæ. Æрбадт хибар ран, куыройы, æмæ дзы 15 азы арвыста йæ иунæджы бонтæй. Йæ митæ, йæ уавæр, йæ зæрдæйы хаттæй нын æрымысы романтизмы геройты. Сагъæстæ æмæ æнкъарæнты сусæг хъазт, æбæрæг монцтæ æмæ цыдæр тæссаг сусæгдзинад – уыдон æвдыст цæуынц романтизмы ахорæнтæй. Фæлæ æрдзон хуызы равзæрынц хæххон тызмæг царды æцæг нывтæй.

Чи у Хъæвдын æмæ цавæр сусæг фæнд хæссы йæ зæрдæйы? Уыд хъæубæсты æвзаргæдæр лæппутыл нымад. Уый хайджын уыд, ирон адæм лæгæн цы миниуджытæй аргъ кодтой, уыдонæй: хъазты фидауц, фæдисы раздзог, куысты фæллад чи нæ зыдта, æгъдауæй æмæ хъаруйæ æххæст чи уыди, ахæм у радзырды хъайтар йæ лæппуйы бонты. Суанг ыл йæ хæлæрттæ æмæ йæ бинонтæ сæ къух куы ауыгътой, уæддæр адæм цыдысты Хъæвдыны куыроймæ, уымæн æмæ йæ куыст уыди æнæзæрдæхудт. Афтæ зыны, цыма райгуырд æрмæст рæсугъд хъуыддæгтæн, æмæ йæ æгъдæуттæ ахæм ранмæ кæй æркодтой, уым ис трагедийы райдайæн.

Æвирхъау тызмæг уыдысты ирон лæджы этикон æмбарынæдтæ, намыс æмæ сыгъдæг номы нысæнттæ. Хъазты чызгимæ симгæйæ, хæдæфсарм лæппуйы æнæбары, чысыл æнарæхст змæлд сси фыдæхы суадон. Чызг тæргайæ ацыд хъазты астæуæй, æмæ уый стыр æфхæрдæн айстой йе ‘фсымæртæ. Æхсæвы бабадтысты Хъæвдыны размæ æмæ йын хистæр æфсымæр Годах хъамайы цæфæй йæ хъус ахауын кодта. Æрцыд фыдраконд. Туг тугæй æхсадæуы, –  хъуыды кодтой адæм æмæ архайдтой уымæ гæсгæ. Амарын æмæ искæй къухæй мард фæуын та иухуызон уыдысты, уымæн æмæ марæгæн дæр нæ уыд ирвæзæн туджджынты къухæй.

Адæм æнхъæлмæ кастысты, Хъæвдын йæ маст куыд исдзæн, уымæ. Зыдтой, æбуалгъ кæй уыдзæн, уый дæр. Фæлæ Хъæвдын æцæг цы сфæнд кодта, уый базонын никæй бон уыд. Лæппу хотыхæн равзæрста æнхъæлмæ кæсын. Æнæмæнг ис Хъæвдыны удыконды цыдæр граф Монте-Кристойы æууæлтæй. Йæ уаг нын æрымысы Пушкины хъайтар Сильвиойы («Выстрел»). Ныхъхъус и, ныссабыр рæстæгмæ, ницæмæ дары йæ хæлæрттæ, йæ мад æмæ йæ хоты уайдзæфтæ, нæ хъусы фидистæм, æмæ йыл алчи дæр йæ къух ауыгъта. Æгæр тæссаг у йæ сабыр ахаст, уый маст исынмæ куы раздæха, уæд нал зондзæн æфсис, Ахиллесы мастау.

Фыццаг радзырды фыдбылызтæ æрцыдысты сæумæрайсом, æрдзы фидауц йæ тæмæны куы вæййы, царды мондаг йæ тыхы куы бацæуы, уыцы афон. Дыккаджы дæр фыдбылызтæ райдыдтой райдзаст райсом. Æмæ уый хуымæтæджы нæу: сау хъуыддæгты сау цæсгом рухсы бæлвырддæр зыны. Æвæццæгæн, ацы дыууæ уацмысы хуызæн Арсен æрдзы нывтæй никуы спайда кодта. «Бæлæстæй æмæ къутæртæй мæргътæ зыланг зардæй цин кæнынц боны ралæудыл, хуры скастыл. Дард кæцæйдæр адæймаджы зарын дæр хъуысы. Куыд нæ зара адæймаг дæр, куыд нæ рухс кæна йæ зæрдæ дунейы рæсугъддзинæдты уындæй?..» Æрдзы фидауцы ныв фыссæг фæцыбыр кæны æвиппайды фарстæй: «Фæлæ уый та цы у? Хъуысы хъæр»… Уый уыд фыдохы хъæр, æрдзы æмæ царды гармони чи халы, рухсыл талынг чи калы, уыцы хъæр: «Йе, Батырадз, Годахы фырт! Рацу ардæм, хæстæ, куы дарæм кæрæдзийæ… Рацу, банымайæм сæ!».

Суанг ахæм сахат дæр Арсены хъайтар нæ ахызт хохаг лæджы этикон æгъдæутты сæрты. Уæздан æмæ хиуылхæцгæ сты йæ сидт, йе ’ртхъирæнтæ дæр: «Рацу дæхæдæг, кæннод дæм фæцæуын уырдæм!»

Уыцы этикæйыл фидар хæст у Хъæвдыны туджджын Годахы фырт дæр: «Цæуын, Хъæвдын, фæлæ мæм хъама йеддæмæ куы ницы ис!» – «Рацу, æз дæр хъамайæ хæцын! – загъта… Хъæвдын æмæ топп иуварсмæ аппæрста».

Раргом Хъæвдыны сусæг фæнд: 15 азы æнхъæлмæ каст, йе знаг Годахы фырт кæд слæг уыдзæн, уымæ. Раргом, æнæрцæф лæппу маст карздæрæй райсыны сæраппонд кæй быхста уайдзæфтæ, фидистæ, æвирхъау нысанæн нывонд кæй æрхаста йæ царды хуыздæр азтæ… «Иу ницæйаг адæймаджы амарынæй мæ маст не ссыдаид», – зæгъы Хъæвдын. Уый уыд йæ заманы царды трагикон æцæгдзинад. Къоста йæ очерк «Особа»-йы фыста: «Отомстить за кровь или, как говорят осетины, взятъ свою кровь, вовсе не значит убить самого убийцу, который мог бытъ хромым, косым, горбатым, старым; нужна жертва, если не больше, то, по крайней мере, равная ее потере. Вот почему вся семья и фамилия такого убийцы попадали в осадное положение и если противники были сильнее, то без вины виноватые никуда не показывалисъ, пашни и сенокосы их оставалисъ не вспаханными и не вскошенными. Хлеб, если он еще был на корню, выкашивался или вытаптывался, скотина их падала под выстрелами и ударамы шашки».

Аххосджынæй маст райсын диссаг нæу. Фæлæ-иу æнæ аххосæй адæмы хуыздæртæ искæй фыдракондæн дзуапдæттæг кæй систы, уый мидæг уыд æгъдæутты зианхæссæг мидис, æмæ йын Арсен уыдта йæ уидæгтæ.

Бавзæрста Хъæвдын, кæмæ бæллыд, уыцы æвирхъау æхсызгондзинад, маст исыны цин, «йæ цæстытыл уади раздæр, йе знаг Годах масты бынæй йæ сæр куыд нал схъил кæндзæн», уый. Годахы хæстæ æнæазым удæй бафыста йæ фырт. Ам Хъæвдын йæ хъæддаг цины ахызт адæймагон арæнтæй, æгæр сырддон сты йæ митæ – лæппуйы уæнггай кæнын. Адæмон этикæмæ гæсгæ та, цыфыддæр знагимæ дæр не ‘мбæлы афтæ карз уæвын.

Сæххæст Хъæвдыны иунæг фæнд, æмæ ууыл ахицæн йæ царды нысан. Трагедийы архайд æрцыд йæ кæронмæ. «Фæлæ ныр цы? Цы кæндзынæн дарддæр? Искæй ма хъæуы мæ цард?» – фæрсы Хъæвдын йæхи. Искæй нырмæ дæр нæ хъуыд, фæлæ ныр йæхи дæр нал хъæуы, æмæ йæ бæллæх уый у.

Ам радзырды архайд райхæлд кæронмæ, хъуамæ йæ сюжет ууыл фæуыдаид. Фæлæ кæронмæ нæма ахæццæ фæлгонцы психологон райхæлд. Хъæвдын хъуамæ йæхæдæг афæлгæса йæ царды фæндагыл, йæхæдæг æрцæуа фæстаг тæрхонмæ. Чи зоны, фæндыд ма йæ æрдзы рæсугъдæй фæстаг хатт бафсæдын. Хуымæтæджы нæ раивтой йæ катайаг фарстытæ æрдзы нывтæй. Фæлæ йын цин бавзарæн дæр нал ис: йæ хъуыдытæ йын аскъуыдта ног фарст – «уый та цы у?» Уый уыд кæуын; æнахъом сывæллон куыдта йе ‘фсымæр Батырадзы мардыл, æнæбон æрдиаг кодта тæссæй фыддзинады раз. Уый дзæгъæлы тарст йæ удæн – Хъæвдын æлгъæд уыд маст исыны цинæй, хъуыди ма йæ æрмæст йæхи мæлæт. Фæлæ йæ цæмæн бафæндыд йæхи марын æнахъом сабийы къухæй? Йæхи бон саразын цы уыд, йæхицæн цы ‘мбæлд, уый цæмæн бакодта сывæллоны бар? Цымæ, фыссæгмæ гæсгæ, уый рæстаг тæрхон уыд, æви дзы арфдæр философон хъуыды æвæры? Фыдракæндтæ куы ахицæн сты, уæд ма сыгъдæг сабийæ цæмæн хъуыд лæгмар кæнын? Афтæмæй тæригъæд рæхысау цæгбæстытæй цæуы фæлтæрæй-фæлтæрмæ, иу удæй иннæмæ. Нæй йын аскъуыйæн уыцы æхсæнады, уымæн æмæ у йæ уавæрты фæстиуæг.

МАМИТЫ И. Г.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.