Советон хицауады ныппырхæй æмæ дыууын азы дæргъы хæстон уавæрты цæргæйæ, нæ республикæйы экономикæ раууатмæ кæй æрцыд, царды уавæртæ ныллæг æмвæзадмæ кæй æрхаудтой, уый уæлдай тынгдæр бандæвта горæт Къуайсайыл. Уымæн æмæ йæ цæрджытæн, стæй æгас Къуыдаргомы цæрджытæн дæр сæ цард баст уыдис æрзæткъахæн управлениимæ. Фæлæ уæззау дуг уымæн дæр йæ иувæрсты нæ ахызт. Æхгæд æрцыдис æмæ иууылдæр æгуыстæй аззадысты адæм дæр. Æмæ уæд хуыздæр цардагур фæлыгъдысты æндæр æмæ æндæр рæттæм. Абон республикæйы разамынад архайы, цæмæй ацы хæххон горæт ногæй сæндидза æмæ йæ цæрджыты цард æрбæстон уа. Уыдæттæ хынцгæйæ, фæстаг азты Къуайсайы горæты фæзындысты нырыккон скъола, рынчындон, сывæллæтты цæхæрадон, цалцæг æрцыд Культурæйы хæдзар. Ныр та æрæвнæлдтой фæндæгтæ аразынмæ.

Куыстытæ куыд æххæст цæуынц, уый бабæрæг кодта Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик. Йемæ ма уыдысты Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Геннади æмæ подрядон организаци республикон паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-йы минæвæрттæ.

Хицауады Сæрдар æмæ йе ‘мбæлццæттæ федтой, горæт Къуайсайы Хетæгкаты Къостайы уынг куыд цалцæг цæуы, уый. Ам арæзтадон куыстытæ сты сæ тæмæны, кусджытæ сты æнæвдæлон, тагъд кæнынц æмæ сын æнтысгæ дæр кæны. Уымæй дарддæр ма ам, уыцы иу рæстæджы куыст цæуы Гагарины æмæ Комаровы уынгтыл дæр.

Фæндæгтæ арæзт цæуынц 2019 азы социалон-экономикон рæзтæн Инвестицион ахъазгæнæг программæйы фæлгæтты.

Фæндагарæзтады сæйраг инженер Джыгкайты Нарт куыд банысан кодта, афтæмæй æххæст æрцыдысты канализацион æмæ доны хæтæлты æрбæстон кæныны куыстытæ. Ныртæккæ та куыст цæуы тротуартыл плиткæтæ æвæрыныл æмæ къæвдадæтты цæуæн къанаутæ аразыныл. Фæндагыл æркалдæуыд ставд æмæ лыстæг хуыр, æвæрынц фæндаджы кæрæтты бордюртæ, æвæрд цæуынц ног цъайтæ. Джыгкайты Нарт куыд зæгъы, афтæмæй фæндаг асфальтмæ бацæттæгæнæн куыстытæ бакæндзысты 10 октябрмæ æмæ стæй æрæвналдзысты асфальтгæнæн куыстытæм.

КУЫСТ ЦÆУЫ ВЕЗУР-КЪУАЙСАЙЫ ДОНУАДЗÆНЫ АРÆЗТАДЫЛ

Советон дуджы дæр хъæууон цæрджытæ иууыл тынгдæр цæуыл тыхстысты, уыдонæй иу уыд доны хъуагдзинад. Ацы проблемæ аиуварс кæнынмæ фæстаг азты стыр хъусдард здæхт цæуы нæ республикæйы разамынады ‘рдыгæй, уымæн æмæ доны, фæндæгтæ аразыны фарстытæ скъуыддзаг куынæ цæуой, сæ царды уавæртæ куынæ хуыздæр кæной, уæд æндæр рæттæм хуыздæр цардагур лидзыны процесс дарддæр дæр кæндзæнис. Уымæ гæсгæ бирæ хъæуты цæрджытæ æрцыдысты ифтонг нуазыны донæй. Ныр уыдоны номхыгъдмæ бафтыдысты Къуайсайы горæт æмæ уырдæм æввахс хъæутæ дæр.

 Уырдæмыты нуазыны дон уагъд цæуы Везур-Къуайсайы донуадзæнæй. Ацы донуадзæн арæзт æрцыд 1950 азты. Уыцы донæй пайда кодтой шахтæты æмæ фабрикæйы, стæй йæ цæрджытæ куы фылдæр кодтой, уæд æй бауагътой уыдоны цæрæнхæдзæрттæм дæр. Фæлæ иугæр дуг куы сызмæст, Къуыдаргомы цæрджытæн сæ фылдæр куы фæлыгъдысты хуыздæр цардагур, уæд æм хъусдарæг нал уыд. Нал уыд цæрæг Везуры хъæуы дæр, кæд дзы уыцы рæстæджы 19 цæрæг хæдзар уыд, уæддæр. Уымæ гæсгæ фæндаг нал уыд, Везур-Къуайсайы донуадзæнмæ дæр.

Донуадзæны куыстытæ куыд æххæст цæуынц, уый бабæрæг кодта Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Ацы объект дæр арæзт цæуы 2019 азæн социалон-экономикон рæзтæн Инвестицион программæйы фæлгæтты. Объекты куыстытæ æххæст цæуынц рæвдзæй, æххæст та сæ кæны Дзауы районы администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады управлени.

Объекты æндæр æмæ æндæр куыстытæ æххæст кæнынц 32 адæймаджы æмæ техникæйы æртæ иуæджы. Донæмбырдгæнæн æрцæудзæн реконструкцигонд, арæзт æрцæудзысты донсыгъдæггæнæн ифтонггæрзтæ, резервуартæ. Афтæ ма объектмæ цы фæндаг цæуы, уый алæгъз кæндзысты.

«Раст, зæгъгæйæ, донуадзæнмæ ногæй фæндаг балыг кæнын домдта бирæ фыдæбон æмæ тых. Уымæн æмæ йæ дон фæласта, стæй стархъæд ис æмæ уал хъуыд хъæд ныццæгъдын, стæй – фæндаг аразын. Уыцы фæндаг нал сырæзт, алыг æй кодтам æндæр рæтты æмæ ныр йæ уавæр уыдзæн раздæрæй бирæ хуыздæр, дон фæндаджы былгæрæттæм нал баххæсдзæн», – загъта экскаваторыл кусæг Жажиты Вадим.

Æппæт куыстытæ дæр конд æрцæудзысты октябры мæйы кæронмæ.

Хицауады Сæрдар райгондæй баззадис бакæнгæ куыстытæй, фæлæ, уæддæр бафæдзæхста кусджыты, цæмæй сæ куыстытæ æххæст кæной банысангонд графикмæ гæсгæ, цалынмæ сæ боныгъæдтæ амонынц, уæдмæ.

«Хæхбæсты раздæр райдайынц æвзæр боныгъæдтæ, раздæр æрбалæууы зымæг. Уымæ гæсгæ хъæуы цырд темптæй архайын, цæмæй рæстæгыл фæуой æппæт куыстытæ дæр», – бафæдзæхста Хицауады Сæрдар.

Афтæ, уæдæ, рæхджы горæт Къуайсайы уынгтæ райсдзысты сæ кæддæры аив хуыз æмæ йæ цæрджытæ та ифтонг æрцæудзысты нуазыны донæй.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.