Царды тагъд темпы цæргæйæ, æнцон фесафæн у царды ориентиртæ æмæ йæ ‘рæгмæ бамбарæм, нæ нысæнттæ æмæ æргъадтæ кæй фæивтой, уый. Мæнæ уын цалдæр амынды, кæцытæ уын уæ зæрдыл дардзысты, æцæг ахсджиаг  цы у, уый.

1. Цард зынаргъ у

Цалынмæ цард уæ зæрдæмæ нæ цæуы, уæдмæ уæ цард уæ иувæрсты ацæудзæн. Уымæ гæсгæ ма æнхъæлмæ кæсут идеалон цардмæ, идеалон царды уавæртæм, фæлæ аргъ кæнут, ныртæккæ уын цы ис, уымæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, алкæмæн дæр нæ ис йæхи проблемæтæ, йæхи цардуагон зындзинæдтæ, йæхи сагъæстæ, фæлæ уый нæ нысан кæны, цæмæй æппынæдзух æнкъард кæнæм, нæ зæрдæмæ ныккæсæм æмæ цардыл мауал цин кæнæм. Уый раст нæу.

Ма уæ рох кæнæд фæстæмæ уæ цардыл хъуыды кæнын, æрыздæхын уæ хъуыдытæм ныртæккæйы уавæрты æмæ бамбарын, удæгас кæй стут, кæй улæфут сыгъдæг уæлдæф, æмæ, цард, йæ зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, кæй у тынг рæсугъд æмæ диссаг. Царды алы уысмæн дæр аргъ кæнут.

2. Алы адæймаг дæр рæдийын зоны

Уæхицæн дæр æмæ уæ алыварс адæмæн дæр ныббарут сæ рæдыдтытæ. Алчи дæр  зоны рæдийын, чи цы бынаты кусы æмæ цы бынат ахсы куысты дæр æмæ царды дæр, уымæ нæ кæсгæйæ, чи цас æмæ кæуыл цас бæрндзинад æвæрд ис, уымæ нæ кæсгæйæ. Уый у махæй алкæмæн дæр йæ царды иу чысыл хай. Уæ рæдыдтытæ дæр-иу ныббарут уæхицæн. Уыдон уын баззадысты уæ ивгъуыды. Ныр та кæсут ныры æмæ сомбоны цæстæй, ивгъуыды рæдыдтытæй исут урок æмæ йыл мауал мæт кæнут, уымæй халут æрмæстдæр уæ нуæрттæ.

3. Æнæниздзинадимæ хъазæн нæй

Уæ организм æнæ уæхи хайадистæй дæр тох кæны бирæ проблемæтимæ. Фæлæ цал азы фæкусдзæн уæ организм æнæ серьезон бахъыгдардтытæй, уый уæхицæй аразгæ у, уæхиуыл баст у. Пайдаджын хæринаг хæрут, активон цард кæнут, иу бынаты бадгæйæ, бирæ рæстæг ма æрвитут, уæ куысты та уе ‘нæниздзинадæй уæлдæр макуы æвæрут.

4. Уæ зæрдæйæн æввахс адæм уын хъуамæ зынаргъ-дæр уой уæ куыстæй

Раст зæгъгæйæ, куыст æнæмæнг хъуыддаг у. Куыст уын дæтты æхца. Æнæ æхцайæ та фæцæрæн нæй. Фæлæ бирæтæ сæ хъусдард æмæ сæ рæстæг иууылдæр аздахынц сæ куыстмæ, сæ хæдзармæ куы æрбацæуынц, уæд дæр. Сæ куыст сæ фæстæ æрбацæуы сæ хæдзармæ. Хæдзары дæр сæхицæн æмæ сæ хæдзары бинонтæн дæр улæфт нæ дæттынц: дзурынц телефоны сæ куысты фæдыл, скъуыддзаг кæнынц куыстимæ баст алыгъуызон фарстатæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, куыст вазыгджын у, фæлæ уæ рох ма уæт уæ бинонтæ æмæ уæ хиуæттæ дæр. Уæ куыст ныууадзут, уæ хæдзармæ бахизгæйæ. Ацин кæнут уæ бинонтыл, уæ сывæллæттыл, арвитут семæ уæ рæстæг. Сæрибар рæстæг дæр ссарут æмæ уазæгуаты ацæут уæ хæстæджытæм, рæстæг лидзы æмæ гæнæн ис сом уæ фарсмæ мауал уой уæ зæрдæмæ æввахс адæм. Уый тыххæй пайда кæнут алы сæрибар уысмæй дæр, цæмæй арвитат семæ уæ рæстæг. Аргъ кæнут ахæм моменттæн, уымæн æмæ сын стæй раздахæн нал уыдзæнис фæстæмæ.

5. Рæстæг – уæ сæйраг ресурс

Иумæйагæй сисгæйæ уын ис 70 азы бæрц, цæмæй уæ къухты бафта, цы нысæнттæ сæвæрдтат уæ разы, уыдон, æмæ ацы царды уæ фæстæ фæд ныууадзат. Уымæ гæсгæ ма сафут уæ рæстæг æнæхъуаджы. Кæд уæ фæнды, цæмæй уæ къухты бафтой æнтыстдзинæдтæ, уæд архайут, змæлут, иу ран ма бадут, уæ разы сæвæргæ нысанмæ тырнут.

Цæрут уæхи равзаргæ фæндонмæ гæсгæ, уæ хæстæджы-тæ æмæ уын уæ хиуæттæ куыд амонынц, уымæ гæсгæ нæ, фæлæ. Уæ цард у уæхи æмæ йæ фæцæрут намысджынæй,  уæхи куыд фæнды, афтæ. Ма хардз кæнут уæ рæстæг, уæ азтæ, цы куыст нæ уарзут, ууыл. Æхцайæн бакусæн ис, фæлæ рæстæгæн фæстæмæ раздахæн нал ис.

6. Уæ алыварс цы адæм ис, уыдоны цæстæнгасæн æппындæр ницы нысаниуæг ис

Тынг арæх вæййы афтæ, æмæ нæ зæрдæмæ æввахс фæисæм, иннæтæ цы зæгъдзысты, уый. Фæлæ цас стыр нысаниуæгджын ма уа иу кæнæ иннæ адæймаг уæ царды мидæг, уæддæр уый дæр у адæймаг æмæ зоны рæдийын. Уæт уын уæхи цæстæнгас, уæлдайдæр та – уæхи цардмæ. Бар ма дæттут æмæ уын уæ цардмæ ныхилой æндæр чидæртæ.

7. Тасдзинæдтæ уæ хъыгдарынц

Алы адæймагæн дæр ис цахæмдæр йæхирдыгон тас. Тæрсы йе ‘нæниздзинадæн, тæрсы мæлæтæй, йæ хиуæтты фесафынæй, йæ куыст фесафынæй. Тас æвзарын нормалон у. Фæлæ æппынæдзух тасы бын куы уæм, уæд дзы бирæ сафæм.

Æнæрулфгæйæ кусæм, уымæн æмæ тæрсæм, нæ куыст куы фесафæм, уымæй. Нæ удæн æхцондзинад нæ дæттæм улæфт бонты дæр. Æппынæдзух контролы бын дарæм нæ сывæллæтты, уымæн æмæ сын тæрсæм, исты æвзæр сыл куы æрцæуа, уымæй. Уæхи ма бахæрын кæнут æнæпайда тасдзинæдты тыххæй. Ницæйаг тасæй дæр нæхи хæрæм. Фæиппæрд кæнут уæхи ахæм тасдзинæдтæй æмæ цæрут уæ уды хорзæн.

8. Алкæмæн дæр хъæуы æххуыс

Рæстæгæй-рæстæгмæ алкæй дæр фæнды фехъусын, алцы дæр кæй уыдзæн хорз. Ма тæрсут æххуыс агурынæй. Æххуыс дæ куы хъæуа æмæ зынвадаты куы бахауай, уæд æххуыс курын дæ сæрмæ хæсс.

 Уæхæдæг кæм æййафут æххуысæй хъуагдзинад, уым дзы иннæтæ дæр цух сты. Уымæ гæсгæ ма æфсæрмы кæнут уæ алыварс адæммæ дæр уæ къух фæдаргъ кæнын. Æххуыс канд материалон æххуыс нæ нысан кæны, фæлæ ма моралон æххуыс дæр. Ома, дзыхы ныхасæй æххуыс. Дзыхы ныхасæй гæнæн ис фервæзын кæнат бирæты. Кæмæндæрты сæ удтæ сулæфдзысты. 

9. Искæй кой кæнын – уæ цард хъæстæ кæнын

Æнæзонгæ уын нæ уыдзæн ахæм ситуаци: иу иннæйы кой фæкæны. Иу адæймаг йæ къах скъуыры кæнæ фæцуды, уæд ыл алæгæрдынц, йæ фыдгой фæкæнынц. Уый та нысан кæны, иннæйы кой чи кæны, уый удæй фидар кæй нæу æмæ ныфссаст кæй у, уый. Иннæйы дæлæмæ чи кæны, уый йæхи нæ уæлæмæ кæны, фæлæ йын ныфс дæтты йæхи хуыздæр фæхатынæн.

10. Царды идеалонæй ницы ис. Хорз адæймагæн аргъ нæй

Чингуыты, нывæфтыд киноты алцы дæр вæййы идеалонæй нывгонд: адæм, сæ цардуаг, се ‘ввахс адæм æмæ сæ бинонтæ. Бинонтæ дзы вæййынц тынг амондджын, рæсугъд, сæ хъайтартæ – тыхджын æмæ зондджын, кæрæдзимæ сæ ахастытæ та – бынтон романтикон. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, реалон царды афтæ нæ вæййы.

Бинонтæн сæ фылдæр тох кæнынц царды алы æмæ алы проблемæтимæ. Кæмæн вæййынц фылдæр, кæмæн – къаддæр. Адæм сæхæдæг йемыдзаг сты алыгъуызон цухдзинæдтæй, сæ ахастытæ та кæрæдзимæ – конфликтон æмæ зынæмбарæн. Фæлæ ахæм алыгъуызон цухдзинæдтæй   цард у цымыдисон.

Удæгас адæмæн ис эмоцитæ æмæ хъуамæ æвдисой реалонæй се ‘нкъарæнтæ кæрæдзимæ. Цард уымæй у диссаг æмæ мидисджын. Мах киноты æмæ чингуыты хъайтартæ не стæм, фæлæ стæм хуымæтæджы адæм, алчи дæр нæ йе ‘ппæрццаг æмæ æвæрццаг миниуджытимæ. Аразут хорз-дзинæдтæ, барут кæрæдзийæн уæ рæдыдтытæ, æххуысхъуаг чи у, уымæ уæ къух фæдаргъ кæнут æмæ уæхи дæр æмæ уæ алыварс цард дæр хуыздæрырдæм фæивдзæн.

Æрмæг бацæттæ кодта ДЫГЪУЫЗТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.