Æвæдза, æцæгæйдæр цæй диссаг у æрдзы хъуыддаг. Царды иуæй-иу адæймæгты сфæлдисы фырхæларзæрдæтæй, сæ радтæг адæмы æцæг патриоттæй. Ахæмтæ, æгæрыстæмæй, сæхи сæрмагонд цард дæр нæ бавгъау кæнынц сæ Райгуырæн бæстæ, сæ хиуæтты, сæ зонгæты æмæ се ’мбæлтты царды сæраппонд. Ахæм диссаджы адæймæгтæн царды алы хатт дæр бынат разыны сгуыхтдзинæдтæн.

Нæ цæст ма ахæссæм, нæ хъæбатыр лæппутæ гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды дæргъвæтин азты рæстæджы цы стыр сгуыхтдзинæдтæ равдыстой, уыдоныл. Æвæццæгæн мæ иу уысм дæр рох нæу Джиоты Владикы (Басмачы) хъæбатырдзинад, кæцы иунæгæй айнæг хохау слæууыд бирæнымæц знæгты ныхмæ æмæ хъæбатырæй йæ мæлæт ссардта йæ Ирыстоны, йæ радтæг адæмы сæрвæлтау. Æппындæр мæ рох никуы вæййы 2008 азы августы тугуарæн, æнæмсæр хæсты Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæты сгуыхтдзинад. Уыдон цасдæр рæстæджы дæргъы дыууæйæ баурæдтой æгъатыр знæгты сæ танкæтæ æмæ æндæр хъомысджын хæцæнгæрзтимæ, равдыстой стыр сгуыхтдзинад æмæ цæрæнбонты рох никуы уыдзысты ирон адæмæй. Уæдæ, сæ цæф хæстон æмгæртты се ’ккой чи фæхаста тохты бынæттæй æмæ сæ рынчындонмæ чи хæццæ кодта, уыдон дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, равдыстой сгуыхтдзинад. Æнæ скæнгæ мын нæй нæ горæты «Тагъд æххуыс»-ы, зынгхуыссынгæнæн командæйы, дзулфыцæн комбинаты, нæ горæты посты хайады, газет «Хурзæрин», «Южная Осетия», «Республика»-йы кусджыты кой. Уыдонæй алчи дæр равдыста сгуыхтдзинад уыцы уæззау азты йе службæйон хæстæ æххæст кæнгæйæ. Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды рæстæджы æмæ уый фæстæ та 2008 азы августы хæсты рæстæджы йæ райгуырæн, йæ уарзон Ирыстон чи нæ ныууагъта æмæ хæсты тæссагдзинæдтæ йæхиуыл чи бавзæрста, мæлæты цæстытæм чи каст, уыцы адæм дæр равдыстой сгуыхтдзинад.

Фæлæ нæ царды бынат ис куыд стыр, афтæ чысыл сгуыхтдзинæдтæн дæр. Куыд, зæгъæм, цалдæр мæйы размæ мæхæдæг сдæн æвдисæн ахæм сгуыхтдзинадæн. 10-11 сахат уыдаид, афтæ Тæболты Сергейы уынджы мæ хæдзарæй рахизгæйæ, мæ цæст уайтагъд схæцыд иу æвзонг зæрдæмæдзæугæ сылгоймаг ацæргæ нæлгоймаджы æнцой бацыд, зæгъæн ис афтæ дæр, æмæ йæ хæссæгау кæй кодта. Ахъуыды кодтон, зæгъын, æвæццæгæн, йæ фыд у, фæлæ сæ цурмæ куы бахæццæ дæн, уæд æй сылгоймаджы ныхæстæм гæсгæ бамбæрстон, ацæргæ нæлгоймаджы зонгæ дæр кæй нæ кæны, уый. Бафарста йæ, зæгъгæ, кæцы корпусы цæрыс, кæдæм дæ бакæнон. Нæлгоймаг разынд Тæболты Сергейы уынджы 131-æм корпусы цæрæг. Банхъæлмæ кастæн сылгоймагмæ фæстæмæ кæд раздæхдзæн, уымæ æмæ йæ афарстон, зæгъын, цы кодта ацы нæлгоймаг. Уый мын бамбарын кодта: «Мæ куыстмæ фæцæйцыдтæн æмæ Хъайтарты уынджы магазин „Белоснежка“-йы цурмæ куы бахæццæ дæн, уæд кæсын æмæ ацы ацæргæ нæлгоймаг зæххыл ахаудта. Æз æм бауадтæн, схæцыдтæн ыл æмæ хъуамæ тагъд æххуысмæ фæдзырдтаин, фæлæ мæ нæ бауагъта. Уæд æй бафарстон, кæм цæры, уымæй æмæ мæ хæсыл банымадтон, цæмæй йæ фæхæццæ кодтаин йæ хæдзармæ», — радзырдта мын уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, тынг фæбузныг дæн ацы æвзонг сылгоймагæй йæ чысыл сгуыхтдзинады тыххæй æмæ йæ афарстон, зæгъын, дæ мыггаг кæмæй у. Хæларзæрдæ сылгоймаг разынд Лалыты Джульеттæ, РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады комитеты кусæг. Ахæмтæн стыр бузныг дзурын хъæуы, тыхст адæймаджы фæрсты чи нæ ахызт æмæ йын кæй баххуыс кодта, уый тыххæй. Уый æцæг чысыл сгуыхтдзинад у. Хæсты рæстæджы сæхирдыгонау сгуыхтдзинад равдыстой сæ дæлбар уагдæтты, куыстуæтты, организациты фæллой чи бахъахъхъæдта, уыдон дæр.

Кæд цалдæр азы рацыд, уæддæр мæ нæ рох кæны 2012 азы Амуры областы горæт Белогорскы бастдзинады батальоны командир, майор волгоградаг лæппу Сергей Солнечников цы хъайтардзинад равдыста, уый дæр. Æвзонг цардбæллон лæппу йæ цард нæ бавгъау кодта йе ’мслужбæгæнджыты тыххæй. 2012 азы марты мæйы Солнечниковы батальоны хæстон цæттæдзинад бацæттæ кæныны тыххæй æфсæддонтæ фыццаг хатт æхстой хæстон гранатæтæ. Сæ иу, рæнхъон Максим Журавлев цы гранатæ фехста, уый бахауд æфсæддонты цурмæ, тынг тæссаг уыд, цалдæр æфсæддонæй куы фæмард уыдаиккой, уымæй, фæлæ Сергей Солнечников йæ риуæй бамбæрзта гранатæ, ахъуыды кæнынæн та йын уыд æрмæстдæр фондз секунды. Уый йæхи цардæй бахъахъхъæдта йе ’мбæлттæй цалдæры цард. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй йыл телеуадзæг Андрей Малахов алæвæрд дæр сарæзта æмæ йæ схуыдта «Комбат Солнце», зæгъгæ. Йæ амæлæты фæстæ йын УФ-йы Президенты Барамындмæ гæсгæ лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы хъайтары ном.

Ивгъуыд аз Ростовы фæндагыл цы трагеди æрцыд, уый дæр дисы баппæрста адæмы. Тигрты дрессировщик Виталий Смолянец кæйдæр цард ирвæзын кæнгæйæ, йæхæдæг фесæфта йæ дыууæ къахы дæр. Хъуыддаг уыд афтæ: иу азы размæ Витали æрлæууыд трассæйыл, цæмæй баххуыс кодтаид, аварийы цы адæймæгтæ бахаудтой, уыдонæн. Фæндагыл уадзыгæй хаудæй чи лæууыд, уыцы æвзонг нæлгоймаджы раппæрста фурæйы цæлхыты бынæй. «Уый тахти комкоммæдæр махмæ, йæ цæлхытæ бырæнцъаг фæндагыл кæй бырыдысты, уый аххосæй. Баззад ма нымад метртæ. Æз Сергейы аппæрстон фæсфæд, фæлæ мæхицæн мæ бон нал сси агæпп кæнын», — радзырдта Виталий Смолянец. Уый фесæфта йæ дыууæ къахы дæр æмæ йæ нал фæндыд цæрын, фæлæ… Царды сгуыхтдзинадæн бынат разынд Виталийы цардæмбал Иннайæн, афтæ ма Мæскуыйы паддзахадон стыр цирчы аивадон къухдариуæггæнæг Аскольд Запашный æмæ ацы цирчы директор Эдгар Запашныйæн дæр. Æфсымæртæ Запашныйтæ ног хабæрттæй куы базыдтой Виталийы трагедийы тыххæй, уæд ын баххуыс кодтой куыд материалон, афтæ моралон æгъдауæй дæр. Æрæмбырд ын кодтой финансон фæрæзтæ протезтæ саразынæн. Виталий Смолянец се ’ххуысы фæстæ афтæ загъта: «Уе ’ххуысы, уе ‘ууæнкдзинады тыххæй мæн ногæй цæрын æрфæндыд æмæ æз æрбаздæхдзынæн цирчы манежмæ». Уый йæ ныхасы хицау разынд. Уыцы тæссаг аварийы фæстæ протезтыл фыццаг хатт рахызт Ростовы цирчы аренæмæ.

Ацы аз тыхджын митуарды фæстиуæгæн миты уацары бахаудтой, Оренбург-Орскы трассæйыл сæ машинæтыл чи цыд, уыцы бæлццæттæ. Шофыртæ æххуысмæ æнхъæлмæ кастысты 15 сахаты дæргъы. Официалон информацимæ гæсгæ рынчындонмæ бахауд 12 адæймаджы, кæй басыдысты, уымæ гæсгæ. Уæззау уавæры бахауæг адæмæн баххуыс кодта æмæ уымæй сгуыхтдзинад равдыста горæт Медногорскы полицийы патрулон-постон службæйы кусæг, хистæр сержант Данил Максудов. Уый йæ хъарм курткæ радта чысыл лæппуйæн æмæ йæ æрмкъухтæ та, тынг чи суазал, уыцы чызгæн. Уый фæстиуæгæн йæхæдæг рынчындонмæ бахауд, бахъуыдис æй медицинон æххуыс ын бакæныны сæр, йæ къухы æнгуылдзтæ кæй басыдысты, уый аххосæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, хистæр сержант равдыста сгуыхтдзинад йæхи цардыл нæ ахъуыды кæнгæйæ.

Ацы адæймæгты архайд мын мæ зæрдыл æрлæууын кодта, скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уæд нын нæ ахуыргæнджытæ арæх цы зондамонæн ныхæстæ дзырдтой, ома, намыс кæдфæнды дæр зынаргъдæр у цыфæнды стыр æхцатæ æмæ хъæздыгдзинæдтæй дæр, уый. Ныр дæр мæ бауырныдта нæ уæззау дуджы дæр, раздæрау, æцæгæйдæр бынат кæй ис сгуыхтдзинæдтæ æмæ намысæн. Уæдæ, махæй алчи дæр хъуамæ тырна кæд стыр нæ, уæддæр чысыл сгуыхтдзинад саразынмæ…

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.