Адæймаг зæххы къорийы тыгъдады цы æхсæнад сфæлдыста, уымæн йæ рæзты, йæ бахызт ног, размæцыддæр уавæрмæ æнгом баст уыдис дзыллæйы монон æмвæзадимæ. Историйы мидæг уымæн бирæ дæнцæгтæ ис: монон рæзты æмвæзад бæрзонд кæм уыдис, хъомылад æмæ рухстауæн куыст йæ бынаты æвæрд кæм уыдис, уыцы æхсæнады социалон æмбардзинады ахастдзинæдтæ тагъд рæзыдысты. Нæ бæстæйы цы демократон æмæ барадон паддзахад арæзт цæуы, уымæн йæ бындуры хъуамæ æвæрд æрцæуа æртæ вазыгджын хъуыддаджы.

Уыдон сты – экономикæ, политикæ æмæ монад. Уыцы æртæкъахыг уазмысаны бастдзинадæй комкоммæ аразгæ уыдзысты нæ фидæны æнтыстдзинæдтæ. Абон нæ республикæйы монон цард æмæ рухстауæн архайды æрцыдысты, сæдæгай азты ныхмæ чи лæууы, ахæм ивддзинæдтæ. Фæстæмæ здæхт цæуынц национ æгъдæуттæ æмæ æнусон хæзнатæ, сæ бынат фидарæй-фидардæр кæны ирон адæмы царды мидæг. Ууыл зæрдиагæй архайынц, куыд адæмон змæлдты архайджытæ, афтæ нæ республикæйы разамонджытæ дæр.

Уыйадыл ирдæй-ирддæр зынын райдыдта ирон адæмы æхсæнады дарддæры монон рæзт. Уый ссис канд Ирыстоны дарддæры фæндаг нæ, фæлæ æххæст цæуы сæрмагонд хуызы. Æмæ цæмæй нæ сомбон рæсугъд уа, уым бирæ аразгæ уыдзæн, не ‘мзæххонтæ монон хъомылад, национ хъуыды (идейæ) сæ зæрдæтæм цас хæстæг райсой, уымæй. Рох кæнын нæ хъæуы, нæ адæмы фидæны цард бæрзонд монад æмæ идейон хииртасынады бындурыл аразгæ кæй у, уый. Уымæ гæсгæ абон скæнæн кæмæн ис, уый райсоммæ аргъæвæн ницы хуызы ис. Лыггæнинаг фарстытæ æмæ æнæлыг хъуыддæгтæ куы сбирæ вæййынц, куы сцæнд вæййынц, уæд сæ алыг кæнын цалдæр хатты фæзындæр вæййы. Нæ бæстæйы уды сæрибары мидæг цы ивддзинæдтæ æрцыд, уыдон нын фадат радтой, цæмæй мах суæм нæ хъысмæты хицæуттæ, уымæн. Цыбыр рæстæгмæ не ‘хсæнады культурон царды æрцыдис бындурон ивддзинæдтæ. Ирыстоны монон рæзты сæ бынæттæ цадæггай ногæй ахсын райдыдтой историон, национ, фæткæвæрдадон традицитæ, æгъдæуттæ æмæ хæзнатæ.

Раздæримæ абаргæйæ, æхсæнад рæзы бирæ тагъддæр, æмæ йæм уымæ гæсгæ хъæуы цæттæ уæвын. Æмæ уыцы процесс ирон адæмы размæ æвæры бæрзонд монон домæнтæ. Зæрдыл дарын хъæуы, уыдон бирæ æнусты дæргъы нæ адæмы фæлтæрддзинады бындурыл кæй рæзыдысты, уый. Монад сабийы зæрдæ æмæ зонды рæзын байдайы мады æхсы- римæ æмæ авдæны зарджы- тимæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй монады бындур фæткæвæрдадон æууæлтæ æмæ миниуджытæ адæймаджы удыхъæды æвæрд æрцæуынц сабийы бонты. Æмæ ныййарджытæ цас хуыздæр дарой сæ цæст кæстæрты рæзты фæлтæртæм (сабидуг, æвзонгад, лæппуйы дугмæ), уый бæрц хуыздæр уавæртæ конд æрцæудзæнис удгоймаджы фæткæвæрдадон рæзтæн. Бинонты хъомылад æгасæй дæр баст у сабиты фæткæвæрдадон хъомылады мидисимæ. Æрмæстдæр ныййарджытæй аразгæ вæййы, саби хи фæндиæгтæ æмæ æхсæнадон хæстæ, хи домæнтæ æмæ дæ алыварс адæмы æнхъæлмæ кæсынады æхсæн цы быцæутæ слæууы, уыдоны сæрты куыд хизгæ, уый бацамонын.

Сывæллон йæ адæмы культурæ, цардыуаг, национ æгъдæуттæ, традицитæ æмæ мадæлон æвзаджы ад, фыццаджыдæр, банкъары бинонты æхсæн. Уыдон ын чысылæй фæстæмæ аразынц йæ хиæмбарынад, хъомыс æмæ сабийы æнкъарæнтæ. Хиуæттæ æмæ къабæзты фæрцы райсы йæ фыццаг фæткæвæрдадон фæлтæрддзинад дæр. Уымæ гæсгæ рæзгæ фæлтæры хъомылады бæрн дæр, фыццаджыдæр, æвæрд ис бинонтыл. Нæ республи- кæйы нырыккон царды стыр ахадындзинад ис культурæйы къабазæн, уымæн æмæ уымæй аразгæ у фæсивæды ду- неæмбарынад, йæ уды хæзнатæ æмæ хидарыны фарстытæ. Ирыстоны цæрджыты хи æмæ æхсæнадон æмба- рынады вазыгджындæр (уагæвæрдон) миниуджытæй иу у монон-фæткæвæрдадон хæзнаты хъомылад. Ирæттæ сæрыстыр сты скифтæ-сæрмæттæ-аланты азфыстæй, сæ аивадон, культурон æмæ историон бынтæй, сæ куыстуарзаг æмæ уазæгуарзон æууæлтæ æмæ миниуджытæй. Уыцы æнæцæугæ хæзнатæм ног фæлтæрты ахастæй бирæ аразгæ у нæ адæмы цардхъомысы дарддæры рæзтæн. Ивгъуыды монон бынтæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ лæвæрд цæуынц канд аивады, зонады, культурæйы цыртдзæвæнты хуызы нæ, фæлæ, адæймаджы фæткæвæрдадон рæзты уагæвæрды не ‘гъдæуттæ æмæ традицитæ цы бынат ахсынц, уымæй дæр.

Нæ адæмы æгъдæуттæ æмæ традицитæ – уыдон сты бирæ æнусты хъомылады фæстиуджытæ. Ахæм уагæвæрды фæрцы дзыллæ ног кæны йæхи, йæ монон культурæ, йæ уагæвæрд æмæ психологи. Нæ цытджын фыдæлтæ дунейы зонад, культурæ æмæ рухсады хæзнадонмæ бахастой, аргъ кæмæн нæй, ахæм æвæрæн. Сæ фæллæйтты сырх хаххæй бæрæг дары, рæзгæ фæлтæры фæткæвæрдадон хъомылад ахсджиаг фарст кæй у, уый. Ивгъуыды æнæцæугæ хæзнаты чи иртæста, уыцы ахуыргæндтæ сæ хъус æрдардтой фæткæвæрдады ахæм лыггæнинаг хъуыддæгтæм, куыд намыс, сæрыстырдзинад, хорз æмæ фыдæх, æцæгдзинад, цæсгом æмæ æндæртæм. Фæлæ сæ никуы рох кодта, бирæвæрсыг удгоймаджы рæзтæн æнæ ахуырад æмæ хъомыладæй уæвæн кæй нæй, уый. Сабиты хъомылады æппæт зындзинад æмæ ахсджиагдзинад зæрдыл даргæйæ, уыдон тырныдтой хъомылад æмæ ахуырады мидис сбæрæг кæнынмæ, бинонты æхсæн, фыццаджыдæр, æххæстгонд чи хъуамæ цæуа, уыцы фæткæвæрдадон хъомылады æххæстгæнæн мадзæлттæ. Уымæ гæсгæ зæгъæн ис, ныййарджыты сæйраг хæс хъомылад кæй у, уый.

——————

Нæ адæмы æгъдæуттæ æмæ традицитæ – уыдон сты бирæ æнусты хъомылады фæстиуджытæ. Ахæм уагæвæрды фæрцы дзыллæ ног кæны йæхи, йæ монон культурæ, йæ уагæвæрд æмæ психологи. Нæ цытджын фыдæлтæ дунейы зонад, культурæ æмæ рухсады хæзнадонмæ бахастой, аргъ кæмæн нæй, ахæм æвæрæн. Сæ фæллæйтты сырх хаххæй бæрæг дары, рæзгæ фæлтæры фæткæвæрдадон хъомылад ахсджиаг фарст кæй у, уый.

———————–

Фæткæвæрдадон зонындзинæдтæ, фæлтæрддзинæдтæ æмæ моралон фæткы фæрцы арæзт цæуы сæ хидард, архайд æмæ, æмткæй райсгæйæ, адæймаджы этикæ. Удгоймаджы фæткæвæрдадон культурæ æвæрд æмæ æххæстгонддæр цæуы йæ бирæвæрсыг архайды фæрцы. Алыхуызон сты фæткæвæрдадон хъомылады тигътæ æмæ хуызтæ. Уыдонмæ хауынц гуманизм, æууæнк, разæнгарддзинад, сæрибардзинад, змæлынад æмæ æмбарынад. Гъе, уымæн фæткæвæрдадон æмбарынад йæхи равдисы адæмы сфæлдыстадон архайды мидæг. Йæ сæйраг æвдисæн у фæткæвæрдадон хъуыдыкæнынады æмвæзад æмæ зонындзинæдтæ. Æмæ уый бамбарæн ис: фæткæвæрдад у – монады астæумагъз. Адæймаджы фæткæвæрдад канд хидарын æмæ зæрдæхæлар уæвын нæу, хъæуы ма дзы цæсгом, æцæгдзинад, æууæнк, рæстдзинад æмæ удуæлдайад. Моралон æмбарынады рæзт баст у фæткæвæрдадон культурæйы фыццагдæр хæсимæ. Фæлæ фæткæвæрдадон æмбарынады æмвæзадæн уæвæн ис, зæххы къорийы монон-фæткæвæрдадон исбонад куы базоны, æрмæстдæр уæд. Уыцы-иу рæстæг лыггонд фæцæуынц, ахæм уавæры цы нырыккон фарстытæ сæвзæрынц, уыдон.

Фæткæвæрдадон æмбарынад йæ рæзты мидæг æнцой кæны адæймаджы хуыздæр мидмонон æнкъарæнтыл, ома, йæ цæсгом, йæ хæс, бæрндзинад, æфсарм, худинаг æмæ сæрыстырдзинад, хи фæллойад, æххуысад, хæлардзинад, æмгуыстад, аргъкæнынад, быхсынад, иузæрдиондзинад æмæ æндæр этикон хæзнаты фæрцы амад цæуынц рæзгæ фæлтæры æмбарынад æмæ архайд. Фæткæвæрдадон æмбарынад, æууæлтæ, аххосæгтæ æмæ архайд сты монон культурæйы мидисы вазыгджын нысæнттæ. Фæткæвæрдадон культурæ гуыры, рæзы æмæ мидисы ‘рдыгæй хъæздыг кæны адæймаджы æппæт цард æмæ архайды мидæг. Фæткæвæрдадон культурæ пайда хæссы, монон культурæйы иннæ къабæзтимæ æмбастдзинады ахастдзинæдты куы бацæуы, æрмæстдæр уæд. Монад фæлдзусадон хуызы æндавы æхсæнады иумæйаг ныв æмæ удгоймаджы психологон уавæры æмвæзадыл. Не ‘мзæххонты монон æмвæзад йæхирдыгонау ивы æхсæнады уавæр. Ног этикон æууæлтæ æмæ социалон раззонд бæрæг кæнынц иумæйаг рæзт æмæ ног авналæнтæ. Алы ног фæлтæр дæр нывæнды æмæ рæзын кæны йæхи азфыст. Монад, куыд хицæн адæймаджы кæнæ къорды сæрмагонд удварнон-хæрзаудæн уавæр, афтæ æнæфæцудгæ тырнынадимæ баст у æцæгдзинады уæлдæр хæзнатимæ.

Монад у, наци йæхи зонгæ-зонын цæмæй æнкъары, ахæм æмбарынæдты рæгъ: истори (азфыст), традицитæ, æгъдæуттæ, национ хъуыды, патриотизм, адæмондзинад, демократи æмæ гуманизм. Ранымад æууæлтæ æмæ миниуджытæ сæйрагдæр сты хицæн адæймаджы монон рæзты мидæг дæр. Монад, фыццаджыдæр, райдайы Райгуырæн бæстæйæн, адæмæн, фыдызæххæн, историйæн лæггад кæнынæй æмæ ивгъуыдæн, абонæн æмæ фидæнæй сæрыстыр уæвынæй. Ирон адæм хъуыстгонд сты бæрзонд монады æууæлтæй, сæ уазæгуарзондзинад, кад æмæ намысæй. Демократи йæхи мидæг иу кæны политикон, барадон, монон æмæ æхсæнады рæзты иннæ хæйтты. Демократи уыцы ‘рдыгæй æвзаргæйæ, бацамонын хъæуы, адæмы мононпсихологон дуне æхсæнады царды, æгъдæутты æмæ традициты бындурыл амад куы уа, уæд фыдызæххæн лæггад кæндзæнис.

Куыд федтам, афтæмæй не ‘мзæххонтæ, сæ бартæ æмæ сæ хæсты иудзинад æххæстæй куы бамбарой, æрмæстдæр уæд сбаддзæн йæ гаччы не ‘хсæнад æмæ паддзахады иумæйаг цардыуаг, демократи дæр йæ цардхъомыс тых райсдзæн æмæ баиу уыдзæн, дунейы цы фæлтæрддзинад æрæмбырд кодта, уыимæ. Фæткæвæрдад æмæ монады æууæлтæй иу у патриотизм. Уый у Фыдыбæстæмæ уарзт æмæ аргъкæнынад удуæлдайы уарзт æмæ æууæнчы, Райгуырæн зæххы кад æмæ намысæн кусын æмæ йын йæ арæнтæ хъахъхъæныны онг сисын. Фæткæвæрдад æмæ монады фарстытæ æнæрлæугæ хæссын хъæуы, астæуккаг скъолаты цы хъомыладон куыст цæуы, уымæ. Семæ фембæлдтытæ аразын хъæуы, Уæрæсейы æфсады йæ хæс æнтыстджынæй чи бафыста, уыцы фæсивæдимæ. Афтæ зæгъын æмбæлы, Мидхъуыддæгты министрады чи архайы, уыдонæй дæр. Цæмæй рæзгæ удты зондахастмæ гуманизм æмæ адæймагондзинады æнкъарæнтæ хаст цæуой, уый тыххæй. Бæрзонд монад æмæ фæткæвæрдадон сыгъдæгдзинадæн царды ауадзæн ис, царды идеалтæй чи цæры, æрмæстдæр ахæм сæрибар адæмы æхсæнады.

Уымæ гæсгæ нæ республикæйы стыр æргом здæхт цæуы рæзгæ фæлтæры хъомылады фарстытæм, цæрджыты æхсæн монад æмæ фæткæвæрдадон миниуджытæ тауынмæ, монон-рухсадон куыст хæрзхъæд æмвæзадыл æппæт хуызты парахат кæнынмæ. Ахæм куыстмæ хъус дарын хъæуы ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ уæлдæргæнæн системæйы дæр. Æцæг, æхсæнад æмæ паддзахад цыфæнды моралон авналæнтæй, уагæвæрдтæй æмæ амынддзинæдтæй куы кусой, уæддæр æцæгдзинад æвæрд вæййы адæймаджы уды мидæг. Æмæ уый рохгæнæн нæй. Æрмæстдæр удгоймаг йæхæдæг цы равзара, уымæй аразгæ уыдзæн йæ царды фæндаг, йæ фæлдзусадон ахастдзинæдтæ йæ алыварс дуне æмæ йæ аразæн куыст йæ иубæстон адæмы сæрвæлтау.

ХОЗИТЫ Барис

Газет “Рæстдзинад”

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.