1. Уæхи ма æфхæрут æнæхъуаджы

Исты хъуыддаг раст куы нæ фæцæуы, нæхи куыд фæнды, афтæ нæ, фæлæ æндæргъуызон, кæнæ нæ исчи куы фæхъыгдары, уæд адæмæн сæ фылдæр ахæм ситуаци ноджы скарздæр кæнынц: райдианы мæсты фæкæнынц æмæ стæй та сæ къæхтæ ныццæвынц исты саразыны тыххæй, цалынмæ сæм исты пълан сæвзæры, уæдмæ.

Абоны бон уал уæ разы сæвæрут ахæм хуымæтæг æмæ сæххæстгæнæн кæмæн ис, ахæм хæслæвæрд: ма саразут ноджы фыддæр. Цыфæнды æвзæр æмæ мæстаг хъуыддаг куы æрцæуа, уæддæр уæхиуыл фæхæцын зонут æмæ хъуыддаг бынтон ма скарз кæнут æмæ йæм ноджы ма бафтаут алыгъуызон негативон эмоцитæ. Ныууадзут хабар, куыддæриддæр у, афтæ, йæ адыл. Мауал æй къахут æмæ рæстæг фæстæдæр фенын кæндзæн, кæд æмæ йын цыхуызæн тæрхон хъæудзæнис рахæссын, уый.

Кæд æмæ уæ бон иу хъуыддаг саразын нæу, уæд уæхимæ райсут ахæм хæс, цæмæй æндæр хъуыддаг равзарат. Кæд æмæ уын дыккаг хъуыддаг дæр уæ къух нæ сараза, уæд æрæвналут æртыккаг хъуыддаг аразынмæ дæр. Кæд æмæ уын æртыккаг хъуыддаг дæр нæ рæза, уæд гæ-нæнтæ бирæ ис æмæ ма ссардзыстут ноджы æндæр исты амæлттæ дæр.

2. Уæ тыхтæ æрæмбырд кæнут æмæ бацархайут исты хъуыддаг саразыныл

Йæхицæн тæригъæд кæнын чи зоны æмæ æппынæдзух чи фæкæуы, уый, æппынфæстагмæ, хорзæй ницы райсы, фæлæ ма уый æдтейæ фесафы йæ энерги æмæ мотиваци дæр, цæмæй дарддæр йæ проблемæтимæ тох кæна. Ис нын æвзарыны бар: нæ хъус лæмбынæг æрдарын, куыд нæ фæхъыг кодтой, уымæ, æви нæ къухты цы фæрæзтæ ис, уы-дон æрбатымбыл кæнын æмæ сæ спайда кæнын.

Искæмæ æнхъæлмæ кæсыны бæсты, мæнæ дæм исчи йæ къух фæдаргъ кæна, зæгъгæ, уый уæ хъуыдыйæ аппарут æмæ æрцæут ахæм хатдзæгмæ, алцы дæр адæймагæн йæхи хабæрттæ йæхицæй аразгæ кæй сты, уымæ. Ныууадзут уыцы афтид ныфсытæ, мауал сæ æвæрут уæхицæн, куыд ныфсы пълæнттæ, афтæ, фæлæ уæ уæ тыхтæ æмæ хъарутæ куыд амонынц, уымæ гæсгæ архайут ууыл, цæмæй уæхицæн уæхæдæг баххуыс кæнат æмæ цас гæнæн ис, уымæй дæр æндæр искæмæ æххуысагур ма цæут. Æххуыс кæн дæхицæн, дæ бон куыд у, афтæ.

3. Æххуыс агурут

Ахæм адæймаг нæ уыди æмæ нæй, кæцыйæн æххуыс нæ хъæуы æмæ æххуысхъуаг нæу. Кæй зæгъын æй хъæуы, æххуыс дæр алыгъуызон вæййы æмæ афтæ мачи зæгъæд, кæй никуы никæй фæхъæуы æххуыс. Царды бирæ алыгъуызон ситуацитæ вæййы æмæ тыхджын адæймаг дæр фæтыхсы æмæ йæм фæхъæуы æххуысы къух фæдаргъ кæнын.

Царды вæййы ахæм проблемæтæ, кæцытимæ фæхъæуы тох кæнын иунæгæй нæ, фæлæ иу-мæйагæй, æххуысы руаджы. Æнæхъуаджы нæ фæзæгъынц: æххуыс дæ хъæуы, уæд æй зæгъ.

Абон цахæмфæнды хабæрттæ ма æрцæуой, уæддæр хъуамæ, цы нæ бон у, уымæй цæттæ уæм уыцы проблемæтæм, уыцы зындзинæдтæм. Адæймаджы сконд ахæм у, æмæ алы хатт дæр куы хорздзинад хæссы иннæ адæймагæн, куы та — æвзæрдзинад. Йæ конд афтæ у. Уæхи бынтон кæронмæ нæ фæивдзыстут, фæлæ тырнут уымæ, цæмæй иучысыл уæддæр уат хуыздæр, уæ зæрдæ бынтон уæхиуыл ма худа. Нæ хъæуы рæстæг фæстæмæ здахын, нæ хъæуы фæсмон кæнын ууыл, цы уын нæ бантыст саразын, фæлæ дарддæр кæсут, хорзæй уын цы бантысдзæн саразын абоны бон æмæ ма сомбоны цæстæй дæр акæсут.

4. Атезгъо кæнут, аирхæфсут уæхи

Сæдæгай азты фысджытæ, поэттæ, философтæ, хъуыдыгæнджытæ куыд фыстой, уымæ гæсгæ къахæй цæуын адæймагæн хæссы уæлдай пайда, уымæн æмæ къахæй тезгъо кæнын адæймаджы хъуыдыты æркæны æмбæлон уагмæ. Адæймагæн ахæм улæфты фæстæ йæ сæрымагъз хуыздæр фæкусы æмæ уынаффæ кæнынмæ дæр вæййы цæттæ.

Стресс æмæ æгæрон фыдæбоны рæстæджы дæр хъæуы тезгъо кæнын: куы уæ хъæуа исты вазыгджын хъуыддаг аскъуыддзаг кæнын — тезгъо кæнут, исты уынаффæ райсын уæ хъæуы — тезгъо кæнут, исты физикон уаргъæвæрд уæм æнхъæлмæ кæсы — уый размæ дæр хорз у атезгъо кæнын.
5. Ма хардз кæнут уæ цард хъаугъатыл.

Исты политикон фарстыл хъаугъа кæнынмæ куы æрæвналат, уæд уæхи бафæрсут: исты уæзгæ аххосаг ын ис, цæмæй йыл афтæ тох кæнат? Ахæм быцæу исты аскъуыддзаг кæндзæнис? Æн-дæр зондджын кæнæ ахуыргонд адæймаг дæр уæ бынаты афтæ бакодтаид æмæ хъаугъа кæнынмæ æрæвнæлдтаид? Æви æндæр исчи уæ бынаты ницæмæ æрдардтаид ахæм быцæу æмæ йæ хъуыды нæ фæивтаид ацы фарсты фæдыл, сымахимæ абаргæйæ?

Æрмæстдæр ма ахъуыды кæнут ууыл, уæ къухты цас бафтыдаид æмæ ма уæхи куыд хорз æмæ уæнгрогæй хатыдаиккат, ахæм хъаугъаты хайад куы нæ истаиккат, уæд.

6. Уæхицæн хатыр кæнын зонут

Химæ лæбурын, хи хæрын æмæ хи æфхæрын, кæй зæгъын æй хъæуы, раст нæу. Уымæй сы-мах уæхи размæ нæ фæстæмæ кæнут. Бынтон тызмæг ма ут уæхимæ. Æххæст кæнут уæхи-цæн уæлдæр нормæтæ, фæлæ уæ разы ахæм æнæкъухыфтгæ хæслæвæрдтæ ма æвæрут, цæмæй сæ стæй уæ бон сæххæст кæнын ма уа. Уæхицæн ныххатыр кæнут, кæд æмæ исты хъуыддаджы мидæг фæрæдыдыстут æмæ уæ къухты æнтыст нæ бафтыд, уæд дæр.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта ДЫГЪУЫЗТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.