Иу афæдзы размæ 10-æм марты Гуырдзыстоны ахæстæттæй ссæрибар кодтой цыппар хуссарирыстойнаг æмбæстаджы. Уыдонæн Гуырдзыстоны «рæстаг тæрхондон» тæрхон рахаста цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадыны вердикт. Цæмæн? Цæй тыххæй? Æрмæстдæр ирон туг кæй уыд се уæнгты, уымæн.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм уыцы лæппутæ – Уалыты Георги, Зассеты Георги, Хъоцты Сослан æмæ Тъурашвили Барисы Гуырдзыстоны политикты амбицитæм гæсгæ сæ ныхмæ хаст æрцыд мæнг аххосæгтæ. 2005 азы февралы мæйы горæт Гуры центры цы теракт арæзт æрцыд, уый тыххæй азымджын æрцыдысты æртæ лæппуйы. Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады мæнг хъуыдымæ гæсгæ фæстæдæр ацы 3 лæппуйыл æвæрд æрцыд æндæр æрымысæггаг чъизи хъуыддæгтæ.

11 азы сæхæдæг сæ ныййарджытæ, æмæ Хуссар Ирыстоны адæм фæдисы дзæнгæрджытæ цагътой. Европæйы адæймаджы бартæ хъахъхъæнæг органтæм лæгъстæмхасæн фыстæджытæ фыстой, цæмæй æнаххос, æназым лæппуты бахизой Гуырдзыстоны чъизи политикты фыдæхæй.

Женевæйы дискусситы рæстæджы фæстаг 11 азы нæ республикæйы къухдариуæгад æппынæдзух Гуырдзыстоны фарсæй уым хайад чи истой, уыдоны раз æвæрдтой иу фарст – не ‘мбæстæгтæй Гуырдзыстоны ахæстоны чи ис, уыдон, цæмæй сæрибар æрцæуой. Хуссар Ирыстон ацы фæнд сæххæст кæныны нысанæн разы уыд алы къахдзæфыл дæр. Фæлæ Гуырдзыстоны политиктæ уазал цæстæнгас æвдыстой ацы ахсджиаг фарстмæ.

Рæстдзинад кæддæриддæр фæуæлахиз вæййы æнæрастыл. Уымæн æмæ уый царды фæтк у. 11 азы фæстæ ацы лæппутæ ссæрибар сты æмæ æрбаздæхтысты сæ Райгуырæн къуыммæ.

Гуырдзыстоны мæнг азымты тыххæй Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ сæрибар кæй æрцыдысты, уый къухы бафтыд РХИ-йы раздæры Президент Тыбылты Леонид æмæ Республикæ Абхазы Президент Рауль Хаджимбайы баныхæсты фæрцы. Ахæстæтты ссæрибар кæныны фæдыл хуссарирыстойнаг делегации консульцитæ уагъта Женевæйы дискусситы фæлгæтты дæр.

Æмæ боныфæстагмæ, нæ лæппутæ Ирыстоны зæхмæ æрбавæрдтой сæ къах. Уыдон ныр цæрынц не ‘хсæн. Сабыр æмæ æнцой цардыл ахуыр кæнынц, сæрибардзинадæй æхцондзинад исынц. Уыцы хæрзиуæгæй хайджын нæ уыдысты 11 азы. Æрмæстдæр сæхæдæг æмæ сæ бинонтæ зонынц, цахæм уæззау фæлварæнты бахаудысты ацы лæппутæ…

Æмæ кæд иуæндæс азы дæргъы сæ хъысмæт иугъуызон уыд, уæддæр сын дард-дæр æндæр æмæ æндæрхуызон рауад. Хъоцты Сослан ссис таможнæйы кусæг, Зассеты Георги æрхаста ус, кусы амалиуæггæнæгæй, Тъурашвили Барис дæр ногæй бинонты хицау бацис, æрмæст сын уавæртæ кæй нæ уыд ам цæрынæн, уымæ гæсгæ рæстæгмæ ацыд горæт Ростовмæ. Æппæты зындæр уавæры уыдонæй ныртæккæ ис Уалыты Георги, уый уæззау травмæимæ хуыссы рынчындоны.

Мах фембæлдыстæм уыдонæй алкæимæ дæр æмæ нын афтæ радзырдтой:

Хъоцты Сослан: «Ахæстоны арвыстон мæ царды хуыздæр азтæ, сыхаг бæстæйы барадхъахъхъæнæг органтæ мын ме ‘взонгадæй байстой 11 азы. 2005 азы бизнес кодтон хæдтулгæты хæйттæй. Никуы ахъуыды кодтаин, Гуырдзыстонæн ирон адæмæй мастисæн фæрæз кæй суыдзæн. Мæ мад – гуырдзиаг, мæ хæстæджытæн сæ фылдæр æмбис гуырдзиæгтæ сты. Гуырдзыстоны тыхон структурæтæ мæнæн равзæрстой иууыл карздæр æмæ æнæуынондæр статья – терроризм. Бакодтой мæ, уæззау фыдракæндтæ чи сарæзта, уыцы ахæстæтты ‘хcæн. Райгуырæн бæстæимæ мын бастдзинæдтæ уадиссаг нæ уыд. Ме ‘фсымæрæн нæ уыд бар мæнмæ æрцæуынæн. Сырх Дзуары æххуысæй-иу мæ хатт бабæрæг кодта мæ фыд. Ме ссæрибармæ иууыл тынгдæр чи бæллыд – мæ ныййарæг мад, уый нал æрæййæфтон. Амард цыппар азы размæ…»

Сосо ма куыд зæгъы, афтæмæй йæ сæрибардзинадыл йæ къух систа. 2005 азы йын Гуырдзыстоны тæрхондон цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадыны тæрхон куы рахаста, уæд æй раздæр уырнгæ дæр нæ кодта æназымæй ныр йæ хæдзар ахæстон кæй суыдзæн. Азтæ куыд цыдысты, афтæ тадысты лæппуйы ныфсытæ, æрцахуыр йæ уавæрыл дæр. Фæлæ 11 азы фæстæ Сосомæ амонд фæхудт йæ мидбылты.

«Райдианы, ме ссæрибары фæстæ цы арæзтаин, уый дæр нæ зыдтон. Ме ‘рцахстæй мæ иу азы фæстæ куы рауагътаиккой, уæд мæ цинæн кæрон дæр нæ уыдаид, адарддæр кодтаин мæ цард. Фæлæ азтæ куыд цыдысты, афтæ мæ ныфс ныссаст, мæ адзалыл сразы дæн æмæ мæхи бацæттæ кодтон фæбадын иууыл къаддæр 25 азы бæрц. Уымæ гæсгæ мæ ссæрибары тыххæй фехъусгæйæ цы æнкъарæнтæ æвзæрс-тон, уыдон мæ бон ныхæстæй радæттын дæр нæу. Æрыздæхтæн æндæр Цхинвалмæ. Мæ хъуыдыйы цы нывтæ баззад, уыдон дзы нал уыдтон æмæ ног царды дзæгъæлтæ кодтон. Хетæгкаты Къостайы загъдау «Æрцыдтæн. Мæхицæй фыддæр, мæгуырæй ссардтон дæу дæр». Хъысмæт нæ бацауæрзта канд мæхиуыл нæ, фæлæ ма мæ бинонтыл дæр. Мæхицæй фыддæр уыд уыдон уавæр дæр. Амард мæ мад. Царды уæз æртардта инвалидон коляскæмæ мæ фыды. 2008 азы хæст æдзæллаг уавæрмæ æркодта нæ хæдзар», – дзуры Сосо.

Цард цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Коцты лæппу дæр цадæггай нывæнды йæ дарддæры цард, цайдагъ кæны ногæй бæллын. Бацыд уæлдæр ахуырдзинад райсынмæ нæ университеты юридикон факультетмæ. Райдыдта кусын таможнæйон управленийы. Дарддæр та фæнд кæны йæ хæдзар бацаразын æмæ бинонтæ скæнын. «Кусын, фæлæ мæ мызд уыйбæрц нæу, цæмæй мæхи тыхтæй мæ хæдзар саразон. Мæ фыд дæр рынчын адæймаг у, кæсын æм хъæуы, æндæр та мын æххуыс никæцæй ис. Раздæры хицауадæй тынг бузныг дæн, кæй мæм фæдардтой се ‘ххуысы къух, горæты администраци мын радта арæзтадон æрмæджытæ, фæлæ мæхæдæг иунæгæй сцалцæг кæнон мæ хæдзар, уый мын не ‘нтысы», – дзуры йæ царды хабæрттæ Коцты Сослан.

Хъыганæн, бынтон мæгуырау разынд Уалыты Георгийы сæрибар царды хъысмæт. Уымæ кæд йæ цардæмбал цæсгомджынæй фенхъæл-мæ каст, йæ чысыл фырты дæр лæгæй æрбай-йæфта, уæддæр, цæрæнуатон проблемæтæ сын кæй уыд, уымæ гæсгæ бинонтæ абон иумæ нал сты. Лæппу æгуыст кæй уыд, уый тыххæй йæхи аппæрста Цæгат Ирыстонмæ. Цавæрдæр цардуагон хъаугъайы фæстиуæгæн уый уæззау уа-вæры бахауд сæры травмæимæ Цæгат Ирыстоны республикон клиникон рынчындонмæ. Уым ын хиуæттæ кæй нæй, уымæ гæсгæ  йæ йæ фырт æрласта нæхи соматикон рынчындонмæ. У уæззау рынчын æмæ йæ дохтырты хъуыдымæ гæсгæ бахъæудзæн дæргъвæтин реабилитаци. Хъæудзæн æй æххуыс. Нæй йын цæрæнуат, рынчындонæй кæдæм хъуамæ ацæуа?!

Хъыгагæн, уый 20 азы размæ ралыгъд Гуырдзыстоны районтæй сæ иуæй. Йæ фырт куыд зæгъы, афтæмæй уыдон ныртæккæ æнхъæлмæ кæсынц Æнæниздзинады министрады йын йæ документтæ квотæмæ кæд бацæттæ кæндзысты.

Зассеты Георги. Уымæн дæр Гуырдзыстоны тæрхондон уынаффæ рахаста цæрæнбонты ахæстоны фæбадын. Фæлæ уый йæ уыцы хъыс-мæтыл никуы сразы. Зæгъы: «Ныр мæ бон у ныфсджынæй зæгъын, цард дарддæр кæй цæуы. Не сæххæст сты, Хуыцауы фæрцы, цæмæй-иу тарстæн, уыцы хъуыдытæ. Иу бон дæр мæхи рох никуы фæхатыдтæн. Ме ссæрибарыл архайдтой, уый зыдтон, уырныдта мæ, æнæмæнг кæй æрыздæхдзынæн Ирыстонмæ. Мæ ныййарджытæ, мæ хо мæм арæх цыдысты. Ме ‘мбæлттæн æрцæуæн нæ уыд, фæлæ алкæддæр зыдтон кæй мыл тыхсынц. Куыддæр Ручъы тъунелæй рахызтæн, афтæ мæхи фæхатыдтæн сæрибар. Ныр дæр ма мæ зæрдыл лæууы куыд мыл æмбæлдысты Цхинвалы, уыцы цины æнкъарæн нырма дæр ис ме уæнгты. Иу уысмау мыл агæпп кодта ацы аз», – зæгъы Зассеты лæппу.

Афæдз сæрибарæй иуран нæ бадт. Æркодта бинонтæ, йæ цардæмбал Плиты Дианæимæ æнхъæлмæ кæсынц сабимæ. «Ахуыр кæнын нырыккон техникæимæ архайын. Æз ахæстоны бадтæн, дуг, техникæ та размæ цыд. Ныр æз цайдагъ кæнын ногдзинæдтыл. Нырма кæронмæ не ‘рбынæттон дæн. Æгæр буц ныхæстæ мын ма рацæуæд, фæлæ мæ фæнды ссарын ахæм куыст, цыран пайда уон мæ бинонтæн дæр æмæ Ирыстонæн дæр. Структурæты кусынмæ мæ мæ зæрдæ нæ хæссы. Иу хъуыддаг фидарæй зонын –  Ирыстонæй мæ æндæр ранмæ никуыдæм фæнды ацæуын», – зæгъы цардбæллон лæппу.

Барис Тъурашвили: Уымæн дæр ам цæрæн хæдзар кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ куыддæр ног бинонтæ скодта, афтæ ацыд Ростовмæ æмæ уым цæрынц йе ‘ввхас хæстæджытæм. Телефонæй куыд зæгъы, афтæмæй йын фатерæй ныфс ба-вæрдтой горæты администрацийы. Кæд æмæ сæххæст кæной сæ ныхас, уæд æнæмæнг æр-цæудзæн Хуссар Ирыстонмæ.

Гъе, ахæм рауадысты сæ хъысмæттæ, 11 азы размæ цы лæппутæм  æнхъæлмæ кастыстæм, уыдонæн.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.