Стыр ирон лæг, курдиатджын инженер Гаглойты Рутены ном зындгонд у æрмæст дыууæ Ирыстоны нæ, фæлæ уымæн æддейæ дæр. Рутены кой кæнгæйæ, мах уайтагъддæр ахъуыды кæнæм ТрансКамы автомобилон фæндаджы тыххæй, кæцыйы фæрцы Хуссар Ирыстонæн бастдзинад ис куыд Цæгат Ирыстонимæ, афтæ Уæрæсеимæ дæр. Ацы стыр адæймагæн фæндаджы арæзтад уыд йæ иууыл стырдæр бæллиц. Хъыгагæн, йæ удæгасæй ирон адæмæн ацы ахсджиаг фæндаг арæзт не ‘рцыд æмæ мæрдтæм дæр йæ мæтæй зæрдæдзургæйæ бацыд. Ручъы фæндагæн егъау историон æмæ ахсджиаг нысаниуæг кæй ис, уый мах нæхиуыл бавзæрстам 1989-2008 азты Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы. Советон дуджы ацы фæндаг арæзт куынæ æрцыдаид, уæд гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды дæргъвæтин æндыгъд азты æмæ 2008 азы тугуарæн хæсты рæстæджы хуссарирыстойнаг адæмæн ацы царды фæндаг куынæ уыдаид, уæд нæ хъысмæт куыд уыдаид, уый зын зæгъæн у …

Гаглойты Рутены мад  Моргойы хъæуккаг Джиотæй уыд. Уый кæд æппынæдзух   куысты лæуд уыд, сæрибар рæстæг ын бынтондæр нæ уыд, уæддæр йæ мады æфсымæртæм цæуын тынг уарзта æмæ-иу куыдфæндыйæ дæр рæстæг ссардта сæ бабæрæг кæнынæн. Гаглойты Рутен ацы уацы авторы фыд Джиоты Александрæн йæ хæрз фыды хойы лæппу кæй уыд, уымæй тынг сæрыстыр уыд. Мæ фыд-иу мын йæ удæгасæй арæх кодта Рутены кой, бирæ цымыдисон хабæрттæ-иу нын радзырдта, фæлæ сæ, хъыгагæн, иууыл нæ бахъуыды кодтон. Уый, дам, улæфын дæр нæ фæрæзта Ручъы фæндаджы мæтæй, æппынæдзух, дам, йæ ныхасы сæр ууыл уыд.  Цæуылфæнды дам-иу ма ныхас кодтаиккам, уæддæр та дам-иу æнæмæнгæй ныхас хъуамæ аздæхтаид фæндаджы темæмæ. Йæ радтæг ирон адæмæн, дам ын бæргæ бантыстаид бирæ хорздзинæдтæ саразын, фæлæ… 1937 азы, дам ын йæ цæстытæ абастой, Тбилисмæ, дам, æй амидæг кодтой æмæ…, – зæрдæрыстæй-иу мын дзырдта мæ дзæнæтыбадинаг фыд.

2017 азы 100 азы сæххæст  зынгæ ирон политикон æмæ æхсæнадон архайæг, Цæгат Ирыстоны раздæры рескомы фыццаг нымæрдар Хъæбæлоты Билары райгуырдыл. Уæд зынгæ гоймаджы 100 азы юбилейы цытæн организацион комитеты уæнгтæ ралæууыдысты ахæм хъæппæрисимæ, зæгъгæ, Ручъы тунелæн лæвæрд æрцæуæд Хъæбæлоты Билары ном.

 Организацион комитеты уæнгты уыцы уынаффæ æнæразыдзинад сæвзæрын кодта хуссарирыстойнаг æхсæнадмæ. Ацы хъæппæрисы фæдыл газет «Южная Осетия»-йы фæрстыл сæ хъуыдытæ загътой РХИ-йы Уæлдæр Советы фыццаг æрсидты депутаттæ дæр. Уыдон банысан кодтой, зæгъгæ, кæд тъунелæн искæй  ном дæттын хъæуы, уæд æрмæстдæр зынгæ инженер Гаглойты Рутены ном, уымæн æмæ уый сорганизаци кодта фыццаг куыстытæ фæндаг саразыны тыххæй, кæцытæ систы фидæны ТрансКамы бындур.

Уæд фехъусæн уыд ахæм ныхæстæн дæр, зæгъгæ, уæддæр ТрансКамы фæндаджы арæзтадмæ стырдæр хайбавæрд чи бахаста – Гаглойты Рутен æви Хъæбæлоты Билар. Уый тыххæй нæ бафæндыд газеткæсджыты зæрдыл æрлæууын кæнын ТрансКамы фæндаджы арæзтады фæдыл цалдæр факты тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, ТрансКамы фæндаджы арæзтады райдианы егъау сты Билары лæггæдтæ, фæлæ уæддæр æмæ уæддæр ацы фæндаджы арæзтады тыххæй фыццаг чи сдзырдта æмæ йын проекттæ чи сарæзта, уый уыд Гаглойты Рутен. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн фæндаг саразыны хъуыды йæ иунæг уысм дæ рох нæ уыд, æвæццæгæн, æхсæв йæ фынты дæр ацы фæндаджы уыдта. 1921 азы Рутены политикон мотивтæм гæсгæ бахъуыд йæ райгуырæн бæстæйæ ацæуын æмæ фæсарæнты рæстæгмæ æрцæрын. 1922 азы уый йæ хæлар зынгæ хирург Гаглойты Сауимæ фыста, зæгъгæ, æхсæвæй-бонæй мæ хъуыдытæ мæ райгуырæбн бæстæ, мæ радтæг адæм, мæ фыдæлты уæлмæрдтимæ сты…». Фæсарæнтæй æрвыста корреспонденци -æмдзæвгæтæ, кæцытæ мыхуыр цыдысты газет «Хурзæрин-ы фæрстыл. Йе ‘мдзæвгæтæ дæр фыст сты йæ радтæг адæмы æнусон бæллиц – фæндаджы тыххæй, кæцы бабастаид Цæгат æмæ Хуссары: «Уымæй фæстæмæ мæ зæрдæ, Карздæр цы хорзыл кæуы: Сихор куы хæрин æз Дзауы, ‘Хсæвæр – Дзæуджыхъæуы!». Æмæ, æппынфæстаг, 1928 азы сæрды æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæмæ. Сæйраг Кавказы хохрагъыл цыбырдæр фæндаг саразыны тыххæй уыд йæ новаторон куыст «Осетинская перевальная шоссейная дорога», кæцы мыхуыр æрцыд журнал «Фидиуæг»-ы 1929 азы. Ном-хуындæй, Гаглойты Рутен æрæвæрдта бындур Ручъы фæндагæн. Сарæзта фæн-даджы проектты цыппар версийы, Ручъы тъунелы динамитæй фыццаг срæмыгъд дæр уый сарæзта (ныртæккæ кæм ис, уым нæ, фæлæ Ручъы хъæумæ æввахсдæр, цыран нæ уыдаид зæйтæ æрцæуыны тасдзинад. Фæндаджы арæзтады куыстытæ цыдысты æнтыстджынæй, фæлæ урæд æрцыдысты, кæй йæ æрцахстой, уый аххосæй. 1937 азы  Гаглойты Рутены фехстой Тбилисы, куыд «адæмы знаг», афтæ.

2018 азы Рутены юбилейон мадзæлтты хуссарирыстойнаг æхсæнад фæндон бахаста, цæмæй Гаглойы фырты цырт æвæрд æрцæуа тъунелы бахизæны.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.