Йæ райгуырæн Ирыстоны æцæг уарзтæй чи уарзы, йæ радтæг адæмæн исты хорзы бацæуынмæ æппынæдзухдæр чи тырны, уыдонæй иу у зынгæ æхсæнадон архайæг, меценат, Стыр адæймаг Лалыты Лев.

Уымæн йæ ном хорз зындгонд у дыууæ Ирыстоны дæр. Уый йæ хæрзиуæгон архайд æмæ йæ хорз хъуыддæгтæй йæхицæн ахæм ном скодта, æмæ йын кад кæнынц ирыстойнаг адæм иууылдæр. Нæ дуджы хъайтар стыр пайда хæссы æхсæнадæн, тыхст адæмæн, æххуысхъуаг бинонтæн, сидзæр сывæллæттæн. Йæ алы къахдзæфæй дæр тауы хæлардзинад, куыд йæ хæдзары, афтæ – районы, уынджы, æмткæй – республикæйы. Уый йæ цард нал уыны æнæ хæрзиуæгон архайдтытæй. Лев цы хæрзаудæн акцитæ сарæзта, уыдон зын банымайæн сты, уымæн æмæ тынг бирæ сты.

Ацы бонты Октябрскы цытджын æгъдауæй байгом  мемориалон фæйнæг фæсчъылдымы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран, РЦИ-Аланийы сгуыхт ахуыргæнæг, «Во славу Осетии»-йы майданы кавалер, Горæтгæрон районы кадджын æмбæстаг  Цæболты Ханджерийæн. Фæйнæг æвæрд æрцыд, Ханджери Георгийы фырт цы хæдзары цард, уый къулыл. Мысæн нысан сæвæрыны инициативæимæ ралæууыд «Ныхас»-ы Октябры хъæуы комитеты уæнг Хестанты Мурат. Мемориалон фæйнæг арæзт æрцыд Лалыты Левы финансон фæрæзтæй. Фæйнæг цытджын æгъдауæй байгом кæныны церемонимæ æрбамбырд бирæ адæм. Бакодтой йæ Хестанты Мурат æмæ Лалыты Лев. «Абон, ацы мемориалон фæйнæг гом кæнгæйæ мæ банысан кæнын фæнды уый, æмæ Цæголы фырт кæй уыд аккаг адæймаг, уый бирæ хæрзты бацыд йæ Ирыстонæн. Кад кæнын хъæуы ахæм адæй-мæгтæн æмæ нæ фарсмæ куынæуал вæййынц, уæд та сын мысын хъæуы сæ ном, уымæн æмæ ацы карз дунейы къаддæрæй-къаддæр кæны зæрдæхæлар æмæ аккаг адæймæгты нымæц. Ханджери та йæ алы хъуыддагæй дæр уыд цæвиттойнаг рæзгæ фæлтæрæн. Нæ фæлмæцыд фæллой æмæ адæмæн лæггад кæнынæй. Ханджери уыд газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Фидиуæг»-ы иузæрдион хæлар. Арæх фыста мидисджын уацтæ æмæ йын сæ æхсызгонæй кастысты газеткæсджытæ. Йæ уæздан сурæт, йæ фæлмæн мидбылхудт, йæ зондамонæн ныхæстæ бынат сссардтой, чи йæ зыдта, уыдоны зæрдæты», – банысан кодта Лалыты Лев.

Нæ дуджы хъайтар Лалыйы фырт стыр хъусдард здахы Ирыстоны фæсивæды æфсæддон-патриотон хъомыладмæ. Уæлдай тынгдæр æй тыхсын кæны нæ культурæ, æвзаг, традицитæ æмæ æгъдæутты фидæн. Стыр куыст кæны нæ адæмы ацы хæрзиуджытæ бахъахъхъæныны тыххæй. Зæгъæм, ныридæгæн меценат Хетæгкаты Къостайы бюсттæ йæхи финансон фæрæзтæй сæвæрдта Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны территоритыл – Знауыр æмæ Дзауы районты, Уæллаг Фиагдоны. Дыууæ азы размæ октябры мæйы та хæларзæрдæ амалиуæггæнæг Хетæгкаты Къостайы бюст сæвæрдта Зилгæйы хъæуы Культурæйы хæдзары цур. Левы сæйраг нысан у, цæмæй ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы зоной фæсивæды минæвæрттæ. Уый нымайы, зæгъгæ, Къостайы портреттæ, бюсттæ хъуамæ конд æмæ æвæрд уой Ирыстоны алы къуымты дæр, цæмæй афтæмæй адæм сæ зæрдыл дарой нæ зынгæ æмзæххоны.   «Уый у йæ радтæг адæмы иууыл зынгæдæр фырттæй сæ иу, кæцыйы цырты цур лæугæйæ, адæймаджы бафæнды хуыздæр уæвын æмæ æрмæстдæр мадæлон æвзагыл дзурын. Мæ бæллиц æмæ нысан сты, цæмæй Хетæгкаты Къостайы цыртытæ æвæрд æрцæуой Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны алы хъæуы дæр. Фæлæ уый тыххæй хъæуы æххуысгæнджытæ æмæ меценаттæ, кæцытæ рахæциккой ацы хъæппæрисы æвварс. Ахæм мадзæлтты фæрцы рæзын кæнæм фæсивæды монон хъомылад, уыдон хъуамæ зоной Ирыстоны стыр адæймæгты тыххæй æмæ сын уой цæвиттойнаг», – банысан кодта Лалыты Лев.

Лалыйы фырт нын куыд радзырдта, афтæмæй æввахс рæстæджы фæнд кæны Хетæгкаты Къостайы бюст сыхаг хæларадон Кæсæг-Балхъары Республикæйы сæвæрын. Налцыччы централон уынджы Къостайы бюст æвæрд кæм æрцæудзæн, уым йæ фарсмæ та сæвæрдзысты кæсæг-балхъайраг номдзыд поэттæй сæ иуы бюст. «Афтæмæй дыууæ хæларадон æфсымæрон бæстæты адæмты хæлардзинад кæндзæн фидардæр. Ирыстон æмæ Кæсæг-Балхъары республикæйы адæм рагæй фæстæмæ цæрынц хæларæй. Ирон адæмы номдзыд хъæбул Хетæгкаты Къоста дæр арæх цыд Кæсæг-Балхъармæ, тынг бирæ хæлæрттæ йын дзы уыд. Иннæмæй та йæ фæндаг уыд ацы республикæйыл, Уæрæсемæ цæугæйæ». Къостайы бюст сæвæрыны тыххæй Лев йæ фæндон фехъусын кодта ацы республикæйы ирон диаспорæйы минæвæрттæн æмæ Кæсæг-Балхъары къухдариуæгад æхсызгонæй  сразы сты йæ фæндыл. Хъуамæ нырмæ дæр æвæрд æрцыдаид, фæлæ сæ пандемийы тыххæй карантин баконд кæй æрцыд, уый сæ ба-хъыгдардта. Лев ма фæнд кæны Къостайы бюсттæ горæт Къуайсайы æмæ Октябры хъæуы дæр сæвæрын. Ныридæгæн æртæ бюсты дæр арæзт æрцыдысты йæхи фæрæзтæй.

Лалыты Лев дыууæ азы размæ февралы мæйы æвзæрст æрцыд «Ветеранты Дзæуджыхъæуы бынæттон совет»-ы организацийы сæрдарæй æмæ уæхскуæзæй æрæвнæлдта йæ куыстмæ. Афтæ ма у РЦИ-Аланийы Æхсæнадон палатæйы уæнг дæр. Уый ауагъта акци «Дети войны», зæгъгæ. «Къаддæрæй-къаддæр кæны Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты нымæц, кæцыты æххуысæй стыр куыст цыд æмæ цæуы фæсивæды патриотон хъомылады тыххæй. Абон хæсты ветерантыл цæуы 95-97 азтæ. Уыдонæй бирæтæн сæ бон нал у Цæгат Ирыстон-Аланийы скъолаты æмæ æндæр ахуырадон уагдæтты коллективты раз ныхас кæнын, сæ мадзæлтты хайад исын. Горæт Дзæуджыхъæуы Ветеранты со-веты раз лæууы фарст, дарддæр патриотон мидисимæ мадзæлттæ уагъд кæй фæрцы хъуамæ цæуой, уый тыххæй. Бауынаффæ кæныны фæстæ æрцыдыстæм иу хъуыдымæ, зæгъгæ, ахæм мадзæлттæм æрбакæнын хъæуы 1928-1945 азты «Хæсты сывæллæтты», кæцытæ, куыд моралон, афтæ физикон æгъдауæй дæр сæхиуыл бав-зæрстой хæстон рæстæджы æппæт зындзинæдтæ, активон хайад истой адæмон хæдзарады, сæудæджерады рæзты хъуыддаджы. Абон æрмæстдæр уыдонæн у сæ бон фæсивæдæн 1941-1945 азты хæсты æппæт тæссагдзинæдты тыххæй радзурын. Хæсты фæсчъылдымы хайадисджыты ацы категорийыл бындуриуæг кæнгæйæ, махæн нæ бон суыдзæн Ирыстоны фæсивæды патриотон хъомылады фæдыл мадзæлттæ аккагæй æххæст кæнын, æхсæнады царды сæ æрбангом кæнын», – радзырдта  Лалыты Лев. Ахæм акци ауадзын фæнд кæны 2022 азы Стыр Уæлахизы боны цытæн дæр.

Меценаты хъæппæрисæй æмæ йæхи финансон фæрæзтæй самалчындæуыд майдантæ «Дети войны», кæцытæ лæвæрд æрцыдысты дæсгай адæймæгтæн, уыцы нымæцы – республикæйы муниципалон районты ветеранон организациты минæвæрттæн дæр. Бирæтæ, хорзæхтæ исгæйæ, сæ цæстысыг нæ урæдтой.

Уый размæ та Цæгат Ирыстон-Аланийы Культурæты хæдзæрттæ æмæ скъолатæн балæвар кодта ноджы иу зынгæ ирон гоймаг – Плиты Иссæйы портреттæ. Дыгуры музейы среставраци кодта Цæголты Георгийы бюст. «Ахæм чысыл нюанстæ, куыд зынгæ æфсæддон разамонджытæ, фысджытæ æмæ æхсæнадон архайджыты цæстуынгæ портреттæ рæзгæ фæлтæры ахуыр кæнынц сæ историйæн аргъ кæныныл, хъомыл сæ кæнынц Райгуырæн бæстæ уарзыныл, кæцы тынг ахсджиаг у ацы вазыгджын æмæ æгъатыр рæстæджы», – банысан кодта уый.

Ацы диссаджы адæймаг æдзухдæр ис царды гуылфæнты, иу ран æрбадт ын нæй. Æдзухдæр тырны адæмы зæрдæ истæмæй барухс кæнынмæ, исты хорздзинад сын саразынмæ. Нæ йæ ферох сты, Цхинвалы зæрæдты æмæ инвалидты хæдзар «Аудын-дзинад»-ы чи цæры, уыдоны дæр. Ацы аз июны мæйы сæм æрцыд лæвæрттимæ æмæ сын сæ зæрдæтæ барухс кодта.

Уæдæ бирæ хорз фæндтæ ис нæ дуджы хъайтармæ æмæ нæ ныфс ис, ноджыдæр бирæ рæстæджы дæргъы йæ рæсугъд хъуыддæгтæй, йæ хæрзаудон архайдæй кæй рухс кæндзæн адæмы зæрдæтæ, уымæй. Уырны нæ, йæ фæндтæ сæххæст кæнын ын кæй бантысдзæн йæ нысанмæ тырнындзинады, оптимизм æмæ фидар удыхъæды фæрцы. Иу адæймагæн цас йæ бон у архайын, змæлын, хорздзинад æмæ хæлардзинад тауын. Лева, бантысæд дын ноджыдæр фылдæр саразын. Хуыцау зæгъæд, æмæ Левайы хуызæн адæймæгтæй Ирыстон хъæздыг цы уа!

Джиоты Екатерина

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.