Царды мæм адæймаджы æппæрццаг миниуджытæй мæнгарддзинадæй æвзæрдæр ницы кæсы. Адæймаг кæрæф у, гъе, та хиуарзон, уæд ма йын уыцы миниуджытæн ныббарæн ис, фæлæ æнхъæл кæмæй нæ уай, уый дыл гадзарахатæй куы рацæуа, уæд зæрдæйæн уæлдай зындæр вæййы. Никуы хъуыды кæны æмæ ме ‘мгæрттыл хинæй разилон, кæнæ та сын исты æвзæрдзинад сæ фæсфæд  саразон. Æмæ адæймагæн йæхицæн мæнгарддзинад саразын йæ бон куынæ уа, уæд æй искæмæн дæр нæ ныббардзынæ, цæрæнбонтæм æм фæхæрам уыдзынæ.

Цæрæнбонты фæхæрам дæн иу агъуысты бын дæргъвæтин рæстæджы цы гуырдзиаг коллегæтимæ куыстам, нæ горæты хæларæй цы гуырдзиаг бинонтимæ цардыстæм, уыдонмæ гадзрахатæй ныл кæй рацыдысты, уымæ гæсгæ. Советон Цæдис куы ныппырх æмæ бæстæ куы сæмтъеры, уæд се ‘цæг цæсгом равыдыстой Хуссар Ирыстоны дæсгай азты хæларæй кæимæ цардыстæм нæ уыцы гуырдзиаг сыхæгтæ. Уыдон аххосæй уынгæджы бонтæ фервыстам 20 азы дæргъы, нæ цард нын зындон фестын кодтой, афтæмæй.

Ирон адæмæй никуы ферох уыдзæн 1989 азы 23 ноябрь. Раст уыцы бон райдыдта гурдзиаг-ирон ныхмæлæуд. Уыцы бон Гуырдзыстоны ‘рдыгæй сæдæгай автобустыл Цхинвалы ‘рдæм рацыдысты мингай гуырдзиаджы «сабырадон» митинг ауадзынмæ, фæлæ сын сæ сау фæндтæ сæ хъуыры фæбадын кодтой ирон цæ-хæрцæст лæппутæ.

Абоны онг дæр хорз хъуыды кæнын, 23-æм ноябры нæ гуырдзиаг коллегæтæ фырцинæй куыд ратæх-батæх кодтой дыууæрдæм, уый. Уый размæ азты хæларæй кæимæ цардыстæм, нæ уыцы гуырдзиаг коллегæтæн арт æмæ фæнык нал уыд, афтæ æдзæсгомæй сæхи равдыстой ирæтты ахасты. Сæ фæнд уыд Тамарашенæй уыцы бон митингмæ цы гуырдзиæгтæ хъуамæ рацыдаиккой, уыдонимæ баиу уæвын æмæ уый фæстæ Гуырдзыстоны ‘рдыгæй чи æрбацыд, уыдоныл сæмбæлын. Фæлæ Тамарашенæй цы гуырдзиæгтæ рацыдысты, уыдоны Театралон фæзуатмæ нæ бауагътой уым дыууæ рæнхъæй цы уæрæсейаг æфсæддонтæ слæууыдысты, уыдон. Уæд сæ фæндаг акодтой ТЭК-ы ‘рдæм æмæ уым баиу сты сæ тбилисаг митингаразджытимæ. Æгæрыстæмæй, сæ маргдзинад равдыстой  гуырдзиаг сылгоймæгтæй ирон цардæмбæлттæ кæмæн уыд, уыдон дæр. Цæвиттон, Джиоты Аланы проспектыл (раздæры Ленины уынджы) 6-æм астæуккаг скъолайы ныхмæ уыд 2-æм гуырдзиаг скъола. Иу бон ацы скъолайы кæрты уагъд æрцыд митинг, цыран раныхас кодтой ирон интеллигенцийы минæвæрттæ, уыдон сидтысты гуырдзиæгтæм раст зондахаст равдисынмæ æмæ уавæр ма скарз кæнынмæ. Митинджы раныхс кодта зынгæ ахуыргонд, историон зонæдты кандидат  Цхуырбаты Иван. Уый йæ ныхас кæронмæ нæ фæци, афтæмæй йæм багæпп кодта ирæтты чындз гуырдзиаг æвзонг сылгоймаг, йæ микрофон ын йæ къухæй раскъæфта æмæ райдыдта ирæтты ныхмæ дзурын. Митинджы  фæстæ йын йе фсинмæ телефоны фæдзырдтам æмæ йын бауйдзæф кодтам, зæгъын, уæ чындзæн ахæм бартæ цæмæн дæттут æмæ уын уæ бинонты цæмæн худинаг кæны ирон адæмы раз. Уый нын сдзуапп кодта, зæгъгæ, дам, раст цыма йæ сæрызонд фæцыд, ахæм хуызæн у æмæ, дам, æппындæр никæмæ уал хъусы. Уый фæстæ та ацы гуырдзиаг сылгоймаг ахæм æдзæсгом, æнæзонд ныхæстæ дзырдта ирæтты ныхмæ ТЭК-ы дæр, фæлæ йæ уырдыгæй расырдтой. Нæ горæты цы гуырдзиæгтæ цардысты уыдонæй мæ фæнды иу бинонты – Къобаладзеты кой скæнын. Ацы бинонтæ тынг хæларæй цардысты нæ горæты иу ирон бинонтимæ. Зæгъæн ис афтæ дæр æмæ æнæкæрæдзи дон дæр нæ нуæзтой, фæлæ уыдон 1991 азы январы мæйы нæ горæтæй æмæхсæвæджы сусæгæй куы фæлыгъдысты, уæд нæ бафæдзæхстой сæ «уарзон» ирон бинонты. Гъе, уый дын гуырдзиаг хæлардзинад, гъе, уый дын гуырдзиæгты лæгдзинад.

Мæ коллегæ Уалыты Джульеттæйы дæр никуы ферох уыдзысты уыцы бонтæ æмæ мын афтæ радзырдта: «Гуырдзиаг газеты кусæг Борцвадзе Гиви-иу мын адджын салам кодта,  иу хатт мын уый загъта, зæгъгæ, дам, мах иу мыггагæй стæм. Æз æм дисгæнгæйæ бакастæн æмæ йæ афарстон, зæгъын уый та куыд бамбарæн ис. Уæд мын уый ахæм хабар радзырдта. Мæнæн, зæгъ, мæ зæрдæмæ цыд Уалытæй иу чызг æмæ, зæгъ, хъуыддаг æрцыд нысан бахæссыны онг. Фæлæ, зæгъ, хабар мæ фыды хъустыл куы æрцыд, уæд мын цæхгæр загъта, зæгъгæ, дам, ацы хъуыддагæн æрцæуæн нæй, мах, зæгъ, Уалытимæ иу мыггаг кæй стæм, уымæ гæсгæ. Нæ фыдæлты, дам, цыдæр аххосæгтæм гæсгæ бахъуыд нæ мыггаг аивыны сæр. Фæлæ фæстагмæ Борцвадзейæн дæр йæ ахаст фæивта ирæттæм. Иу хатт мæхи нал баурæдтон æмæ йын афтæ бакодтон, зæгъын, абон иу мыггагæй нал стæм? Уый мæм æрбакаст, фæлæ мын ницы сдзуапп кодта. Афтæ ныл рахæцыдысты нæ «дзæбæх» сыхæгтæ. Уыдоны аххосæй баззадтæн идæдзæй мæ дыууæ æнахъом чызгимæ æмæ ме ‘взонджы бонтæ кæугæйæ арвыстон», – радзырдта мын Уалыты Джульеттæ.

Æмæ æрмæст Уалыты Джульеттæ нæ баззад идæдзæй нæ цыфыддæр знæгты аххосæй. Ирон мæдтæ, ирон идæдзтæ 20 азы дæргъы бирæ цæссыг фæкалдтой се ‘дзард хъæбулты æмæ цардæмбæлтты тыххæй. Фæлæ ирон адæм разындысты дурвидар, бафæрæзтой алы хъизæмæрттæн дæр æмæ æппынфæстагмæ не ‘нусон бæллиц сæххæст. Ныр 9 азы цæрæм хæдбар æмæ сæрибар цардæй. Абон кæд нæ горæты æмæ æмткæй нæ республикæйы нырма зынынц хæсты фæдтæ, уæддæр нæ хъуыддæгтæ æвзæр нæ цæуынц. Тæхуды афтæ гæнæн куы уаид æмæ ирон адæмы зынгхуыст хъайтартæ сæхи цæстæй куы фениккой Цхинвал куыд рафидыдта, куы йæ базониккой сæ тох æнæхъуаджы кæй нæ фæци, уæд сæ цинæн кæрон дæр нæ уаид. Махæй та хъуамæ алчидæр архайа нæ хæстæфхæрд Ирыстоны рæсугъд фидæны тыххæй. Афтæ куы уа, уæд хъæр мæрдтæм дæр хъуысы æмæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау сæ цард нывондæн чи æрхастой, уыдон уымы бæсты æнусон æнцойад ссардзысты.

Ирон адæмæй та макуы хъуамæ ферох уой гуырдзиæгтæ сын цы хъизæмæрттæ бавзарын кодтой, уыдон. Уадз,  Ирыстоны фидæны фæлтæртæ зоной ирон адæмæн хæлар æмæ знаг чи сты, уыдоны.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.