Сæрдыгон тæвд бонты республикæйæн актуалон свæййы цæрджыты æххæст гуырахстæй гъæджын нуазыны донæй ифтонг кæныны проблемæ. Фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны къабазы æмæ цæрджыты фæрныгадмæ хъусдарды фæдыл комитеты сæрдар Коцты Маринæ дунеон информацион агентад «Хуссар Ирыстон абон»-ы уацхæссæгæн радзырдта, зæгъгæ, комитет йæ план-графикмæ гæсгæ æдзухон мониторинг уадзы æппæт республикæйы нуазыны доны гъæды фæдыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ абоны бонмæ горæт Цхинвалы æмæ районон центрты централизацигонд донифтонгады нуазыны дон иртасгæйæ, рабæрæг вæййы, санитарон домæнтæн дзуапп чи нæ дæтты, ахæм доны гъæд.

«Афтæ вæййы суадоны дæттæ иртасыны рæстæджы дæр, кæцытæн сæ гъæд æвдисгæ у ахæм фактортæй куыд сезонондзинад, къæвдаты бæрцæй, суадон зæххы бын цас арфæй цæуы æмæ суадон цы бынаты ис, уый санитарон уавæрæй. Ситуаци фæхуыздæр кæныны тыххæй уагъд цæуынц донсыгъдæггæнæн ифтонгадты санитарон-техникон уавæры фæдыл контролон мадзæлттæ», – загъта Коцты Маринæ.

Цетрализагонд донифтонгады гъæдыл ма афтæ æндавынц ахæм фактортæ куыд доны куыд æмбæлы афтæ нуазынмæ нæ бацæттæ кæнын, зæххы бынты цæуæг зæронд донуадзæн-канализацион коммуникацитæ, арæх аваритæ æмæ донуадзæн-канализацион системæтæ дон кæй уадзынц, авариты рæстæгыл кæй нæ аиуварс кæнынц, афтæ ма донифтонгады системæмæ æнæсанкцион æгъдауæй æндæр дæттæ баиу кæнын, кæцытæдзуапп нæ дæттынц санитарон нормæтæн æмæ а.д.

«Зæххыбын зæронд коммуникациты æххæстæй баивын æмæ гъæдджын нуазыны дон цæрджытæн дæттын гæнæн ис максималон æгъдауæй фæхуыздæр кæна йæ гъæды», – банысан кодта комитеты сæрдар.

Тъæнгты карз инфекцийæ фæрынчыны цауты рæзт, фыццаджыдæр, æвдисгæ у, цæрджытæн кæй дæттынц, уыцы нуазыны доны гъæдæй.

Фæлæ Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Плиты Агуындæ куыд банысан кодта, афтæмæй 2015 азы уыдис вирусон инфекцийы сытынгдзинад. Бæлвырд æрцыд клиникон симптоматикæмæ гæсгæ уый æххæстæй дзуапп кæй лæвæрдта, донмæ чи баирвæзт, уыцы инфекцийæн, фæлæ ацы вирус доны кæй парахат кодта, уый бæрæг не ‘рцыд.

«Мæ куысты 5 азы дæргъы иу хатдзæг дæр нæ сарæзта фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны къабазы æмæ цæрджыты фæрныгадмæ хъусдарды фæдыл комитет, йæ аххосаг дон кæй у, уый тыххæй.

Инфекцион рынчындоны, кæй зæгъын æй хъæуы, вæййы тъæнгты инфекцийы сытынгдзинад, фæлæ йæ сбæлвырд кæнын, йæ аххосаг дон кæй у, уый нæ бон нæу», – йæ ныхас фæбæлвырддæр кодта Плиты Агуындæ.

Практикæ куыд уынын кæны, афтæмæй адæмæн сæ фылдæр хуыздæрыл нымайынц краны дон нæ нуазын. «Хуссар Ирыстон абон» куыд фехъусын кодта, афтæмæй горæты цæрæг æртæ сывæллоны мад Наниты Аленæ бар нæ дæтты йæ сывæллæттæн ахæм дон нуазынæн.

«Сæйраджыдæр, мах дон ласæм суадонæй, ахæм фадат нын куынæ вæййы, уæд та йæ æлхæнгæ кæнæм, кæнæ та йæ рахсидæм», – загъта уый.

Цæрджытæн рекомендацийы хуызы Коцты Маринæ æмæ Плиты Агуындæ бафæдзæхс-той, цæмæй нуазой æрмæстдæр æхсидгæ дон.

Гаглойты Дзерассæ

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.