Мæскуыйæ нæм æрæхъуыст æхсызгон хабар. Курдиатджын поэтессæ Чехойты Оляйы айстой Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты цæдисмæ. Ацы цауы сæраппонд  10-æм июлы рæсугъд бæрæгбон уыд нæ горæты Анахарсисы номыл республикон библиотекæйы.

Библиотекæйы залмæ æрбамбырд сты интеллигенци æмæ æхсæнады минæвæрттæ – поэт Дыгъуызты Тенгиз, РХИ-йы Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ, ацы министрады библиотекæты фæдыл сæйраг специалист Дриаты Нателæ, фыссæг Наниты Асиат, Медиа-центр «Ир»-ы директор Гаглойты Иринæ, ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим, университеты лектор Хуыгаты Илья, Фæсконфликтон бæстонкæнынады фарстыты фæдыл Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат, Колыты Аксойы номыл аивæдты лицейы директор Кæсойты Лаврент, актрисæ Гугкаты Евелинæ, Табуты Нелли, Зæгъойты Никъала, Бехъмары астæуккаг скъолайы директор Гæбæраты Залинæ, ацы скъолайы ирон æзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Козаты Замирæ æмæ æндæртæ.

Цытджын мадзал байгом кодта Дыгъуызты Тенгиз. «Абон ацы залмæ чи æрбамбырдысты,  уыдонæй алчи дæр хорз зонгæ у Чехойты Оляимæ æмæ йын табу кæнынц йе сфæлдыстадæн. Курдиатджын поэтессæ аккаг уыд, цæмæй йæ айстаиккой УФ-йы Фысджыты цæдисмæ. Дзæуджыхъæуы Ирыстоны Фысджыты цæдисы правленийы æмхуызонæй схъæлæс кодтой уый тыххæй, цæмæй Чехойты чызг суыдаид УФ-йы Фысджыты цæдисы уæнг.  Чехойты чызджы æмдзæвгæтæ кæд хуымæтæг сты, уæддæр тынг зæрдæмæхъаргæ сты, адæмы зæрдæмæ цæуынц, йе ‘мдзæвгæты йын бирæтæ фенынц сæхи хъысмæт дæр. Уырыссаг æвзагмæ тæлмацгонд чи сты, уыдонæй йын æртæ чиныджы ахастон Мæскуыйы Фысджыты цæдисмæ. Уым ын   базонгæ сты йе сфæлдыстадимæ æмæ сæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Йæ биографи йын Николай Дорошенко куы бакаст,  уæд йæ зæрдæ суынгæг æмæ загъта, зæгъгæ, æз дæр сидзæрæй схъомыл дæн æмæ, зæгъ, мæн хуызæн чи зоны, сидзæры цард цахæм вæййы, уый. Хъæлæс кæнынмæ йын  йæ фарст куы æрæвæрдтой, уæд ын схъæлæс кодтой УФ-йы Фысджыты цæдисы 59 уæнджы æмæ афтæмæй ссис Уæрæсейы Фысджыты цæдисы уæнг. УФ-йы Фысджыты цæдисы сæрдар Николай Иванов мын бахæс кодта, цæмæй Оляйæн цытджын æгъдауæй радтаин УФ-йы Фысджыты цæдисы æвдисæндар. Æввахс рæстæджы «Российский писатель»-ы мыхуыр æрцæудзæн Оляйы æмдзæвгæты цикл», – банысан кодта Дыгъуызты Тенгиз.

Дыгъуызты Тенгиз куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Чехойты Оля Республикæ Хуссар Ирыстонæй у фыццаг фыссæг УФ-йы Фысджыты цæдисмæ кæй райстой.

Чехойты чызгæн арфæйы ныхæстæ загъта Дзеранты Джульеттæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, йын тынг æхсызгон у ацы хабар. Бафæндыд æй уымæн дарддæры сфæлдыстадон æнтыстытæ.

Бирæ хъарм ныхæстæ загъта Оляйы адресыл фыссæг Наниты Асиат дæр. «Арфæ дын кæнын, УФ-йы Фысджыты цæдисы уæнг кæй сдæ, уый тыххæй.  Уый стыр хъуыддаг у. Арæх фæхъуыды кæнын ацы сылгоймаджы тыххæй, куыд æфты йæ къухты уыйбæрц хорз-дзинæдтæ аразын, стæй йе ’мдзæвгæтæ фыст сты алыгъуызон темæтыл».

Республикон соматикон  рынчындоны раздæры хирург Зæгъойты Никъала загъта, зæгъгæ, Оля куыд лæггад кæны адæмæн, афтæ ничи. Медицинон кусæджы бонмæ нæ дохтыртæй бирæтыл ныффыста æмдзæв-гæтæ. Иннæ ахæм йæ хæрзаудæн архайд та бынтон диссаг у. Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды райдианты нæ рынчындоны кусджытæ куыстой æнæ рухс æмæ æнæ газæй æмæ-иу нæ цы бахъуыд, уымæй-иу нын нæ къух ацарæзтой Оляйы фырттæ Дзамболат æмæ Ибрагим.

Джиоты Мурат дæр фæстæ нæ фæлæууыд сылгоймаджы тыххæй хъарм ныхæстæ зæгъынмæ. «Абон мах цин кæнæм Оляйы æнтыстытыл æмæ  уый афтæ дæр хъуамæ уа, уымæн æмæ ахæмтæ сты цард рæсугъдгæнджытæ. Дысон та мæ къухмæ райстон Оляйы чингуытæ æмæ та йын йе ‘мдзæвгæтæ кæсгæйæ  сног сты,  цы уæззау фæндæгтыл рацыдыстæм, цы бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстам, уыдон».

Хуыгаты Илья дæр банысан кодта Оляйы æгæрон адæймагон миниуджытæ. Адæмæн лæггад кæнын, зæгъ, ын Хуыцауæй лæвæрд у. Алкæйы рис дæр, дам, æмбары.

Хæсты фæцæфуæвæг лæппутæн æххуысы фонды хистæр Плиты Мадинæ куыд радзырд-та, уымæ гæсгæ дзы инвалидтæ дæр сты тынг райгонд йæ лæвæртты тыххæй. Иу бæрæгбон дæр, зæгъ, æнæ лæвæрттæй нæ ныууадзы скъола-интернатты ахуырдзауты, Сывæллæт-ты хæдзары сидзæрты. Уый куыд загъта, афтæмæй, Уæрæсейы Хъайтар Чепурной Оляйы чиныджы сæвæрдзæн афгайнаг хæстонты музейы.

Тедеты мыггаджы номæй Оляйæн ацы стыр æнтысты тыххæй раарфæ кодта Тедеты То-тыр. «Нæ мыггаг, сæ чындз Оляйæ сты тынг райгонд, никуы йын ничи фехъуыста йæ хъæр ныхас. Алкæмæндæр нæ кæны лæггад, уæздан чындз нын у. УФ-йы Фысджыты цæдисы уæнг кæй ссис, уый стыр хорз хъуыддаг у æмæ мах дæр йемæ цин кæнæм».

Чехойты Оляйæн  ма  раарфæ кодтой  Сывæллæтты республикон библиотекæйы директор Джиоты Аллæ, Плиты Инал, Гугкаты Эвелинæ, Кокойты Валерия æмæ æндæртæ. Плиты Инал куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ирон поэтессæйы УФ-йы Фысджыты цæдисмæ кæй айстой, уый зæгъ, ахсджиаг къахдзæф у дыууæ бæстæйы ‘хсæн интеграцион процессы.

Мадзалы кæрон æрæмбырдуæвджытæн бузныджы ныхæстæ загъта Чехойты Оля. «Абон ацы залмæ мæ бæрæгбонмæ чи æр-бацыд, уыдонæн зæгъын бузныг. Æз гыцци, стæй ме ‘фсымæр æмæ мæ хо дзурынæй кæй нæ бафсæстæн, уый тыххæй æрбахъæбыс кæнин сымахæй  алкæйы дæр æмæ уын мæ зæрдæ радтин хуынау. Уæрæсейы фысджыты зæрдæмæ ме сфæлдыстад кæй фæцыд, уый тыххæй сын дзурын стыр бузныджы ныхæстæ. Мæнæ Тенгизæй курæг дæн, цæмæй сæм фæ-хæццæ кæна мæ арфæйы, æгæрон бузныджы ныхæстæ. Æз УФ-йы Фысджыты цæдисы уæнг кæй сдæн, уымæй Уæрæсе скад кодта ирон адæмæн», – банысан кодта Чехойты чызг.

Чехойты Оляйæн балæвар кодтой дидинджытæ, йемæ зæрдылдарынæн систой нывтæ.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.