Республикæйы зынгхуыссынгæнджытæ дарддæр дæр тох кæнынц зынгсирвæзтыты ныхмæ. Районты зынгхуыссынгæнæн къордтæ дæр раконд æрцыдысты фæтыхджындæргонд режиммæ. Фæстаг 10 боны республикæйы территорийыл уыд 89 зынгсирвæзты. Чи у аххосджын? Цы саразын хъæуы, цæмæй ахæм цаутæй хызт уæм дарддæр.

Уый фæдыл Мыхуыры хæдзары ауагъдæуыд брифинг. Хайад дзы райстой Уæлвæткон уавæрты министр Цоциты Азæмæт, горæты администрацийы хæрзарæзтады хайады сæргълæууæг Лалыты Сослан, Хъæды хæдзарады комитеты хистæры хæдивæг Чилæхсаты  Æхсарбег æмæ Экологи æмæ æрдзхъахъхъæныны комитеты сæргълæууæг Бестауты Бала.

Уæлвæткон уавæрты министр куыд загъта, афтæмæй 2019 азы æмткæй зынгсирвæрзты цаутæ уыд 351. Фæстаг 10 боны та – 89.  Сæйраджыдæр судзы хус кæрдæг. «Цæрджыты ‘хсæн уадзæм профилактикон мадзæлттæ. Уый фæдыл æххуысмæ бахатыдыстæм Мидхъуыддæгты министрады фадыгон милиционертæм. Уыдон, районты администрациты минæвæрттæ æмæ хъæуон администрациты сæргълæуджытимæ иумæ хъуамæ хъæуты цæрджытимæ ауадзой беседæтæ. Бамбарын кæной быдыртæ æмæ цæхæрадæтты хус кæрдæг судзын тæссагдзинад кæй хæссы адæймагæн. Инспекторты рекомендацитæ чи не ‘ххæст кæна, уыдон цæудзысты ивар.

Уæлвæткон уавæрты министр радзырдта йæ дæлбар уæвæг структурæтæ ныр дыууæ суткæйы кæй кусынц, горæтæн цæгатварсæрдыгæй цы брондон ис, уый ахуыссын кæныныл.

«Зынгсирвæзты бынаты, нæ техникæйæ дарддæр, архайынц горæты администраци, арæзтады министрады æмæ «Дорэкспострой»-ы дæлбаруæвæг техникæ дæр. Арæзт æрцыд оперативон штаб. Бронкалæн полигоны кусы æртæ зынгхуыссынгæн къорды дыууын адæймаджы скондæй. Уыдон, æхсæвæй-бонæй, сты бынаты æмæ архайынц зынг ахуыссын кæныныл. Тыхджын фæздæг æмæ æнуд тæфмæ нæ кæсгæйæ, уæзласæн машинæтæ ардæм ласынц сыджыт æмæ йæ калынц брондоны, стæй йæ лæгъз кæнынц бульдозертæй. Дон дæр ыл бæргæ калдтам, фæлæ уый ницы ахъаз уыд полигонæн, кæцы зæххæй у 30 метр бынмæ къахт. Бынæй судзы пластик, алыгъуызон токсикон марг химикаттæ баиу сты æмæ гуылф кæнынц уæлдæфмæ. Ацы уавæры иунæг раст архайд у сыджыты бын æй баныгæнын. Куысты гуырахст стыр у, фæлæ йæ хъуамæ изæрмæ фæуæм», – дзырдта уæлвæткон уавæрты министр.

Цоциты Азæмæт зынгсирвæзты аххосаг бæтты адæмы уæлæнгай ахастимæ. Хус кæрдæджы хал куыддæр ссудзы, афтæ уадид апарахат вæййы стыр тагъдадæй.

«Ивгъуыд къуыри Цхинвалы районы хъæутæй сæ иуы цæрæг йæ цæхæрадоны хус сыфтæртæ æмæ кæрдæджытыл арт бафтыдта. Зынг уайтагъд бахызт йæ сыхæгты кæртмæ æмæ ссыгъд, кæрты цы зынаргъ фæсарæйнаг маркæйы машинæ лæууыд, уый».

Уæлвæткон уавæрты министр ма катайдзинад равдыста, адæм зынгмæ уæлæнгай цæстæй кæй кæсынц, уый тыххæй. Дыууæ боны размæ, зæгъгæ, Уанаты хъæуы уыдыстæм зынгхуыссын кæнынмæ. Уыцы рæстæджы фæздæг скалд Дменисы хъæуæй. Фæлæ цæмæдæр гæсгæ æххуысмæ ничи дзырдта. Рацыд дыууæ сахат æмæ арт кæйдæр хæдзармæ куы бахæстæг, æрмæстдæр уæд райдыдтой фæдис кæнын. Цæмæннæ уыд гæнæн, цæмæй хъæуы цæрджытæ бахыстаиккой цалдæрæй æмæ бацархайдтаиккой зынг ахуыссын кæныныл, белтæй йыл сыджыт бакалгæйæ. Цæрджытæ афтæ хъуыды кæнынц, ома, зæххы уæлцъар куы басудза, уæд уый пайда у, хъацæн у. Æцæгæй та сыгъды мидæг ницы ис пайдайæ. Йæ фæздæг ныхъуырын адæймагæн хæссы зиан, расайы алыгъуызон низтæ.

Экологи, геодези, картографи æмæ æрдз хъахъхъæныны комитеты сæргълæууæг Бестауты Бала зынгсирвæзты аххосаг рахуыдта кæйдæрты фыдаудæн ахаст æрдзмæ. Хъуамæ, зæгъгæ, сбæрæг кæнæм уыцы фыдгæнджыты æмæ сæ карзæй бафхæрæм, закъоны фæлгæтты. «Ацы хъæстæ фæздæг зиан хæссы æрмæст адæймагæн нæ, фæлæ флорæ æмæ фаунæйæн дæр. Ныртæккæ та судзы Зонкъары æвæрд хъæд. Гуылф кæны ахæм рæтты, кæдæм техникæ нæ рæхсы. Æрмæст зынгхуыссынгæнджытæ ам ницы бакæндзысты, хъæуы лæгдых. Фыдгæнджытæ æмбаргæ дæр нæ кæнынц, цахæм фыдракæнд сарæзтой æрдзы ныхмæ. Æрдзы алцыдæр баст у кæрæдзийыл. Цас маргъ, уырынгон æмæ сырд фæмард хъæды, уый æмбаргæ дæр нæ кæнынц», – дзырдта катайгæнгæ Бестауты Бала.

Уый ма æрсидт хицауадмæ, цæмæй фыдгæнджыты сбæрæг кæныны тыххæй расидой преми. Ацы диверсион архайдæн, зæгъгæ, скуынæггæнæн ис æрмæстдæр ахæм хуызы. Бирæты зæрдæмæ тынг цæуы фыдракæндтæ аразын. Æхсызгонау сæм кæсы хус кæрдæг куыд судзы. Ахæмтæй цалдæрыл уголовон хъуыддæгтæ конд куы æрцæуа, уæд æндæртæ нал уæнддзысты.

Бестауты Бала æрсидт медиктæм дæр, цæмæй æмбарынгæнæн беседæтæ уадзой адæмимæ æмæ сын бамбарын кæной, фæздæг цы зиан хæссы адæймагæн, уый.

Уазæгты Марфæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.