«Уарзын дæ»

Мыхуыры рацыд курдиатджын поэт, дзæнæттаг Миндиашвили Сергойы æмдзæвгæты æмбырдгонд. Чиныг мыхуыр æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты рауагъдон къамисы уынаффæмæ гæсгæ. Йæ редактор у поэт Хъодалаты Герсан.

Миндиашвили Серго райгуырд 1940 азы Цхинвалы районы Сарабукъы хъæуы. Каст фæцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон институт. 1963 азы йæм æрсидтысты Советон Æфсады рæнхъытæм. Æфсады фæстæ куыста Хуссар Ирыстоны радиокомитеты тæлмацгæнæгæй. Уый фæстæ та – газет «Советон Ирыстон»-ы корректорæй. Куыста Знауыры районон газет «Колхозон цард»-ы хъæууон хæдзарады хайады сæргълæууæгæй. 1986-2007 азты куыста рауагъдад «Ирыстон»-ы редакторæй. Миндиашвили Серго ирон поэзимæ æрбацыд 50-æм азты кæрон. Йæ фыццаг æмдзæвгæтæ мыхуыр æрцыдысты журнал «Фидиуæг»-ы 1959 азы. 1966 азы рауагъта йæ фыццаг чиныг  поэтикон æмбырдгонд «Ныхас хуримæ». Мыхуыры йын рацыдысты ахæм чингуытæ, куыд, зæгъæм: «Хæрæфырты хуын», «Æнусон зарæг», «Быцæу мæлæтимæ», «Мæ хурхæтæны сагъæстæ», «Дæ рухсмæ цæугæйæ» æмæ æн-дæртæ.

Поэты æмдзæвгæты ног æмбырдгондмæ бацыдысты 224 æмдзæвгæйы. Æмбырдгонды ма мыхуыр æрцыдысты, Миндиашвили Сергойы тыххæй йæ хæлæрттæ Хъодалаты Герсан, Плиты Батыр, зынгæ англисаг поэт Уолтер Мэй, Гатыгкоты Эдуард цы æмдзæвгæтæ ныффыстой, уыдон дæр.

Поэты æмдзæвгæтæ сты мидисджын æмæ алыгъуызон. Йе ‘мдзæвгæтæй йын иу цалдæры бакæсгæйæ, æнæзонгæ адæймагмæ афтæ фæкæсдзæн, раст цыма поэтимæ дæсгай азты зонгæ у. Уый уымæн афтæ у æмæ поэт йе ‘мдзæвгæты бавæрдта йæ уды фарн, йæ зæрдæйы хъармдзинад, йæ зæрдæйы хъæдгæмттæ æмæ сусæгдзинæдтæ. Ирдæй зыны, Миндиашвили Сергойæн йе ‘мдзæвгæты рæнхъытæ зæрдæйæ ратæдзгæ кæй сты, уый.

Йе ‘мдзæвгæ «Дзуапп»-ы фыссы, сæ националистон политикæмæ йæ хъусæйласæгау чи кодта, йæ уыцы гуырдзиаг «хæлæрттæн».

«Мæ сæр нæ тъыссын æз цæхæры, –

Кæнынц уæ бæллицтæ сымаг…

Синмæ ‘ввахс фыд кæй нæ хæрын

Уый хъуамæ зониккат сымах!

Æмдзæвгæ «Ме ‘рвадæлтæн»-ы  рæнхъытæ:

Дуне мах хъæуы, –

Гормæттæ, –

Сагъуыд ыстæм хæстыл!

Рацæрыны фадат раттæм

Ирæн дæр йæ бæстыл!

Поэт йæ ацы æмдзæвгæты равдыста ирон адæмы кæй æфхæрдтой, уый фæстиуæгæн йе ‘мтуг гуырдзиаг адæммæ хæрам цæстæй кæй каст, уый.

Миндиашвили Серго Ирыстоны æнахуыр уарзтæй кæй уарзта, уый зыны йе ‘мдзæвгæ «Мæ Ир, дæ уарзт мæ туджы ис»-ы мæнæ ацы рæнхъытæй дæр:

«Мæ чысыл, фæлæ хуры къæртт,

Мæ уарзон къуым, мæ Ир!

Дæуыйас цин, дæуыйас мæт

Зæххы цъарыл кæм и?!

Мæ риу дæ хурæй хурджын у,

Мæ арм, дæ зæххау – тæвд.

Мæ Ир, дæ уарзт мæ туджы ис,-

Мæ цард æнæ дæу – сæфт».

Миндиашвили Серго йæ амæлæты боны онг тынг æнгомæй фæцард йæ цардæм-бал Цхуырбаты Феняимæ: «Мæ уарзт мын дидинджытæ байстой, Æмæ йæ айстой семæ Ирмæ… Мæ цард æнустæм демæ баст у,- Нæ цин, нæ хъыг кæндзыстæм иумæ».

Поэт цыма йæ мæлæты хабар зæр-дæйæ хатыд, уыйау фыста йе ‘мдзæвгæ «Мæрдонхур»-ы: «Ныззæронд, нывзæр дæн, Æрцыдис рæстæг – Ныр цардæй æз мæрдтæм, Лæудзынæн хæстæг. Цыппар къулы, Уазал… Æнæарт хæдзар… Æфхæрд уд – сæ уацар, Æнæцин – мæ цард».

Иудзырдæй, поэты æмдзæвгæты æм-бырдгонд йæ къухмæ чи райса, уый баззайдзæн райгондæй, курдиатджын поэты æмдзæвгæтæй йæхи атонын йæ бон не суыдзæн бирæ рæстæджы дæргъы….  Миндиашвили Серго йе ‘нусон бæстæм бацыд 2011 азы сентябры мæйы. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ацы курдиатджын поэты Ирыстоны адæм, йæ хæлæрт-тæ, йæ зонгæтæ кæй бахъуыды кодтой, куыд уæздан æмæ хæларзæрдæ адæймаг, афтæ.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.