Æрæджы нæ республикæйы мыхуыры фæрæзты рацыд ирон дзырды дæсны, фыссæг, нывгæнæг, журналист-публицист, Ирыстоны фысджыты цæдисы уæнг, Республикæ Хуссар Ирыстон – Паддзахад Аланийы Парламенты Национ политикæ, культурæ, ахуырад, дин, зонад æмæ дзыллон информацийы фæрæзты комитеты сæрдар Гæбæраты Юрийы ног чиныг. Чиныджы сæйраг редактор у зындгонд фыссæг Биазырты Роланд. Чиныгмæ хаст æрцыдысты, Гæбæрайы фырт йæ фæллойадон куысты дæргъы цы публицистикон æрмæджытæ рауагъта мыхуыры, куыд газет «Хурзæрин», афтæ æндæр æмæ æндæр мыхуыры фæрæзты дæр, уыдон.

Æвæццæгæн, зынгæ æхсæнадон архайæг Гæбæраты Юри  æнæзонгæ никæмæн у,  фæлæ йæ цард æмæ йе сфæлдыстадыл æнæзæгъгæ дæр нæй. Райгуырд æмæ схъомыл ис Хуссар Ирыстоны  Цхинвалы районы Залдайы хъæуы зæхкусæг бинонты ‘хсæн.  Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультеты. Йæ фæллойадон куыст райдыдта хæрзæрыгон лæппуйæ  – æстдæсаздзыдæй. 1978 азы райдыдта кусын Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры монтажгæнæгæй. 1990 -1999 азты куыста журнал «Фидиуæг»-ы  сæйраг редакторæй. 1998-æм азы æвзæрст æрцыд Æппæтирон адæмы фæсивæдон цæдисы сæрдарæй, Стыр Ныхасы политсоветы уæнгæй. Уыцы аз ма сси Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты  депутат дæр æмæ 2014 азæй та кусы РХИ-йы Парламенты. Йæ фæллойадон куысты дæргъы у Ирыстоны цæгат æмæ хуссары  æхсæнадон политикон царды активон архайæг.

Йе сфæлдыстадон куыстмæ дæр Гæбæрайы фырт æрæвнæлдта æрыгонæй, фыста алыгъуызон темæтыл радзырдтæ, таурæгътæ уацаутæ æмæ сæ мыхуыр кодта  куыд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, афтæ Уæрæсейы æмæ Беларусы периодикон мыхуыры фæрæзты дæр.  Хуымæтæджы фæллойгæнæг бинонты ‘хсæн схъомыл уæвгæйæ, Юри æмбæрста ирон æхсæнады царды сæвзæргæ проблемæтæ æмæ сæ аскъуыддзаг кæныны фæрæзтæ. Йæ аивадон уацмысты хъайтартæ дæр кæддæриддæр уыдысты хуымæтæджы фæллойгæнæг ирон адæм, уыдоны царды уавæртæ. Уый ма дзурæг у ууыл, æмæ Гæбæрайы фырт цы адæмы хаттæй рацæугæ у, цы нацийы ном хæссы, уыцы адæм ын сты æнæкæрон зынаргъ. У йæ ирон адæмы цинæй амондджын æмæ сын сæ зындзинæдтыл та риссы зæрдæйæ. Йæ райгуырæн бæстæмæ йын ахæм аудгæ ахаст кæй ис, уый бæлвырдæй æвдыст цæуы  йæ ног чиныджы æрмæджыты  дæр.

Ирон адæм 20-æм азтæй фæстæмæ Гуырдзыстоны тугдзых къухдариуæгады  аххосæй цы хъизæмæрттæ февзæрстой, уыдонмæ йæ ахаст æвдисы Юри йæ уацты иу хайы, фæлæ йæ сæйраг темæ у райгуырæн бæстæйы, йæ уарзон ирон адæмы сомбон. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнæ ивгъуыд нæ вæййы фидæн дæр, æмæ автор йæ чиныджы æвдисы Ирыстон йæ ивгъуыды гакъонмакъон фæндæгтыл хъизæмæрттæ æвзаргæ-йæ куыд æрхæццæ абоны ног цардмæ, уый.  Ныр та йын райдыдта царды ног этап æмæ йæ райдайын хъæуы ног хуызы. Чиныджы фыццаг уац  «Цы номæй дæм бадзурæм?»- ы автор бæлвырдæй æвдисы,  Хуссар Ирыстоны адæм 2008 азы фæсхæсты дуджы кæй сты ног цардмæ рахизыны фæндагыл лæуд, фæлæ нырма æххæстæй не сты æмзонд, сæ ныхас дæр кæрæдзийыл нæма бады, сты сæхи мидхъуырдухæнты Хуссар Ирыстоны республикæйæн йæ ном раивыны фарсты фæдыл. Сæ хъуыды уыд иу – хъæуы йæ раивын, фæлæ фарст уый мидæг уыд – куыд?

Уацы автор фыссы: «Дзырд дæр ыл нæй, нæ республикæйы ном раивинаг кæй у. Фыццаг рады уымæн, æмæ мах аланты фæдон-тæ стæм æмæ дзы дзырд «Алани» æнæмæнг хъуамæ уа, дыккаджы та уый, æмæ махæн ис иу фыдыбæстæ. Уыцы фыдыбæстæ хъуамæ дыууæ дихы ма уа, фæлæ цалынмæ дыууæ дихы у, уæдмæ хъуамæ хæссой æмхуызон нæмттæ, цæмæй йæ æндæр адæмтæ дæр зоной, иу адæм кæй стæм…».

Уацмыс фыст æрцыд 2016-æм азы æмæ авторы хъуыды йæ адæмы фæндонимæ иу кæй уыд, уый рабæрæг 2017-æм азы апрелы мæйы  Хуссар Ирыстоны уагъдæрцæуæг референдумы фæстиуджытæй.

Чиныджы автор йæ уацмысты бындуриуæг кæны 1989-æм азæй абоны онг æмæ ма ивгъуыд æнусы 20-æм азты  Ирыстоны æрцæугæ цаутыл. Уымæ гæсгæ чиныг ис сæвæрæн  историон документты æмрæнхъ.  Уацмыстæн кæд ис историон нысаниуæг, уæддæр сты хуымæтæджы æвзагæй фыст. Кæй зæгъын æй хъæуы, истори фыст цæуы æмбæлон зонадон фæлгæтты, фæлæ публицистикæйы  бындур сæйраджыдæр  сты историон цаутæ æмæ уымæ гæсгæ йæ уæвынад у æнæмæнгхъæуæг. Хуымæтæджы чиныгкæсæгæн йæ бон нæу историон терминологи райхалын, Гæбæрайы фырт йæ чиныджы цы æвзагæй пайда кæны, уый та кæцыфæнды чиныгкæсæгæн дæр у æнцонæмбарæн.

Фæстаг рæстæджы Ирыстоны истори æмæ йæ абоны цаутæм дæр цымыдис кæнынц куыд Ирыстонæн æддейæ цæрæг ирон адæм, афтæ дунейы æхсæнад дæр. Ахæмтæн дæр Гæбæрайы фырты «Публицистикæ» ахъаз фæуыдзæн нæ ногдæр историимæ бæстондæр базонгæ уæвынæн. Зæгъæм, уац «Æнустæм чи нæ байгас уыдзæн, уыцы хъæдгом»- ы автор фыссы:

«…Иу геноцидæй иннæ геноциды ‘хсæн нын никуы радтой нæ хъæдгæмттæ байгас кæныны фадат. Иу тугкалд сæм æгъгъæд никуы фæкаст, иу туджы зæйæ нæхи кæронмæ никуы ныхсадтам, афтæмæй-иу ныл рауагътой ног туджы зæй… фæлæ дзы уæддæр æмæ уæддæр Зары трагедийæ уæззаудæр æмæ æвирхъаудæр нæй. Уымæн æмæ-иу  боны мидæг уал адæймаджы фесафын мах хуызæн чысылнымæц адæмæн æгæрон трагеди у, иннæмæй та уæззау у йе ‘лгъагдзинад…» æмæ дарддæр   «… знагæй дæр дæ хъуамæ амонд уа! Уый та цахæм знаг хъуамæ уа, зæрæдты, сылгоймæгтæ æмæ æнахъом сабиты, тæппуд сырдау, фæсфæд нымбæхсгæйæ, сухты цагъд ныккæнын йæ сæрмæ чи бахæсса?!…». Уацы ацы скъуыдздзагæй дæр бæлвырд у, ирон адæм сæ раздæры «æфсымæрты» къухæй цы хъизæмæрттæ æвзæрстой, уый.

Йæ уац  «Намысы рæстдзинад æмæ фыдыбæстæйы хъысмæт»-ы авторæн йæ бон сси  Ирыстоны къуымты иу кæронæй иннæмæ мыхуыркæсæджы цæстæнгас ахæссын, йæ уавæртæ йын куыд хорзæрдæм, афтæ критикон цæстæнгасæй дæр равдисын. Критикон цæстæнгас та æнæмæнг хъуыддаг у æнтыстджын размæцыдæн. Адæймаг йæхи аиппытæ куынæ уына, уæд йæ тырнынад у къаддæр. Афтæ у æхсæнады хъуыддаг дæр. Уацмысы автор нысан кæны, махæн, ирон адæмæн, нæ бон бирæ кæй у, фæлæ нæ нæ фæнды не ‘рмттæ кæрæдзийыл æрхойын нæхи хæрзæбонæн, уыйхыгъд æппæтæй  дæр æнхъæлмæ кæсæм Уæрæсейы æрбадæддæгтæм. Нæ хæдбардзинад нæхи ‘рдыгæй фæцис æмæ дарддæр нæ «фæллад уадзæм»: «…Хæдбардзинад расидыны тыххæй туг ныккалын фаг нæу – кусын, фыдæбон кæнын хъæуы. Искæйы æппарæггаг къæбæртæй ничи ма схъæздыг ис…», – фыссы автор æмæ сиды йæ адæммæ, цæмæй банкъарой бæрндзинад Ирыстоны дарддæры цард размæ кæныны, рæстæгимæ æмдзу кæныны сæраппонд.

Гæбæрайы фырты зæрдæ æнæуынгæ тæгтæй баст  у, кæмæндæриддæр зынаргъ у йæ райгуырæн бæстæ  æмæ чидæриддæр тох кæны йæ абоны размæцыды, йæ рæсугъд фидæны тыххæй, уыдонимæ. Уыцы патриотикон ахаст уый равдыста  зынгæ ирон фысджыты æмæ райгуырæн бæстæйы сæрыл тохгæнджыты нæмттæ кæм ары, йæ уыцы уацты. Уыдоны тыххæй чиныджы ис бакæсæн уацтæ «Зæххон хуыцæутты зæххон романтик» – Гаглойты Владимир, «Йæ дуджы фарны минæвар» – режиссер Хъайырты Владимир, «Йæхи ном, йæхи фарнимæ» – Хъазиты Мелитон», “Ирд æмæ хæдгъуыз курдиат” – Джыккайты Иван, «Исидор» – Козаты Исидор, «Нæй бафсæдæн Ирыстоныл зарынæй» – Харебаты Тимур, «Лæджы фарн сæрыстырæй кæм цæры, уыцы дуне» – Ходы Камал, «Æмæ ныууагъта рухс фæлгонц йæ фæстæ» – Икъаты Владимир, «Цардмæ зæрдæйы цæстæй кæсын» – Æлборты Хадзы-Умар æмæ æндæртæ.

Стыр хъыгзæрдæйæ сæмбæлд Гæбæрайы фырт Ирыстоны намысы лæгтæй сæ иу – Джыккайты Шамилы æвирхъау амæлæтыл. Йæ уацмыс «Иры зарæг, Иры хъарæг»-ы фыссы: «Дзурæм: Шамилы амардтой, нæ намысы лæгæн нын йæ сæр ралыг кодтой. Нæу афтæ… Шамилы нæ амардтой, Шамилы сæр нæ ралыг кодтой  – Ирыстоны амардтой, Ирыстоны сæр ралыг кодтой!.. Æрцæудзæн рæстæг æмæ Шамилæн йæ царды хабæрттæ, куыд æхсæны лæджы цардвæндаг, афтæ йе сфæлдыстад чи ахуыр кæна, уыцы фæстагæттæ тæхуды кæндзысты Шамилы æмдугонтæм…», – фыссы Юри.

Гæбæрайы фырты чиныг «Публицистикæ»-йы ис бакæсæн 130 уацæй фылдæр,  уыдон се ‘ппæт дæр сты кæцыфæнды чиныгкæсæгæн дæр цымыдисон. Уымæн æмæ алы уацæй дæр ис базонæн куыд Ирыстоны  æрцæугæ  хабæртты  тыххæй, афтæ ма сæ ис, журналисты дæсныйады мидисджын æмæ гъæдджын уацтæ фыссыны  сахуыр уæвыны  тыххæй дæнцæгтæ райсæн дæр. Юрийы ацы сфæлдыстадон хуын нæу Ирыстоны чиныгкæсджытæн  фыццаг;  2007  азы Цæгат Ирыстоны рацыд йæ чиныг «Урс кувæндон», 2014 азы Цхинвалы та мыхуыры рауагъта йæ радзырдтæ æмæ уацауты чиныг «Ирис».  Ирон национ аивады историйы уæзгæ бынат ахсынц, Юри хъæдæрмæгæй цы ирон национ мигæнæнтæ сарæзта, уыдон дæр. 2012 азы уыдон иллюстрацигонд  мыхуыры рауагъта йæ чиныг «Резьба по дереву»-йы.

Гæбæрайы фыртæн ноджы дæр нæ зæрдæ зæгъы æнтыстыты фæндиæгтæ    йæ уарзон Ирыстоны сæрвæлтау йе сфæлдыстадон æмæ фæллойадон куысты.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.