«РУХСХÆССÆГ КАДÆГ» ÆМÆ «МÆ ЧЫЗДЖЫ ФАРСТЫТÆ»

Æрæджы мыхуыры рацыдысты зынгæ фыссæг æмæ зонадон кусæг, Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитоны дыууæ чиныджы – «Рухсхæссæг кадæг» æмæ «Мæ чызджы фарстытæ».

Чиныг «Рухсхæссæг кадæг»-ы автор адæмы рæгъмæ рахаста ахсджиаг фарст, зæгъгæ, «Алгъуызы кадæг» у фыццаг ирон поэт Сослан Цæразоны, йæхихуызæн рухсхæссæг фыдæлтыккон поэтикон уацмыс æмæ, зæгъ,  райгуырд гуырдзиаг æвзагыл XII-æм æнусы, фæлæ йе ‘цæг авторы номыл фыццаг хатт рухс федта 2016-æм азы. Ацы чиныгмæ автор бахаста, кадæджы тыххæй цы æрмæ-джытæ ныффыста, уыдон, æмæ чиныгкæсæгæн цымыдисон кæй уыдзысты, уый дызæрдыггаг нæу. Чиныг цæмæй рухс федтаид, уый тыххæй автор бирæ бафыдæбон кодта, уымæн æмæ цы ахуыргæндты куыстытæ хæссы рæгъмæ, уыдон хуымæтæджы адæймаг æнцонтæй не ‘ссардзæн. Чиныджы ис бирæ зындгонд ахуыргæндтæ, фысджытæ ацы фарсты фæдыл цы информаци фæфыстой, ахæм æрмæджытæ. Бæстондæрæй та Абайты Васо, Тогойты Гиуæрги, Цыбырты Людвиг, Гаглойты Юри, Джыккайты Шамил, Джусойты Нафи, Бестауты Гиуæрги, Тыбылты Алыксандр, Биазырты Алыксандр, Байаты Гаппо, Всеволод Миллер, Калоты Георги æмæ ноджы бирæ æндæрты фыстытæ.

Хъазиты Мелитон нысан кæны, зæгъгæ, Гæбæраты Иуане стыр ахуыргонд, стыр лæг кæй уыдис, ирон адæмæн йæ лæггæдтæ бирæ кæй сты, уый нæ алчи дæр зоны, фæлæ  никуы ис фыст Иуане ахæм чингуытæ фыста, уый. Стæй, зæгъ, Иуанейы рæстæджы чингуытæ фыстой гæххæттыл æмæ «Алгъуызы кадæг» та у цармыл фыст. «Алгъуызы кадæг» фыццаг хатт мыхуыры фæзынд 1885 азы æмæ йæ рауагътой Калачы. Куы йæм æркæсай, уæд дзы кокоммæ æвдыст цæуы, Ирыстоныл фыст кæй у, ирон цард дзы æвдыст  кæй цæуы, уый. 1897 азы дыккаг хатт куы рацыд, уæд уым сæ ахуыргонд Багратиони бæлвырд кæны, зæгъгæ, уый у Дауыт Сосланы фыст.

Чиныгаразæг куыд бæлвырд кæны, уымæ гæсгæ «Алгъуызы кадæг» æмæ «Фæранчы цармдарæг» ныффыста иу автор æмæ, зæгъ, уыцы автор та у Сослан Цæразон.  Дыууæ кадæджы дæр иронау мæлгъæвзагæй сдзурын кодта дзæнæты бадинаг Бестауты Гиурæги. Мелитон фыссы: «Бестау уатон рынчын куы уыд, уæд æм иу хатт мæхи фæкъæйных кодтон æмæ йæ афарстон, зæгъын, «Фæранчы цармдарæг» æмæ «Алгъуызы кадæг» æцæгæй афтæ æнгæс сты, æви сæ тæлмац фæхæстæгдæр кодта? Уый æнкъард мидбылхудт бакодта æмæ мын афтæ зæгъы, зæгъгæ, сæ оригиналы чысыл æрæмных кæн æмæ йæ дæхæдæг фендзынæ, уыд йæ цыбыр, фæлæ рæстаг дзуапп». Дарддæр Хъазийы фырт фыссы: «Бæлвырдæй нын æмбæлы «Алгъуызы кадæджы» авторы  базонын. Уый æрмæст нæ литературæ райдайæныл баст нæу. Дзуры æмткæй нæ адæмы, нæ Фыдыбæстæйы историйыл. Æмæ нæ,  «Алгъуызы кадæгыл» хъуыдыгæнгæйæ, историйы фæндаг кæны йе ‘цæг автор Сосланмæ – Сослан Цæразонмæ. Нæ фылдæры зæрдæйы æвæрд чи у, уыцы хъуыдыйæн у раргом кæныны рæстæг æмæ йæ нал хъæуы æмбæхсын. Рæстдзинад кæд-дæриддæр йæхæдæг æгæрды йæхицæн фæндаг».

Зæгъын хъæуы уый, æмæ Мелитон ацы чиныг кæй рауагъта, уымæй кæй сарæзта уæндон къахдзæф, фæлæ ууыл æрлæууын нæ хъæуы. Æнæмæнгхъæуæг у ацы здæхты куыст адарддæр кæнын æмæ, боныфæстагмæ, сбæрæг кæнын «Алгъуызы кадæг»-ы æцæг авторы. Куыд дзурынц, уымæ гæсгæ, зæгъ, хъæуы Иерусалиммæ ацæуын, цæмæй, зæгъ, сбæрæг уа  йе ‘цæг авторы ном. Æмæ уыцы хъуыддаг та тынг зын саразæн нæу. Адæймаджы куы бафæнда, уæд мæймæ дæр атæхдзæн…

«МÆ ЧЫЗДЖЫ ФАРСТЫТÆ»

Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды рæстæджы автор йæхиуыл бавзæрста хæстон удхайраджы бонтæ, уымæ гæсгæ йæ чиныг «Мæ чызджы фарстытæ»-йы автор равдыста ирон адæмæн сæ цыфыддæр знæгтæ цы стыр хъизæ-мæрттæ бавзарын кодтой, уыцы цауты. «Уары Чъребайы уынгты калакаг арвæй сырхзынг их… – Баба, бындзагъд кæнынмæ нæ цæмæн хъавынц куыйдзыхтæ? – йæ цæссыгтæ згъалы мæ чызг»… «Йæ цæссыгтæ згъалы мæ чызг: – Чысыл, æнахъом сабиты хотыхджын гуырдзы ‘гъатыр мæлæтæй цæмæн марынц? – Саби нæ амæлы, сайын мæ хуры, – саугалмæй – тæрхъус, бирæгъæй – уæрыкк, адæймаджы фыдхор тугдзых лæгмарæй чысыл сабитæ дзæнæты цъæх нæумæ фæлидзынц тæргай. Мæ чызг мæм æдзынгæй бирæ, фыдбирæ фæкаст, стæй рохсдзастæй баззад: – Нæ фыдбоны сыхæгтæ нæ фыдæлты уæзгуытæ исынмæ, иры фæцæгъдынмæ хотыхифтонгæй куы ‘рбабырстой, баба, дæ сæр ма уæд сау уыд…». Автор йæ рæнхъыты равдыста Ереды æмæ Зары æрцæугæ æбуалгъ трагедитæ дæр.

Лирикон кадæджы рæнхъытæ афтæ цымыдисон, афтæ зæрдæмæхъаргæ сты æмæ сæ адæймаг æнцонтæй йæхи нал атондзæн. Адæймаджы мысынады сыстынц гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды тугуарæн цаутæ. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ дыууæ чиныджы дæр уыцы иурæстæджы кæй сты ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл уагъд.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.