Бакуйы Уырыссаг хæдзары уагъд æрцыд чиныг «Вторая Родина. Осетины в Азербайджане», зæгъгæ. Чиныг баст у Азербайджаны цæрæг ирæттимæ, кæцыты ‘хсæн сты политикон архайджытæ, æфсæддонтæ, ахуыргæндтæ, аргъуаны службæгæнджытæ, сфæлдыстадон интеллигенци. Чиныджы автортæ сты Мæрзойты Исламбег, Мамсыраты Тамиллæ, Тугъанты Алан. Уыдон чиныгмæ бахастой Азербайджаны цæрæг ирæтты бинонты тыххæй документалон æмæ фотоæрмæджытæ.

Мадзалы райдианы раныхас кодтой Бакуйы Уырыссаг хæдзары хайады хистæр Дмитрий Егоров, Азербайджаны УФ-йы минæварады 2-аг секретарь Павел Кузнецов. Уыдон банысан кодтой, зæгъгæ, Азербайджан у бирæнацион æмæ бирæконфессионалон бæстæ, цыран сабырæй цæрынц æппæт адæмты минæвæрттæ дæр, афтæ ма загътой, зæгъгæ, ацы чиныг зонгæ кæны Азербайджаны цæрæг ирæтты цардвæндагимæ. Уый фæстæ чиныджы æмавтор Тугъанты Алан загъта, зæгъгæ, ацы бæстæйы цæрæг ирæттæ тынг уарзынц Азербайджаны æмæ йæ нымайынц сæ дыккаг Райгуырæн бæстæйыл. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Мæрзойты Исламбег бакодта егъау куыст.

Цæгат Ирыстон-Аланийы гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты этнологийы хайады хистæр зонадон кусæг, генеологон иртасæнты секторы сæргълæууæг Мæрзойты Исламбег радзырдта ирæттæ Азербайджаны куыд æрцардысты, уый тыххæй: «Ирæтты фыццаг уылæн Азербайджанмæ цæрынмæ цæуын райдыдтой 20-æм æнусы райдианы. Уыцы рæстæджы гом кодтой алыгъуызон куыстуæттæ, ахуырадон уагдæттæ. Арæзт цыд национ элитæ, кæцыйæн фадат фæцис иу кæнæ иннæ къабазы хи среализаци кæнынæн. Æмæ Азербайджаны советон хицауад бирæ фæстæдæр кæй æрфидар, уымæ гæсгæ сæ фылдæр хай æрцардысты ам. Уый уыд горæт Губа æмæ æндæр æввахс горæттæ. Уый фæстиуæгæн ам сырæзт ирæтты стыр диаспорæ. Фæстæдæр ирæтты иу хай фæстæмæ аздæхтысты сæ Райгуырæн бæстæмæ æмæ иннæ хай та æрбынат кодта Азербайджаны».

Мæрзойты Исламбег банысан кодта, зæгъгæ, чиныгыл кусгæйæ, спайда кодтой бирæ æрмæджытæй: «Уыдон сты паддзахадон, бинонты архивтæ, дзыллон информацийы фæрæзты ныммыхуыргонд æрмæджытæ, афтæ ма электронон ресурстæ дæр». Мæрзойы фырт ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, фидæны  плангонд цæуы ноджы иу чиныг бацæттæ кæнын.

Мадзалы кæрон йæ хайадисджытæн уыд Ирыстонæй рацæугæты тыххæй презентаци, кæцытæн Азербайджаны историйы бæстæйы культурон æмæ политикон царды уыд ахсджиаг нысаниуæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.