Нæ чысыл Ирыстоны бирæ хъæбатыр адæймæгтæ уыди æмæ ис. Сæрыстыр сæ сты ирон адæм, уымæн æмæ аккаг хъæбултæ сты. Уыдонæй иу уыд Айдарты Зауырбеджы фырт Знауыр – зынгæ ирон революционер.

Уый райгуырд 1889 азы Цæгат Ирыстоны Хъæдгæроны хъæуы. 1902 азы каст фæцис йæ райгуырæн хъæуы аргъуаны скъола. Бирæ бинонтæ уыдысты, æмæ йын дарддæр ахуыр кæныны фадат нæ уыд. 10 азы йыл куы сæххæст, уæд та йæ мад амард æмæ лæппумæ фыдæбон бирæ хауд.

Службæ кæнынмæ бацыд Кавказы хъазахъхъæгты дивизийы 3-аг дивизионмæ. Уый фæстæ ацыд Тбилисмæ æмæ куыста Фæскавказы æфсæнвæндаджы æрмадзты. Уæд базонгæ революцийы хабæрттимæ дæр. Бацыд партийы рæнхъытæм. Йæ фатеры сусæгæй æмбырд кодтой революционертæ æмæ уынаффæ кодтой сæ архайды тыххæй.

Айдарты Знауыр йе ‘мтохгæнæг лæппу Рæмонты Евгенимæ Тбилисы 1918 азы сарæзтой революцион организаци «Чермен».

Гуырдзиаг меньшевиктæ сæ базыдтой, сæ фæдыл зылдысты æмæ дыууæ ироны æрбацыдысты Хуссар Ирыстонмæ, сæ куыст дарддæр дæр кодтой Гуырдзыстоны районты. 1919 азы Кавказы крайон комитеты уынаффæмæ гæсгæ Гуырдзыстоны сарæзтой гæрзифтонг растад. Меньшевиктæ уæд æрцахстой æфсæддон-революцион штабы уæнгты. Айдарты Знауыр æмæ Гиви Бухрикидзе цы растадонтæн разамынд лæвæрдтой, уыдон 1919 азы 7-æм ноябры рацыдысты меньшевикты хицауады ныхмæ æмæ бацахстой гуырдзиаг хъæу Хцис. Меньшевиктæ сын сæ ныхмæ æрбарвыстой бирæ æфсад. Уыцы тохы Знауыр сæ къухмæ бахауд, æмæ йæ 1919 азы 15-æм ноябры фехстой. Кæмдæр æй фæсхъæу баныгæдтой, фæлæ йæ уыцы æхсæв скъахтой сусæгæй йе ‘мбæлттæ æмæ йæ бавæрдтой Крисхеуы уæлмæрдты, ныртæккæ дæр уым ныгæд ис. Фæстæдæр ын йæ ингæныл сæвæрдтой цырт. Йæ ном хæссынц Хуссар Ирыстоны районтæй иу. – Знауыр, ам ын ис цырт æвæрд дæр; горæт Цхинвалы – уынг, Боржомы районы – иу хъæу æмæ Хъæдгæроны дæр ис уынг йæ номыл.

Ацы аз Айдарты Знауыры райгуырдыл æххæст кæны 130 азы. Хорз хъуыддæгтæ аразы Цæгат Ирыстоны зынгæ амалиуæггæнæг – меценат Лалыты Левæ. Уый бирæ æрмæджытæ æрæмбырд кодта Айдарты Знауыры тыххæй æмæ сæ бакодта фыссæг-журналист Тъехты Тамерланы бæрны. Тъехы-фырт сæ сарæзта чиныг æмæ æрæджы мыхуыры рацыд Левайы æхцайы фæрæзтæй ахæм номимæ«Знаур Айдаров. Жизнь и подвиг». Ис дзы разныхас Левæйы къамимæ.

Чиныджы мыхуыр сты Знауыры тыххæй Санахъоты Владимиры, Хуриты Гиви, Фæрниаты Солтан, Цгъойты Хазби, Гæбæрайы-фырты æмæ æндæрты æрмæджытæ. Ис дзы къамтæ дæр.

Ацы чиныг хорз лæвар у Знауыры райгуырды 130 азмæ. Левæ чингуытæ балæвар кодта Хуссар Ирыстонæн, Хъæдгæроны хъæуæн, Айдарты æмæ Айларты мыггæгтæн, скъолатæн, уыдоны нымæцы – Сунжæйы æмæ Октябры хъæуы скъолатæ.

Левæ бузныг зæгъы, æрмæг æмбырд кæнынæн ын чи баххуыс кода, уыдонæн: Æрыдоны районы сæргълæууæг Тотраты Владиславæн, Знауыры районы администрацийы сæргълæууæг Гæбæраты Иналæн æмæ профессор Цыбырты Людвигæн.

Айдарты Знауыры цард æмæ архайды тыххæй æз цыбыртæй радзырдтон, фæлæ чиныг чи бакæса, уый ноджы лæмбынæг æмæ бæстондæр базонгæ уыдзæн номдзыд революционеры, Ирыстоны патриоты хабæрттимæ. Ахæм стыр лæджы тыххæй та махæн нæ хæс у фылдæр зонын. Лалыты Левæйæн та зæгъæм стыр бузныг йæ хæрзаудæн архайды тыххæй.

Гасситы Моисей

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.