Уæрæсейы Федерацийы адæмон артисткæ Бестауты Татьянæйы райгуырдыл сæххæст 80 азы

 

Зын у сфæлдыстадон кусæгæн йæ цард. Бирæ тых, стыр арæхстдзинад æмæ дзы бирæ рæстæг домы. Фылдæр хатт уыцы рæстæг нал фæфаг кæны бинонты цардæн æмæ бахъæуы равзарын – кæнæ бинонтæ, кæнæ сфæлдыстад. Фæлæ курдиаты æгæрон тых йæ тугимæ йе уæнгты кæмæн хъазы, уыдон ацы фарст аскъуыддзаг кæнынц: кæнæ дыууæ дæр иумæ, кæнæ та сфæлдыстад.

Курдиаты тых йæ сабион бонты райдыдта æнкъарын йæхимæ, ацы бонты йæ райгуырдыл 80 азы кæмæн æххæст кæны, уыцы номдзыд артисткæ Бестауты Татьянæ. Æмæ кæд скъолайы йæ ахуыр бæллиццаг нæ уыд, йæ фыд – номдзыд артист-каскадер Бестауты Ладомæ-иу уый фæдыл кæд фæсидтысты скъоламæ, уæддæр æй уый нæ бакъуылымпы кодта фыццаг фæлвæрдæй Мæскуыйы Кинематографийы æппæтцæдисон паддзахадон университетмæ ахуырмæ бацæуын. Конкурс дзы стыр уыд – 100 адæймагæй фылдæр иу бынатмæ, фæлæ йын уый дæр ныхдур нæ разынд. Цы курсы ахуыр кодта, уый уыд æцæг «стъалыджын» – ам ахуыр кодтой фидæны зындгонд артисттæ Леонид Куравлев, Наталья Кустинская, Светлана Дружинина, Сопико Чъиаурели æмæ æндæртæ.

Студенткæ уæвгæйæ, Бестауты Татьянæ уайтагъд райдыдта хъазын киноты. Дыккаг курсы йæ сфидар кодтой киноныв «Матрос с «Кометы»-йы сылгоймаджы сæйраг ролмæ. Исгæ та йæ кодтой, Мæскуыйы фыццаг хатт уагъд чи цыдис, фæсивæды уыцы VII Дунеон кинофестивалы цытæн æмæ йын уыдис стыр æнтыст. Артисткæ бирæ арфæйы фыстæджытæ иста куыд Советон Цæдисы алы рæттæй, афтæ бирæ фæсарæйнаг бæстæтæй дæр.

Татьянæ ма йе студентон азты ахъазыд ахæм кинонывты, куыд «Человек идет за солнцем», «Роман и Франческа», киноæмбырдгонд «Совершенно серьезно» æмæ новеллæ «Иностранцы». Кæд киноты раджы райдыдта хъазын, уæддæр йæ сæйраг бæллиц уыдис театры артисткæ суæвын. Æмæ йын сæххæст. 1961 азы институт каст фæуыны фæстæ йæ райстой Моссоветы номыл театрмæ. Уый уыд ахсджиаг цау Татьянæйæн йæ царды. Ацы театры сценæйыл Татьянæ хъазыд æмæ хъазы ахæм зындгонд артисттимæ, куыд Фаина Раневская, Любовь Орлова, Ростислав Плятт, Георгий Жженов, Николай Мордвинский, Беройты Вадим, Беройты Егор (Вадим у Егоры мады фыд), Александр Домогаров, Валентина Талызина æмæ æндæртимæ. Бирæ, тынг бирæ ролтæ сæххæст кодта, бирæ фæлгæндзтæ сарæзта, тынг кæй бауарзта æмæ йын зынаргъ чи уыд, уыцы театры сценæйыл. Цы спектаклты хъазыд, уыдоныл æппæлæн рецензитæ, æндæр æрмæджытæ мыхуыр кодтой «Известия», «Литературная газета», «Театральная жизнь», «Караван» æмæ бирæ æндæр централон газеттæ æмæ журналтæ. Уыдон сæрмагондæй нысан кодтой Бестауты чызджы аив хъазт.

Театры хъазгæйæ, Татьянæйы хуыдтой кинойы хъазынмæ. Æмæ та ног, ноджы стырдæр æнтыст бафтыд йæ къухты. Зындгонд кинорежиссер Сергей Параджанов æй сæрмагондæй фæхуыдта йæ киноныв «Тени забытых предков»-мæ сисынмæ.

Киноныв ист куы фæцис, уæд æм æнхъæлмæ каст иттæг стыр æнтыст, уæлдайдæр та Ныгуылæны бæстæты. Æвдыст цыдис дунейы 70 бæстæйæ фылдæры. Бирæ фестивальты, уыцы нымæцы йын Нью-Йоркы дунеон кинофестивалы дæр  уыдис стыр æнтыст. Киноныв æдæппæт хорзæхджын æрцыд 28 призтæ, дипломтæ æмæ æндæр хорзæхтæй.

Ам ской кæнын æмбæлы Татьянæйы царды иу цымыдисон цауы тыххæй. Ацы кинонывмæ, уæд нырма тынг зындгонд чи нæ уыд, уыцы францаг актер Жерар Депардье куы бакаст, уæд æй дисы ныппæрста йæ хъазт. Уыимæ ма Татьянæ уыцы рæстæджы, ивгъуыд æнусы 60-æм азты нымад цыдис Советон Цæдисы рæсугъддæр артисткæтæй сæ иуыл. Æмæ æрыгон Жерар Депардьейы зæрдæмæ фæцыд. Æрцыд Мæскуымæ, каст, артисткæ цы спектаклты хъазыд, уыдонæй цалдæрмæ. Цалдæр хатты йæ фæхуыдта ресторанмæ дæр, фæлæ хъуыддаг уымæй дарддæр нæ ацыд – Татьянæ не сразы Францмæ Депардьейы фæстæ фæцæуыныл.

Татьянæ йæхæдæг дæр бирæ премитæ æмæ хорзæхты аккаг ссис. 1985 азы ссис «Театральная весна», зæгъгæ, ахæм премийы лауреат. 1990 азы йын лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы адæмон артисткæйы ном. 1998 азы та хорзæхджын æрцыд Хæлардзинады орденæй. Уыдон сты сæ сæйраг-дæртæ.

Зындгонд артисткæ йæ театримæ бирæ горæттыл æрзылд, куыд раздæры Советон Цæдисы, афтæ æгас дунейы дæр æмæ номдзыд театры кадыл æфтауы кад. Куыд театр, афтæ йæхæдæг дæр рохуаты нæ зад дзыллон информацийы фæрæзтæй. Уыдон ын кæддæриддæр нысан кодтой сценæйыл йæ аив, арæхстджын хъазт. Иу æмæ дыууæ хатты не сфидауын кодтой йæ къамтæ куыд раздæры Цæдисы, афтæ фæсарæнты æндæр æмæ æндæр журналты фæрстæ. Открыткæты хуызы йын уагътой йæ къамтæ дæр.

Кæд дæсгай киноты ахъазыд Татьянæ, уæддæр йæ уарзон театрыл йæ къух никуы систа. «Театр у мæ цард. Æз æй раздæрау уарзын æмæ мæ хъуыдытæ дæр йемæ сты. Хуыцау мын фадат радта, цæмæй мын уыдаид хъæбултæ, бинонтæ. Хъæбулты хицау нæ бадæн, бинонтæ мын уыдис. Абон мын баззад æрмæстдæр Театр!» – фæзæгъы уый.

Æмæ та ногæй æрцæуын, мæ уац цы хъуыдыйæ райдыдтон, уымæ. Æвæццæгæн, зын у иу рæстæджы бинонты æмæ сфæлдыстадон царды амондджын уæвын, уæлдайдæр та, дзырд бæрзонд аивадыл куы цæуа, уæд. Татьянæ ма институты куы ахуыр кодта, уæд чындзы ацыд. Йæ цардæмбал уыд кинорежиссер Алексей Габрилович, зынгæ фыссæг, драматург æмæ сценарист Евгени Габриловичы фырт. Фæлæ бæрцæй рацардысты æртæ азы, стæй ахицæн сты. Нæ йын бантыст, дыккаг хатт моймæ кæмæ фæцыд, уыимæ дæр фæцæрын – трагикон æгъдауæй фæмард. Йе ‘ртыккаг цардæмбалимæ сæ кæрæдзийы хорз бамбæрстой. Амондджыныл нымадтой сæхи, афтæмæй хъæрмуд, æнгомæй фæцардысты 22 азы. Фæлæ та фескъуыдис уыцы рæстæг дæр. Уæззау низ ын аскъуыдта йæ цардæмбалы цард æмæ уæдæй фæстæмæ цæры иунæгæй. Куыд ма банысан кодтам, афтæмæй нæ банкъардта хъæбулы ад дæр.

Татьянæйыл дзургæйæ, цыбыртæй æнæзæгъгæ нæй йæ фыд Ладойы тыххæй дæр. Знауыры районы Чъорбаулийы хъæуы хъомыл кæнгæйæ, уымæн йæ фæсонæрхæджы дæр никуы уыд искуы кинойы ахъазын. Æвзаргæ та ракодта агрономы дæсныйад æмæ уый фæдыл ахуыр кодта Тбилисы уæлдæр ахуыргæнæндоны. Студент уæвгæйæ йæ францаг кинокомпани фæхуыдта киноныв «Огнепоклонники»-йы ролтæй сæ иуы ахъазынмæ. Уый уыд 1919 азы. Дыууæ азы фæстæ та йæ фæхуыдтой киноныв «Абрек Заур»-ы сæйраг роль æххæст кæнынмæ. Ладо ацы хъуыддагмæ акаст стыр бæрндзинады цæстæй æмæ уæхскуæзæй куыста йæхиуыл. Уæлдайдæр та уымæн æмæ дзы хъуыд иттæг вазыгджын трюктæ æххæст кæнын.

Кинонывæн уыд стыр æнтыст. Советон кинематографийы йæ дуджы нымад æрцыд хуыздæр кинонывыл. Æвдыстой йæ бирæ фæсарæйнаг бæстæты. Бестауты Ладойы кинокритиктæ барстой дунейы зындгонд америкæйаг актер Дуглас Фэрбенксимæ. Уый нæ, фæлæ ма дзырдтой, зæгъгæ, Фэрбенкс æдзух тренировкæ кæны, Бестауты фыртæн та æрдзæй дæтгæ у.

Ладойæ зындгонд артист æрмæст ацы киноныв нæ сарæзта. Уый ма æнтысгæйæ хъазыд ахæм кинонывты, куыд «Зелимхан», «Закон гор», «Те, кто прозрел». Æмæ ма ноджы, чи зоны, цал æмæ цал кинонывы ахъазыдаид, фæлæ… Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ Ладо зындгонд киноактер ссис æгомыг кинойы рæстæджы. Уый нæ, фæлæ ма уыд æгомыг кинойы фыццаг актертæй сæ иу. Æмæ ахæм кинойы дуг куы фæцис, уæд ууыл фæцис йæ актерон карьерæ дæр. Фæлæ уæддæр йæ хъысмæт кинойæ тынг нæ фæхицæн. Йæхи фæлвæрдта  куыд режиссер, афтæ, стæй архайын райдыдта документалон кинойы. Цасдæр рæстæджы куыста «Моснаучфильм»-ы, æрзылд æгас Советон Цæдисыл, иста бæстæйы стырдæр арæзтæдты, куыстуæтты. 1944 азы Дзæуджыхъæуы баконд æрцыдис кинохроникæйы Цæгат Кавказы студи. Йæ организацигæнджытæй иу уыд Ладо.

Бестауы фырт йæ рæстæджы цардæм-балæн æркодта пермаг уырыссаг чызджы. Райгуырд сын Татьянæ. Гуыргæ та ракодта Чъорбаулийы хъæуы. Æртæ мæйы йыл куы цыдис, уæд бинонтæ сæ цард адарддæр кодтой Мæскуыйы. Фæлæ Татьянæ кæд йæ райгуырæн хъæумæ, йæ фыды уæзæгмæ нал æрыздæхт, уæддæр æхсызгонæй фæдзуры, кæй райгуырд Хуссар Ирыстоны, уыцы æмæ уыцы хъæуы. Бестауты бинонтæ цардысты Мæскуыйы. Фæлæ  иумæ сæ цард бирæ нæ ахаста. Чысыл Татьянæйыл 13 азы куы цыдис, уæд мад æмæ фыд ахицæн сты. Чызджы хъуыд равзарын – чи смой кодта, уыцы мад, кæнæ та фыд. Æмæ равзæрста фыды. Ладо та, куыд фылдæр хатт, афтæ ныр дæр уыдис йæ хæдзарæй дард – Дзæуджыхъæуы. Аздæхт фæстæмæ Мæскуымæ, йæ хъæбулмæ, æмæ уый ссис йæ сæйраг аудинаг. «Мæнæн ис иттæг хорз фыд», – арæх дзы æппæлыд Татьянæ.

Ладо фæцард 90 азы, амард 1989 азы. Ныгæд æрцыд Мæскуыйы Введенскы уæлмæрды.

Ладойæ ма æнæзæгъгæ нæй уый дæр, æмæ хæлар кæй уыд Ирыстоны номы лæгтæ Тугъанты Махарбег æмæ Абайты Васоимæ. Ис сын иумæ къам ист дæр.

Татьянæйыл 13 июны сæххæст 80 азы. Иры зæххыл, ирон лæджы хæдзары райгуыргæйæ, уый ацыд. Ацыд стыр дунемæ, цæмæй ныллæууа стыр аивадмæ фæндагыл. Æмæ фæхæццæ йæ бæрзæндтæм. Арфæ йын кæнæм æмæ дзы сæрыстыр стæм.

Биазырты Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.