Хуссар Ирыстоны сæдæгай адæймæгтæ æрæмбырд сты республикæйы сæйраг аргъуан, Уаз Мадымайрæмы Райгуырды Аргъуаны раз хуыцаубон æхсæв. Уыцы ран ауагъдæуыд литурги. Бæрæгбонон бакуывд ауагътой цхинвайлаг аргъуанты уагæвæрæг Иерей Хетæгкаты Иаков Фыд Симонимæ. Уый фæстæ уырнæг адæм акодтой Дзуардзыд, фæлæ бæрæгбонон мадзæлттæ ууыл нæ фесты.

Чырыстийы Райгасы æхсæв Аргъуанмæ æрбацыдысты республикæйы архайæг Президент Тыбыты Леонид, сæвзæрст Президент Бибылты Анатоли æмæ экс-президент Кокойты Эдуард. Уыдон уырнæг адæмимæ сæмбæлдысты Чырыстон бæрæгбоныл.

Хетæгкаты Иаков адæмæн загъта фарны фæндиæгтæ, æрсидт  сæм сабырдзинад æмæ фидыдадмæ, «уымæн æмæ зноны политикон ныхмæлæуджытæ дæр, Чырыстийы уырнондзинадæй æнгом уæвгæйæ, абон кувæндоны лæууынц уæхски-уæхск».

«Уаз Куадзæн у ног царды нысан, уымæ гæсгæ цин кæнут æмæ кувут, цæмæй нæ зæххыл хæрзиуæг æмæ арфæдзинад уа. Куадзæн хъал кæны адæймаджы мидæг хорз миниуджытæ, хæрзиуæг хæссын æмæ хорздзинад тауын, хотæ æмæ æфсымæртæм уарзгæйæ кæсын æмæ хæрзиуæгмæ тырныдзинад», – загъта Хетæджы фырт.

Уый бахатыд адæммæ, цæмæй кувгæйæ æрлæууой сæвзæрст Президент Бибылты Анатолийы фарсмæ, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уый бахъæудзæн разамынад кæнын, алы ран хæстытæ куы цæуы, ахæм тынг вазыгджын рæстæджы.

«Кувут, цæмæй Хуыцау нæ сæвзæрст Президентæн радта тых, æмæ уый акæна нæ нау æрмæстдæр уæлахизмæ, æрмæстдæр хæрзиуджытæм. Цæмæй ацы нау, æддагон æртхъи-рæнтæ кæд ис, уæддæр макуы бахауа ахæм уавæры, æмæ йæ наупæлæзыл дымгæ ма сдыма», – загъта уый.

Архайæг Президент Тыбылты Леонид дæр раарфæ кодта чырыстон адæмæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, чырыстон дин ирон адæмы фыдæлтæ равзæрстой рагзаманты, æмæ уæдæй нырмæ Хуссар Ирыстоны адæм хæст сты ацы диныл.

«Уадз æмæ нæ уазкусæг цы  загъта, уыцы куывдтытæ фехъуысой махæй алкæмæ дæр. Нæ республикæйы адæм бирæ зынтæ бавзæрстой, æмæ абон адæмы ахæм иудзинады фенд æхцон у зæрдæйæн. Нæ республикæйы адæм абон æрлæууыдысты ног фæндагыл, æмæ мæ фæндон у, цæмæй ацы фæндаг уыдонæн уа рæсугъд», – загъта Тыбылты Леонид.

Республикæйы сæвзæрст Президент Бибылты Анатоли загъта аргъуанмæ æрбацæуджытæн Хуыцауы арфæйы æмæ ахъазы фæндиæгтæ.

«Уе ‘ппæтæн дæр мæ цæст уарзы Хуыцауыл æнæфæцудгæ æууæнк æмæ Хуыцауы æгæрон æххуыс. Куы ахъуыды кæнæм, уæд мах, Хуыцауыл æууæндджыты, Хуыцау бахызта мæлæтæй. Махмæ стыр тых ис, æмæ уый фæрцы мах ахызтыстæм уæззау рæстæджыты сæрты. Уе ‘ппæтæн дæр мæ цæст уарзы, цæмæй Хуыцауы стыр тыхæй, лæджы-гъæдæй, æгæрон уырнондзинадæй æмæ кæрæдзи æмбарынадæй хайджын уат», – загъта Бибылты Анатоли.

Цытджын литургийы фæстæ уазкусджытæ, æгъдаумæ гæсгæ, саргъуыдтой куадзæны гуылтæ æмæ æйчытыл.

Аргъуанмæ цæуджытæ арфæ кодтой кæрæдзийæн рухс бæрæгбон Чырыстийы Куадзæны сæраппонд.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.