Искæй къухы дур рæуæг у…

Уый та мæ уæлдай хатт бауырныдта, мæ къухмæ Цыбырты Людвиджы ног чиныг «Южная Осетия. Становление государства»-йы фыццаг том куы райстон, уæд. Не взонг паддзахады фыццаг Президент, стыр ахуыргонд æмæ æвæллайгæ æхсæнадон архайæг æппæт дæр, лыстæг сасирæй луарæгау, уыцы фæдфæдылон æмæ нысанмæздæхтæй ранывæста æмæ та ногæй цæстытыл ауадысты уыцы уæззау бонтæ. Сывæллон гаккæй цæуын куыд ахуыр кæна, ахæм уыдысты нæ фыццаг фæлварæнтæ, паддзахад аразыны фыццаг къахдзæфтæ. Уæззау, хъизæмайраг бонтæ æрвыстам,  фæлæ уыцы бонтæ семыдзаг уыдысты сæрыстырдзинады æнкъарæнтæй. Уымæн æмæ нын æндæр гæнæн нæ уыд, фæразын хъуыд.

Искæй куысты, уæлдайдæр – хицауы, хъæндзинæдтæ æнцон агурæн æмæ ссарæн сты. Фæлæ уыцы хъæндзинæдтæ фенын кæмæн бантысы, уыдонæй-иу алчи дæр йæхи куы афæрсид: «Алæ-ма, æз та куыд сарæхстаин йæ бынаты, æз бынтондæр ницы рæдыд æруагътаин, афтæмæй мæ адæмы, мæ фыдыбæстæйы уæлвæндаг фæкодтаин?..»

Куыднæ стæй! Уымæн дæр æрхъуыды æмæ лæгдзинад хъæуы, цæмæй дæхи бафæрсын æмæ дæ намысы раз дæхи срасткæнынхъом уай…

Бирæтæм кастис æмæ кæсы рæуæг, Цыбырты Людвиджы къухы цы дур уыдис, уый. Афтæ рæуæг сæм кастис æмæ уый дæр нæ уыдтой, не мбæрстой, уыцы уæззау дур æрмæст йæ къухы кæй нæ хаста, фæлæ йæ зæрдæйы дæр. Знагæн дæр ма бауарзæд Хуыцауы цæст аст азы дæргъы ахæм уæззау дур, ахæм уæззау уаргъ  хæссын… Фæлæ йæ уый хаста, кæд æй бирæтæ абоны онг дæр нæ бамбæрстой, уæддæр.

Æрхъуыды ма кæнæм, Цыбырты Людвигы тыхæй куы сразы кодтой республикæйы сæргълæууæджы бынатмæ, уæд цахæм рæстæг уыдис. Кæд нын нæ хъуыдыкæнынадыл иблистæ авд дæлзæхы авд дуары нæ сæхгæдтой, уæд æй хъуамæ хъуыды кæнæм: Республикæ – æрдуйыл ауыгъд, царды, размæцыды бæрджытæ дзы никуыцæй  зыны. Лæбурджытæ йæм ис, фæлæ йын иу æххуысгæнæг нæй. Уымæй дæр, чи йæм лæбурдта, уыцы Гуырдзыстоны сæргъ лæууыд, йæ рувасы къæдзилæй Америкæйы былтæ дæр чи даудта, æмæ-иу æй Уæрæсейы раз дæр чи стылдта, ахæм хин æмæ кæлæны политик Эдуард Шеварднадзе. Цалдæр милуанон Гуырдзыстоны гæрзифтонг æфсады ныхмæ цы армыдзаг, удуæлдай лæппутæ лæууыд, уыдоны ма æмтъеры дуг кæрæдзи ныхмæ дæр скодта, лæджы агæрах кæнын нæм закъонбæрцон ссис… Нæ бюджет – мæгуыр лæджы дзыппæй афтиддæр, экономикæ цы нысан кодта, цæимæ хæргæ уыд, уый зонгæ дæр нал кодтам. Бангон системæйæ нæм, «мацъони-малако» хъæргæнгæ цы гуырдзиаг устытæ рацу-бацу кодта, уыдоны архайд системон æгъдауæй фидардæр уыд нæ финансон-бангон системæйæ. Иу дзырдæй раууатмæ æрцæуæг цардихсыд бæстæ. Æххуысгæнæг та нæ уыд. Стыр ныфс цы Уæрæсейæ æвæрдтам, уый йæхæдæг дæр уынгæджыйы бонтæ æрвыста уыцы рæстæджы, йæ рохтæ америкæйаг «обкомы» къухы уыдысты. Чи дæм æвзиды, чи дæ цæгъды, уыцы бæстæйы сæргъ Шеварднадзейы хуызæн фæлтæрд политик куы лæууа, ныфс кæмæй æвæрыс, уыцы паддзахады сæргъ та, расыгæй-иу йæ хæдтæхæджы цæлхытæ чи схуылыдз кодта, ахæм, уæд бафæлвар  дæ уæхсджытæм ахæм уæззау уаргъ райсын…

Уымæй дæр… Присы трагеди куынæма æруазал, цæмæн æмæ куыд æрцыд, уый тыххæй дзуапп куы ничи ма радта, тæккæ уыцы рæстæджы…

О, хæдæгай – абон дæр ма Хуссар Ирыстоны цæрæг адæмæн сæ бæрæг фылдæр хай Присы трагеди дæр Цыбырты Людвиджы аххос кæнынц… Уый, дам радта ахæм бардзырд. Куыд?.. Кæд пединституты ректорæн ахæм бартæ æмæ ахæм тых уыд, уæд ма республикæйы къухдариуæгад та цы арæзтой æмæ чи уыдысты?..

Фæлæ диссаг уый у, уыцы уæззау æмæ æбæлвырд рæстæджы Цыбырты Людвиджы уæхсджытыл ахæм уæззау уаргъ чи сæвæрдта, фыццаг уыдон рацыдысты æмæ ма абон дæр цæуынц йæ ныхмæ. Фæлæ уыдонмæ дæр нæй сæхимæ ахæм фарст раттыны æрхъуыды æмæ лæгдзинад: омæ нæхæдæг уым нæ уыдыстæм, уый тыхæй цæмæн сбадын кодтам хицауы къæлæтджыныл?..

Æппæт ацы фарстатæн дæр ис ссарæн лæмбынæг дзуаппытæ чиныджы, кæд чиныгаразæг йæ разы ахæм хæс не вæры, уæддæр. Цыбырты Людвиджы ног чиныг раст æмæ зылын чи уыд, уыдæттæ иртасынæн арæзт нæу, автор æндæр хæс сæвæрдта йæ разы: хъуамæ нæ фæстагæттæ зоной, сæ фыдæлтæ сын паддзахад цахæм уавæрты æмæ цы амæлттæй арæзтой, уый. Раст чи уыд æмæ зылын чи уыд, уыдоны та ныридæгæн рæстæг равдыста æмæ ноджыдæр равдисдзæн.

Абон уал бæлвырд у иу хъуыддаг: уыцы хъысмæтæвзарæн бонты республикæйы царды рохтæ Цыбырты Людвиг йæхимæ куынæ райстаид, тадзгæ-баргæ зондджын къахдзæфтæ куынæ арæзтаид, уæд зын зæгъæн у, абон цы уавæры уаиккам, уый. Уымæй дæр… Æддагон знæгты ныхмæ куыд тох кодта, афтæ тох кæныны сæр æй хъуыд мидæггагон хъыгдарджыты ныхмæ дæр. Фæлæ йын уæддæр æмæ уæддæр бантыст нæ хъæбулты хуыздæрты тугæй æлхæд Республикæ бавæрын æмæ бахъахъхъæнын. Абон Республикæ Хуссар Ирыстон у нымад паддзахад, фæлæ нæ уыцы амондджын бонмæ бирæ ныхдурты сæрты рахизын бахъуыд, цæмæй нæ республикæйы йæ хæдбардзинад ын банымайыны онг бавæрдтаиккам, знаджы фæндиаг ма фæуыдаиккам.

Нæ респубикæйы фыццаг Президент æмæ номдзыд ахуыргонды радон чиныг рухс федта нæ паддзахады абоны сæргълæууæг, Президент Бибылты Анатолийы æххуысы фæрцы. Чиныг байгом Бибылты Анатолийы разныхасæй, цы ран æмбæлæм ахæм хъуыдытыл:

«В период острого внутриполитического кризиса в послевоенном 1993 году Людвиг Алексеевичу было предложено занять высший государственный пост председателя Верховного Совета. Это было непростое время во всех отношениях. Несмотря на острый социально-экономический кризис, опыт, взвешенность, в сочетании гражданским мужеством и решительностью, умение добиваться взаимопонимания с людми, организаторские способности Людвига Алексеевича позволили ему справиться с обязанностями главы государства».

Чиныджы цы æрмæджытæ æрцыд мыхуыр, уыдонæн сæ фылдæр сты Цыбырты Людвигæн йæхисæрмагонд архивæй. Ам сомбоны историктæ, зонадон иртасджытæн сæ бон уыдзæн уникалон æрмæджытæ æмæ документтæ ссарын, кæцытæ дзурæг сты чысыл республикæйы стыр проблемæтыл, йæ къуыхцытыл, йæ  рæзты къахдзæфтыл. Уымæй дæр уыцы документтæ аразгæ, ома абоны домæнтæм гæсгæ рацаразгæ не сты – цард сæ куыд æрдомдта æмæ куыд равзæрдысты, ахæм хуызы сæ хæссы автор чиныгкæсæджы рæгъмæ. Мысинæгтæ, уынаффæтæ, уацтæ, алыгъуызон официалон æрмæджытæ… Бæлвырдæй дзы æвдыст цæуынц куыд нæ республикæйы цардæн йæхи мидзмæлд, афтæ æддагон дунеимæ бастуæвæг хъуыддæгтæ дæр. Ирдæй дзы зыны алкæй архайд дæр – чи уыд нæ республикæйы рæзты ныхмæ, чи уыд нæ фарсхæцæг, не ххуысгæнæг…

Иу дзырдæй, бæркадджын хуынимæ та сæмбæлд йæ чиныгкæсджытимæ Цыбырты Людвиг. Афтæ хъæздыг æмæ мидисджын у ацы чиныг, æмæ адæймагмæ цы тæлмæнтæ æвзæрын кæны, уыдон иууыл рæгъмæ рахæссын нысан кæнид сæхицæн сæрмагондæй иу ахæм гуыррахстджын чиныг рауадзын… Уымæ гæсгæ йæ бакæсын æмæ алцæуыл дæр лæмбынæг ныхъуыды кæнын та бакæнæм чиныгкæсджытæн сæхи бар.

Фæлæ авторæн стыр бузныг зæгъын хъæуы. Йæ бындурон æмæ æвæллайгæ куысты тыххæй, йæ алы ног чиныгæй дæр йæ фыдыбæстæ, йæ адæмы истори æмæ культурæмæ стыр хайбавæрд кæй бахæссы, уый тыххæй.

Фæлæ цард куыд диссаг у!..

Цыбырты Людвиг кæд Хуссар Ирыстоны историйы фыццаг Президентыл нымад цæуы, уæддæр бюджеты хардзæй зынаргъ машинæйыл æмæ хъахъхъæнджытимæ нæ рацу-бацу кæны: хæдзарæй куыстмæ цæуа, куыстæй – хæдзармæ, кæд искуы-иу хатт трамвайыл абады, уый йедтæмæ иудадзыг цæуы къахæй…

Кæнæ… Президент куы нал у, уæдæй фæстæмæ алы æвзæрстыты æмæ политикон-æхсæнадон хъуыддæгты, йæ риу хойгæ, йæхи нæ хæццæ кæны, никæй ардауы, никæй знæт кæны…

 Йæ дыстæ басчъил кодта æмæ уæхскуæзæй кусы йæ фыдыбæстæ, йæ адæмы абон æмæ сомбоны хæрзиуæгæн.

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.