Ирон фынг ирон чъиритæй фидауы. Ирыстойнаг сылгоймæгтæ сæ куыд скæндзысты, афтæ ничи…

Æрыдойнаг лæппу Дзансолты Марат нырма ахуыр кæны фæндзæм къласы. Табуйаг хæринаг кæнынмæ йæм ис курдиат. Базыдта хойраг цæттæ кæныны сусæгдзинæдтæ. Йæ сæрæн къухæндзæвдæй хыссæ раудгас вæййы. Урс-урсид цыхтæй дарддæр ма бæркадкъух æфсинау тагъд акæрды къабускæйы, кæнæ та цæхæрайы сыфтæ. Уæвгæ, чъириты иннæ хуызтæ кæнынмæ дæр сæрæн у.

Дзансолты Маратыл 11 азы йедтæмæ нæ цæуы. Фæлæ ирон чъиритæ кæнынмæ тынг сæрæн у. Куыд зæгъы, афтæмæй йæм фыццаг хатт ахæм хойраг кæныны хъуыды фæзынд 4 азы размæ.

Уæдæй абонмæ чъиритæ кæныны сусæгдзинæдтæй Марат алцыдæр базыдта æмæ сæ махæн дæр раргом кодта. Фыццаджыдæр, æрцæттæ кæны, хыссæ кæнынæн æй цыдæриддæр бахъæудзæн, уыдон. Куыд зæгъы, афтæмæй уыцы хъуыддаг хæрз хуымæтæг нæу. Цæмæй хорз рауайа, уый тыххæй дзы бирæ лыстæг хабæрттæ ис. Хъуамæ æхсыр æмæ дон æнæмæнг хъарм уой. Уый уал дын иу сусæгдзинад. Иннæты тыххæй дæр бæстон дзуры.

Марат куыд зæгъы, афтæмæй хыссæимæ архайгæйæ, хъуамæ дæ зæрдæйы ахаст, æнæмæнг, хъæлдзæг уа. Уæд фæлмæн рауайы. Лæппу йыл тынг зæрдиагæй бацархайы. Æрмæст йæ къухтæй йæм нæ февналы, фæлæ ма зæрдæйæ дæр. Канд чъиритæ кæнын нæ зоны Марат, фæлæ ма алыхуызон цымыдисаг салаттæ, йæ ныфс ма суанг пиццæмæ дæр бахæссы. Фæлæ уæлдай тынгдæр йæ зæрдæмæ цæуы чъиритæ кæнын. Къуыримæ сæ цалдæр хатты дæр скæны. Хæрзæрæджы та конкурс «Лучше всех»-ы кастинджы дæр йæ арæхстдзинад равдыста. Чъиритæ куыд кæны, уыцы видеоæрмæг федтой конкурс аразджытæ æмæ йæм фæдзырдтой. Фæлæ ныхæстæн фаг фæуæд. Мараты хыссæ дарддæр цæттæ кæнын хъæуы æмæ та йæм бавнæлдта.

Хыссæ цалынмæ цæттæ кодта, уæдмæ Марат дзырдта йæ фидæнмæ пълæнттыл. Лæппу канд хæринæгтæ кæнынмæ сæрæн нæу. Алыхуызон иртасæн æмæ зонадон конкурстæ, стæй олимпиадæты дæр æнтыстджынæй архайы. Бирæ хæттыты ссис уæлахиздзау куыд республикон, афтæ æппæтуæрæсеон конкурсты. Æмæ йæ цы нæ сцымыдис кæны… Зæгъæм, цæхх нæ буарыл куыд бæрæг дары, уый бæстонæй базыдта. Бакуыста ма сывæллæтты æхсыры дæндæгты тыххæй зонындзинæдтыл дæр.

Ацы ныхæстимæ йæ хыссæ дæр сцæттæ. Мараты уый нæ рох кæны æппындæр. Æртæ дихы йæ акодта æмæ февнæлдта! Йæ гыццыл къухтæй йæ афтæ рæвдз атъæпæн кодта æмæ чъири тебæйы фестад.

Цалдæр минуты фæстæ Мараты фæрцы пецæй рагæпп кодта хурварс чъири. Тынг хæрзад уыдис, раст сæ цыма фæлтæрдджын хæринаггæнæг скодта, афтæ нæм фæкаст. Æвæццæгæн, Дзансолты чысыл кæстæрæн йæ фидæн бæрæг у.

ДРИАТЫ Лейлæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.