Уæрæсейы Федерацийы иууыл ахсджиагдæр бæрæгбоныл нымайынц Стыр Уæлахизы бон. Æгъатыр æмæ дæргъвæтин хæсты амæттæгтæй бирæтæ хæсты быдырмæ ацыдысты комкоммæ дæр рауагъдон балæй æмæ се ’взонг удтæй бахъахъхъæдтой Райгуырæн бæстæ. Стыр Уæлахизы бон Республикæ Хуссар Ирыстоны дæр нымайынц иууыл ахсджиагдæр бæрæгбонтæй сæ иуыл. Уымæ гæсгæ йæ æрвылаз дæр цытджын æгъдауæй банысан кæнынц нæ республикæйы дæр. Хуссар Ирыстоны ахæм къуым нæ баззайы, бæрæгбонон мадзæлттæ кæм нæ ауадзынц. Æмæ уый афтæ дæр хъуамæ уа, уымæн æмæ ацы Стыр Уæлахизы тыххæй сæ сæртæ нывондæн æрхастой милуангай адæймæгтæ.

Стыр Уæлахизы цытæн уæрæх æмæ цымыдисон программæ бацæттæ кодтой Хуриты Гивийы номыл Ленингоры районы Цъинагары астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ сæ директор Гуссойты Ласкойы сæргълæудæй. Хъæздыг бæрæгбонон программæйыл бакуыстой зæрдæбынæй æмæ сын рауад тынг хорз. 8-æм майы Цъинагары Культурæйы хæдзармæ æрбамбырд бирæ адæм: ахуыргæнинæгтæ, ахуыргæнджытæ, уæрæсейаг арæнхъахъхъæнæг заставæйы минæвæрттæ æмæ хъæубæсты цæрджытæ. Культурæйы хæдзары къултыл конд уыдысты хæсты фæдыл плакаттæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты нывтæ. Хъуыстысты хæстон зарæг «Бухенвальдский набат»-ы зæлтæ. Хъуысы хæцæнгæрзты хъæр. Мадзал бацæуæн ныхасæй бакодта Цъинагары астæуккаг скъолайы директор Гуссойты Ласко. Уый лæмбынæг æрдзырдта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Стыр Уæлахизы тыххæй. «Абон мах цæмæй сыгъдæг арвы бын цæрæм, уый тыххæй милуангай адæймæгтæ сæ сæртæ нывондæн æрхастой, уыцы нымæцы — ирыстойнаг хæстонтæ дæр. Стыр Уæлахизы сæраппонд бирæ адæм бабын фронты æмæ сын мах сæ ном макуы хъуамæ ферох кæнæм. Стыр аргъæй бафтыд сæ къухты Стыр Уæлахиз», — загъта Гуссойты Ласко.

Уый фæстæ раныхас кодта уæрæсейаг арæнхъахъхъæнæг заставæйы хистæры хæдивæг Олег Соколовский. Уый дæр æрдзырдта Стыр Уæлахизы нысаниуæджы тыххæй. Загъта, зæгъгæ, кæд фашизмыл фæтых сты советон адæм, уæддæр абоны онг дæр йæ уидæгтæ куынæг нæма æрцыдысты æмæ сæ сæртæ сдарынц. Мадзал амыдтой 10-æм æмæ 7-æм кълæсты ахуыргæнинæгтæ Хъайсынты Иринæ æмæ Уалыты Димитри. Мадзалы уыд ахæм инсценировкæ: рауагъдон бал, рауагъдонтæ хъæлдзæг æмæ æвæлмастæй кафынц æмæ кæрæдзийæн дзурынц фидæны хорз царды фæндиæгтæ. Фæлæ сын сæ циндзинад æрбайхæлдта фыдохы хабар. Райхъуыст Левитаны хъæлæс, Стыр Фыдыбæстæйон хæст кæй райдыдта, уый фæдыл. Рауагъдонтæй бирæтæ рауагъдон балæй ацыдысты фронтмæ.

Мадзалы мады фыстæг йæ уарзон хъæбулмæ бакаст 8-æм къласы ахуырдзау Туаты Аланæ: «Мæ зынаргъ хъæбул, æвæццæгæн мæм фæстаг хатт фыстæг кæцы бынатæй æрæрвыстай, абон уым нал уыдзынæ, фæлæ дæм кæд фæхæццæ кæниккой мæ фыстæг. Хъахъхъæн дæхи, мæнмæ дæ зæрдæ ма æхсайæд. Куынæг кæнут фашистон тыхæйисджыты. Уырны мæ, рæстдзинад кæй фæуæлахиз уыдзæн, уый». Чызджы фыстæг йæ уарзон лæппумæ та бакаст Куыдзеты Ланæ. Чызг дæр ис фронты, у медицинон хо: «Мæ зынаргъ, рацыд иу аз, хæст куы райдыдта, уыцы бонæй. Не ’мкъласонтæ иууылдæр сты фронты, бирæтæ ныридæгæн фæмард сты. Фæлæ мæ уырны, тагъд кæй фæуæлахиз уыдзыстæм æмæ амондджын цард кæй кæндзыстæм». Равдыстой ма ахæм инсценировкæ: сыджыткъæс, цыран, чи цæфты хъæдгæмттæ бæтты, чи сын судзинтæ аразы, чи та гармоныл цæгъды. Бестауты Давид, Наниты Мария, Дудайты Иринæ, Куыдзеты Эльдар кастысты хæстыл фыст æмдзæвгæтæ. Хъайсынты Иринæ æмæ Джиголаты Аннæ азарыдысты хæстыл фыст зарджытæ. 4-æм къласы ахуырдзаутæ та азарыдысты «Катюша», бацæттæ сæ кодта Дудайты Ларисæ. Акафыдысты ирон кæфтытæ дæр. Ахуыргæнинæгтæ сценæмæ рахызтысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты нывтимæ. Мадзалыл бакуыста скъолайы организатор Хуыбылты Ленæ. 9-æм майы та Цъинагары скъолайы ахуыргæнинæгтæ æмæ хистæркъласонтæ хайад райстой Цхинвалы уагъдцæуæг Уæлахизы парады.

Хуыбылты Ленæ, Цъинагары астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.