Æвиппайды кæй фæуазæлттæ ис, уымæ гæсгæ бирæты буарыгъæд нæма ‘рцахуыр ис æддаг уавæртыл, æмæ уый аххосæй фæзынд уазалдзыд æмæ гриппы фыццаг нысæнттæ алыгъуызон хуызты.

Цымæ куыд у уавæр республикæйы сæйраг горæты та? Ацы фарст мах радтам горæты поликлиникæйы Сæйраг дохтыр Цоциты Аллæмæ.

Уый ныхæстæм гæсгæ, не ‘мбæстæгтæ хъуамæ уой æдыхст, уымæн æмæ гриппы фæкарз кæныны цау нæ фиппайдæуы. Уый сбæлвырдгонд æрцыд æрвылкъуырион мониторинг æмæ уый зонæнтæ РХИ-йы Фæлхасгæнджыты бартæ æмæ цæрджыты æнæниздзинадмæ хъусдарæг комитетмæ адæттыны фæрцы. Уыцы зонæнтыл бындуриуæггæнгæйæ, банысангæнæн ис, хæцгæ низты уавæр кæй у стабилон, æмæ дзы тыхсинагæй кæй ницы ис.

«Мах уадзæм мониторинг канд низы скарз кæныны рæстæджы нæ, фæлæ ма æнæхъæн афæдзы дæргъы дæр. Æмæ фæстаг зонæнтæм гæсгæ г. Цхинвалы нæдæр гриппы фæкарз кæныны цау фиппайдæуы, нæдæр ОРВИ-йы», – банысан кодта Цоциты Аллæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, 2016 азы дæргъы 18 январæй 14 октябрмæ бахынцыдæуыд ОРВИ-йæ рынчынтæ æрмæст 531. Уый ахæм стыр нымæц нæу, уавæр карздæр кæй нæ кæны, уый бахынцгæйæ: æрвылкъуыри поликлиникæмæ грипп кæнæ ОРВИ-йы аххосæй чи æрбахаты, ахæм адæмы нымæц фылдæр нæ кæны.

«Низы профилактикæйы сæраппонд æрвылаз дæр уадзæм вакцинаци. Ныры онг уал сарæзтам 139 вакцинæйы, æмæ нæм сæйраджыдæр æрбахатынц ас адæймæгтæ. Мах архайæм ууыл, цæмæй цæрджытæ бамбарой вакцинæтæ æнæмæнгхъæуæг кæй сты», – загъта горæты сæйраг дохтыр.

Вакцинаци саразæн ис Горæты поликлиникæйы 10-æм кабинеты кусгæ бонты райсомы 9 сахатæй боны 2 сахатмæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон портал

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.