Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли уыд Дзауы районы Цъоны хъæуы, цыран бынаты федта хæххон-лыжæйон трассæйы фадæттæ, кæцыйы ифтонгадыл архайы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитет.

Паддзахады сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта организатортæн, кæцытæ ацы аз сифтонг кодтой лыжæты æмæ экипировкæйы прокат, сарæзтой халагъудтæ, цыран гæнæн ис хи схъарм кæнын, баулæфын æмæ адджинæгтæ ацаходынæн.

«Тынг æхсызгон мын у, ам бирæ адæм кæй тымбыл кæнынц, уый. Хæххон-лыжæйон курорты планы ацы бынатæн ис егъау потенциал. Æз афтæ хъуыды кæнын æмæ махæн бантысдзæн серьезон курортон центр саразыны фарстыл бакусын. Стыр æхцондзинад хæссы ам лыжæтыл бырын æмæ сывæллæтты æхсызгон цæсгæмттæ уынын.

Ам уæвын æмæ бирæ позитивон эмоцитæ райсын кæмæн нæма бантыст, уыдон иууылдæр Цъонмæ цæугæ, хæххон-лыжæйон курортмæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Къуыдаргомы Цъоны рæсугъд хъæуы зымæджы чи улæфы, уыдон æй ивгъуыд азы  бауарзтой, Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт куы байгом ис хæххон-лыжæйон трассæ, уæд.

Уæлхохы аргъæутты зымæджы уазал сатæг фæхатын æмæ æхцонæй рæстæг арвитынæн Цъонмæ цæуынц республикæйы бирæ мингай  адæймæгтæ сæ сывæллæттимæ: миткъуыбæрттæй хъазын, уæрджыты онг фæлмæн, рог  миты аныгъуылын, дзоныгътыл, лыжæтыл бырын æмæ афтæ дарддæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.