Нæ республикæйы алæмæттаг æрдз кæддæриддæр йæхимæ здæхта æддагон бæлццæтты, зындгонд адæймæгты, йе ‘нæниздзинад банывыл кæнын кæнæ баулæфын кæй фæндыд, уыдоны хъусдард. Уый – æрдз йæ рæсугъдыл куы вæййы, уæд. Зымæг дæр нæ митæмбæрзт бæрзонд хæхты хъæбысы баулæфæн, рæстæг арвитæн æмæ, æгæрыстæмæй, спорты зымæгон хуызтæй ерыстæ уадзæн дæр кæй ис, уый нæ историйы фыццаг хатт сбæлвырд кодтам ацы бонты.

Дзауы районы Ерцъойы хъæуæй Цъоны ‘рдæм фæзилгæйæ, дæ цæстыты раз, зындгонд Ерцъойы цадæй дарддæр, сæхи айтыгътой рæсугъд фæзбынæттæ, быгъдæг къулбынæттæ, хъæдæй æмбæрзт хохвæхстæ. Сæрды, хосгæрдæнты ацы бынæтты адæмæй йедзаг вæййы, уæлдайдæр та раздæр азты – æмвæтæн уыгæрдæнты холлæгтæ фæцæттæ кæнынц. Зымæг та дзы ныууары бирæ мит æмæ æрдз æрфынæйау вæййы. Фæлæ æрдзы ацы сабырдзинад ацы аз адæймаг фехæлдта æмæ ныр цалдæр къуырийы улæфтбонты нæ горæтæй, æндæр рæттæй атагъд кæнынц ардæм, цæмæй дæлвæз бынæтты, стæм хатт чи рауары, уыцы миты феной, сæхи банкъарой æцæг зымæджы хъæбысы æмæ дзы сæ рæстæг арвитой. Уый тыххæй ам бацæттæ кодтой лыжæтылбырæн трассæ. Æмæ ардæм чи æрбацæуынц, уыдон æхцон, æнæферохкæнинаг æнкъарæнтимæ раздæхынц сæ хæдзæрттæм.

Ивгъуыд хуыцаубоны та ам уагъд æрцыдысты лыжæтыл бырынæй æмæ сноубордæй ерыстæ.

Ардæм æрбацыдысты канд ерысты хайадисджытæ нæ, фæлæ лыжæтыл бырын æмæ йæ рæстæг зымæгон рæсугъд æрдзы арвитын кæй фæндыд, уыцы æвзонг лæппутæ æмæ чызджытæ, сæ ныййарджытæ. Цы бирæ адæм дзы æрæмбырд, уыдонæн фадат уыд  канд абырынæн нæ, фæлæ Къуайсайы горæты культурæйы хæдзары хæдархайгæ ансамбль æмæ Къуайсайы астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ цы музыкалон номыртæ æмæ зарджытæ бацæттæ кодтой сæрмагондæй, уыдонмæ байхъусынæн.

Иудзырдæй, уыцы бон фæзуаты уыдис æцæг бæрæгбон. Мит ставд тъыфылтæй уарыд, адæмы хъæлдзæг хъæлæба, æхцон музыкæйы зæлтæ баиу сты æмæ æддейæ бакæсгæйæ, афтæ зынд, раст, цыма, адæймаг аргъæутты дунемæ бахаудис.

Ам сæвæрдтой палаткæтæ, сæвæрдтой дзы пецтæ æмæ ардæм æрбацæуджытæн фадат уыдис канд сæхи схъарм кæнынæн нæ, фæлæ хъарм цай, кофи бацымынæн æмæ адджинæгтæй ацаходынæн дæр. Ам уыдис тагъд æххуысы машинæ дохтыр æмæ медицинон хоимæ. Уыцы бон уым уыдысты Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ дæр æмæ æппынæдзухæй сыгъдæг кодтой фæндаг митæй, «Снего-ход» машинæйæ.

Ацы бырæн трассæ арæзт æрцыдис Республикæйы Хæххон лыжæтæ æмæ сноуборды спорты федерацийы сæрдар Тедеты Лери æмæ Дзауы администрацийы сæргълæууæг Магкоты Уырызмæджы хъæппæрисон архайды руаджы. Уый тыххæй сын ардæм æрбацæуæг адæм дзырдтой бузныджы ныхæстæ, сæ сывæллæттæн сын ахæм фадæттæ кæй сарæзтой, уый тыххæй. Нырмæ-иу уыдонæй бирæтæ лыжæтыл абырыны æмæ спорты ацы хуызы хайад райсыны тыххæй цыдысты Цæгат Ирыстонмæ – Цъæймæ. Ныр та нæхимæ арæзт æрцыд ахæм фадат. Уый та у ахсджиаг æмæ хæрзиуæгон хъуыддаг.

Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй ацы ерыстæ  уыдон ауагътой, ирон адæмы сæрхъызой Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 160 азы кæй сæххæст æмæ ацы аз нæ республикæ Къостайы азæй кæй расидтысты, уый цытæн. «Мах рауагътам Къостайы нывимæ майдантæ æмæ лæвæрд æрцæудзысты ерысты уæлахиздзаутæн», – загъта Магкоты Уырызмæг.

Хæххон лыжæтæ æмæ сноуборды спорты федерацийы сæрдар Тедеты Лери куыд загъта, афтæмæй ацы бынат равзарыны тыххæй уыдон ардæм æркодтой уæрæсейаг специалистты, цæмæй федтаиккой ацы бынат æмæ сæ хъуыды бафидар кодтаиккой спорты ацы хуызты домæнтæн дзуапп дæтты æви нæ. Специалисттæ куыд загътой, афтæмæй ацы бынат канд рæсугъд нæу, æмæ зымæгон спорты ацы хуызæн нæ дæтты æмбæлон дзуапп, фæлæ ма у сæрдыгон курорт кæм саразай, ахæм бынат. Уымæн æмæ ацы бынат ис хæхты ‘хсæн æмæ уромы дымгæты.

Ерыстæм æрбацыд æмæ бырæн бынат йæхи цæстæй федта, нæ Республикæйы Президент Бибылты Анатоли. Йæхæдæг дæр абырыд лыжæтыл æмæ райгондæй баззад трассæйæ.

Уый тыххæй бузныг загъта Республикæйы Хæххон лыжæтæй спорты æмæ сноуборды федерацийы сæргълæууæг Тедеты Лерийæн. Афтæ ма йæ хъуыдытæ загъта спорты ацы хуыз райтынг кæнынæн ацы бынаты æмбæлон уавæртæ саразыны фæдыл.

«Бындур æвæрд æрцыдис. Æмæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, æввахс рæстæджы ссардзыстæм фæрæзтæ, цæмæй ам арæзт æрцæуа лыжæтыл бырæн курорт æмбæлон инфраструктурæимæ», – загъта Президент.

Уый фæстæ уæлахиздзауты схорзæхджын кодта майдантæ, грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.

Уæдæ кæд нырма ацы хъуыддаджы фыццаг къахдзæфтæ акондæуыд, уæддæр ацы аз фадат ис нæ республикæйы фæсивæдæн сæ зымæгон рæстæг хъæлдзæгæй арвитынæн.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.