Хуссарирыстойнаг театрдзаутæн – æхсызгон хабар. Уалдзæджы нæ республикæйы столицæ Цхинвалы уазджытæ уыдзысты Тæбæхсауты Балойы номыл Цæгат Ирыстны паддзахадон академион театры артисттæ. Уыдон Хуссар Ирыстонмæ æрцæудзысты гастролон балцы æмæ та хуссарирыстойнаг сценæмæкæсджыты бахъæлдзæг кæндзысты се сфæлдыстадæй, театры хъæздыг репертуарæй.

Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры пресс-службæйы нын куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ цæгатирыстойнаг паддзахадон академион театр Цхинвалмæ хъуамæ гастролон балцы æрцыдаиккой фæззæджы, фæлæ пандемийы аххосагæн  ацы гастролон балц дыууæ театры къухдариуæгады уынаффæмæ гæсгæ хаст æрцыдис уалдзæгмæ. «Апрелы мæйы нæм фæнд кæнынц æрцæуын нæ цæгаттаг коллегæтæ. Уый тынг æхсызгон хъуыддаг у, уымæн æмæ адæмы стыр æхсызгонæй хъæуы театр. Бæрæг куыд у, афтæмæй Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр æмæ цæгатирыстойнаг паддзахадон академион театр 2019-æм азы кæрон бафыстой æмгуысткæнынады фæдыл бадзырд æмæ уый фæлгæтты гастролон балцыты цæудзысты кæрæдзимæ. Нæ цæгаттаг коллегæты репертуар, ома, нæм гастролон балцы цы спектакльтæ æрхæсдзысты, уый нырма бæрæг нæу, фæлæ нын куыд баныфсæвæрдтой, уымæ гæсгæ сын уыдзæнис алыварсон æмæ цымыдисон. Ныридæгæн куыст цæуы ацы фарстыл. Сценæмæкæсджыты размæ рахæсдзысты аргъау, комедитæ æмæ трагеди».

Куыд ма нын фехъусын кодтой, афтæмæй традицимæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры сфæлдыстадон коллектив та Цæгат Ирыстонмæ гастролон балцы ацæудзысты фæззæджы сентябры мæйы.

ТЕАТРЫ ИСТОРИЙÆ

Тæбæхсауты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театр бирæ азты дæргъы лæггад кæны театрдзаутæн, уымæн егъау аргъ кæнынц театрæн чи табу кæны, æппæт уыцы адæм. Ацы театр байгом 1935 азы. Театры фæзынд Цæгат Ирыстоны культурон цардмæ бахаста ногдзинад æмæ йæ байдзаг кодта ног мидисæй, ног традицитæй. Афтæмæй йæ адæмæн ссис иууыл уарзондæр культурон улæфæн æмæ табуйаг бынат. Йæ бындурæвæрджытæ уыдысты Калоты Барис, Таутиаты Солæмон æмæ зындгонд педагог Маркова Еленæ. Ацы театры сценæйыл хъазыдысты æмæ хъазынц курдиатджын актертæ. Уыдон сценæйæ хъомыл кодтой æмæ кæнынц фæсивæд æмæ дзыллæйы.

Театры фыццаг профессионалон актертæ уыдысты Хъæрджынты Варварæ, Тæбæхсауты Владимир æмæ æндæртæ. Ирон театры студийы хъомылгæнинæгты руаджы фылдæр кодта артистты нымæц æмæ дзы сырæзт труппæ. Театры репертуары сæрмагонд бынат ахстой ирон, уырыссаг æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фæсарæйнаг классикты уацмыстæ. Абон ирон театр дарддæр кæны йæ куыст æмæ афтæмæй æхцондзинад хæссы йе сценæмæкæсджытæн. Бирæ азты фæстæ сценæмæ раздæхтысты Брытъиаты  Елбыздыхъойы уацмыстæ æмæ Хетæгкаты Къостайы поэмæ «Фатимæ» дæр.

Театр у нацийы культурæйысæйрагдæр артдзæст æмæ йæ царды айдæн. Уый æнусты размæ, банысан кодтой æмæ загътой зынгæ ахуыргæндтæ æмæ фысджытæ æмæ се сфæлдыстад дæр арæх бастой театримæ. Зæгъгæ, нацийæн театр нæй, уæд уыцы нацийæн уæвæн дæр нæй, уымæн æмæ театр сæйраджыдæр ахъаз кæны адæймаджы монон рæзтæн æмæ мадæлон  æвзаг хъæздыг кæнынæн. Нацийы историйы цыфæнды цауты тыххæй кæнæ цавæрдæр фæзынды тыххæй театры сценæйæ ныхас куы райхъуысы, уæд æй алы адæймаг дæр банкъары хуыздæр, райхъал ын кæны йæ æнкъарæнтæ, фæуæрæхдæр вæййы йæ хъуыдыкæнынад.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.