Цхинвал, рагфыдӕлты уӕзӕг,

Цхинвал, бахъахъхъӕнӕм нӕ зӕхх!

 Цхинвал, зон, нӕ ратдзыстӕм, нӕ,

 Къахдзӕф дӕр фыдӕлты зӕххӕй!

Бирӕ диссӕгтӕ бавзӕрста нӕ чысыл горӕт йӕ хуссайраг сыхаджы аххосæй ХIХ, ХХ ӕмӕ ХI ӕнусы райдайӕны августы мӕйы; федта йӕ цӕрджыты уӕззаудзинад, хъизæмар, сабырад, цин, хӕст, фыдбонтӕ, уӕлахиз; бавзӕрста фаг маст дæр, фӕлӕ уӕддӕр ӕфсӕст уыд ӕмӕ у  дуджы хорзӕхтӕй, царды хӕрзиуджытӕй. Ныр рӕдауӕй ӕмӕ мидбылхудгӕйӕ фембӕлы йӕ уазджытыл. Чысыл у нӕ Чъреба, фӕлӕ  ныфсхаст ӕмӕ тыхджын, сӕрибардзинад ӕмӕ кады бындур. Цыфӕнды зындзинӕдты ӕмӕ уӕззау рӕстӕджыты дӕр нӕ уарзон горӕтӕн йӕ бӕркадджын къӕбиц никуы равдӕлон; фыдӕлты фарнӕй фӕрнджын, сӕ ӕгъдауӕй ӕгъдауджын, сӕ ныфсӕй ныфсджын, сӕ намысӕй намысджын. Ӕмӕ уыцы ӕнӕбасӕтгӕ тыхӕн ӕнусты дӕргъы йӕ сӕйраг-дзинад арф ӕмӕ бӕрзонд ӕвӕрд у нӕ горӕты ӕмӕ йӕ алыварс уӕвӕг уаз кувӕндӕтты сыгъдӕг тыгъдады. Уыцы кувӕндӕттӕ сӕ монон сыгъдӕгдзинад ӕмӕ ӕргом ӕх-хуысӕй бирӕ азты дӕргъы уартау хъахъхъӕнынц горӕт фыдбылызӕй, знагӕй, ӕрдзон ӕнамонд-дзинӕдтӕй. Алыгъуызон фыдбонтӕ ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр рӕстӕ-джыты нӕ сӕрыл ӕртыхстысты, фӕлӕ бабыхстам ӕмӕ рахызтызтӕм уыцы фыдӕвзарӕнты сӕрты, аккагӕй ӕрӕвӕрдтам ног цардбындур рӕзгӕ фӕлтӕртӕн – хъуамӕ сӕркъулӕй макӕцы нацийы раз лӕууæм. Ахӕм фыдӕлты фӕдонтӕ не стæм, мыййаг!

Хӕрзӕрӕджы Цхинвалы аскъуыддзаг стыр хъуыддаг: нӕ бӕстӕйӕн ӕрӕздӕхтам йӕ раздӕры нӕргӕ ном  Паддзахад Алани. Уый кӕд ӕгӕрон цины хъуыддаг у, уӕддӕр йӕ фӕндаг дӕргъвӕтин ӕмӕ сындзджын уыд; уыцы сӕрибардзинады уаргъ ӕгӕр уӕзззау уыд, тынг зынаргъ нын слӕууыд; ирон сахъгуырдты туджы ӕмӕ нӕ сабиты цӕссыгты сӕвдылд нӕ фӕндаг бӕллиццаг ӕмӕ амондджын хӕдбардзинадмӕ. Уымӕй уӕлдай ма уыцы дард фӕндаг ноджы ныттар ирон саударӕг мады уӕлӕдарӕсӕй. Нӕ рагфыдӕлты зӕххыл нын не знаг нӕхи тугӕй зӕйтӕ рауадзынмӕ ӕрхъавыд уӕд; нӕ сыгъдӕг ӕмӕ нын нӕ тӕхудиаджы рӕзгӕ фӕлтӕрӕй йӕхицӕн цагъайрӕгтӕ саразыны фӕнд скодта, цӕмӕй сын бауырнын кодтаид, кӕй сын нӕй истори, сӕхи зӕхх, Хуссар Ирыстон 1920 азты кӕй «равзӕрд» ӕмӕ йӕ адӕм «рӕдау гуырдзыйы зӕххыл кӕй ӕрцардысты».

Быхсындзинад ирон адӕймагӕн йӕ уды сконды арф ӕвӕрд у, фӕлӕ йӕ исчи куы дӕлдзиныг кӕны, гадзрахатӕй йыл куы рацӕуы, уӕд йӕ бартыл хъӕрӕй сдзуры, уӕд йӕ хӕцӕнгарз райсы йӕ фидар къухмӕ ӕмӕ ӕгасӕй дӕр уарт фесты йӕ радтӕг адӕмӕн, йӕ фыды уӕзӕгӕн. Уӕд, знон тудджынтӕ чи уыдысты, уыдон дӕр балӕууынц ӕнгом  кӕрӕдзийы фарсмӕ ӕмӕ ма фӕхъуыды кӕнынц ӕрмӕстдӕр,  знаджы куыд басӕттой, ууыл.

Нӕ уарзон горӕт цалдӕр пырхы баййӕфта, арты ӕвзӕгтӕ-иу ӕй зӕххимӕ сӕмраст кодтой, фӕнык-иу фестад ӕгасӕй дӕр, фӕлӕ нӕ фесӕфт. Уӕддӕр йӕхимӕ ӕлвӕста, бирӕ йӕ чи уарзы, ӕнувыд ыл чи уыдысты сӕдӕгай азты, уыцы ирӕтты – кӕд се ‘ппӕт нӕ, уӕддӕр-иу сӕ фылдӕр хай ӕрыздӕхт фӕстӕмӕ. Афтӕ уыд 1920 азы, афтӕ уыд 1990-ӕм азты ӕмӕ 2008 азы августы тугуарӕн хӕсты фӕстӕ дӕр. Цӕссыгкалгӕ, дзыназгӕйӕ-иу райдыдтой ногӕй сӕ ихсыд къуым аразын, ӕндидзын кӕнын. Ӕмӕ та-иу райхъуыст ноггуырд сабиты цъӕ-хъахст, сӕ хъӕлдзӕг худт, сӕ хъӕлӕба.   Йӕ уӕззау мастыл-иу дур ныффӕлдӕхта ирон лӕг, ӕрбамбырд-иу кодта йӕ мӕгуыры муртӕ ӕмӕ йын рагфыдӕлтӕй куыд баззад, афтӕ та-иу райдыдта кувын йӕ Хуыцаумӕ, дзуӕрттӕм, зӕдтӕм.

90-ӕм азты ардӕм уазӕгуаты чи цыд ӕндӕр рӕттӕй?! Ничи! Бынӕттон  цӕр-джытӕ дӕр лидзгӕ куы кодтой! Фӕлӕ-иу уӕддӕр чидӕртӕ цыдӕр амондӕн куы ӕрирвӕзтысты, уӕд-иу дисы бахаудысты: горӕт блокадӕйы, дон, рухс, ӕрдзон газ сӕм нӕй, уӕддӕр нӕ тасынц, цин кӕнынц сӕ цардыл, нысан кӕнынц бӕрӕгбонтӕ, гуырӕн бонтӕ, кӕнынц чындзӕхсӕвтӕ, зарынц кафынц… Ӕцӕг ӕй нӕхицӕй хуыздӕр чи зоны, уыцы ӕнӕфӕцудгӕ ныхмӕлӕудӕн йӕ аргъ цас уыд, цы уӕззау мастӕвдылд уыд уыцы рӕстӕгмӕйы цины ӕнкъарӕн. Рӕстӕгмӕйы та уымӕн, ӕмӕ ӕхсӕвӕй райсоммӕ горӕт цы фӕуыдаид, уый бӕл-вырд Хуыцау йедтӕмӕ ничи зыдта. Фӕлӕ, ӕрвылӕхсӕв ӕхстыты уацары уӕвгӕйӕ, горӕт нӕ саст, лӕууыд, быхста, зыдта йӕ, фыдбоны ӕбӕрӕгдзинадӕн раджы уа – ӕрӕджы, уӕддӕр уӕлахизы кӕрон кӕй уыдзӕн!

Афтӕ та (цымӕ кӕцыйӕм хатт?!) райдыдта размӕ цӕуын Хуссар Ирыстоны сӕйраг горӕт. Уӕззау ӕмӕ трагикон ивддзинӕдты уацары бахауӕг нӕ уарзон Цхинвал ныллӕууыд йӕ ногдӕр историйы зын, фӕлӕ сӕрибары ныфсӕй арӕзт фӕндагыл дарддӕр цӕуын.

ХХ ӕнусы Цхинвалы историйыл нӕ цӕст куы ахӕсӕм, уӕд нӕ зӕрдыл аивӕй ӕрлӕудзӕн, йӕ цӕрджыты нымӕц азӕй азмӕ куыд бирӕ кодта, куыд уӕрӕхӕй-уӕрӕхдӕр кодтой горӕты арӕнтӕ. Экономикӕ, хъӕууон хӕдзарад, ахуырад, медицинӕ, культурӕ, спорт, туризм, барджынӕй ӕрфысым кодтой ивгъуыд ӕнусы 30-60-ӕм азты нӕ чысыл горӕты ӕмӕ ӕзфӕраздӕронӕй райдыдтой размӕ бырсын. Ӕмӕ кӕд ивгъуыд ӕнусы райдайӕны горӕты цӕрджыты фылдӕр компактонӕй цардысты раздӕры Карл Марксы (ныр Ирӕтты уынг) ӕмӕ Фридрих Энгельсы (ныр Тугъанты Махарбеджы номыл) уынгтыл, уӕд ӕнусы ӕмбисмӕ горӕт афтӕ райрӕзт, ӕмӕ дзы фӕзынд йӕхи чысыл районтӕ: Шанхай, Царз, Дыргуис, фӕстӕдӕр ЦАРЗ ӕмӕ Текстиль. Уыимӕ иумӕ Чъреба сӕрыстыр уыд йӕ Паддзахадон драмон театр ӕмӕ уӕлдӕр ахуыргӕнӕндонӕй, фӕзынд дзы техникумтӕ, астӕуккаг скъолатӕ, сабидӕттӕ, Пионерты ӕмӕ скъоладзауты (ныр Сывӕллӕтты сфӕлдыстады) галуан, Ӕрыгон техникты станц, стадион, спортивон скъолатӕ. Дардыл айхъуыст Дзауы комы кой – ардӕм улӕфынмӕ цыдысты канд Советон Цӕдисы алы къуымӕй нӕ, фӕлӕ дард фӕсарӕнтӕй дӕр. «Тбилисаг уӕздӕттӕ»-иу рады лӕууыдысты, цӕ-мӕй Хуссар Ирыстоны курорттӕм ӕрбаирвӕзой. Уӕрӕхӕй нысан цыдысты нысаниуӕгджын бӕрӕгбонтӕ. Уыцы размӕцыдыл стыр цин адӕмӕн сӕ ныфс ӕртывӕр кодта, иудзинады тых сӕ разӕнгард кодта райгуырӕн къуымыл ӕнувыд уӕвынмӕ, амондджын цардмӕ, фидӕны ногдзинӕдтӕм. Уый нӕ миддунейы ныр дӕр баззад арф ӕвӕрд ӕмӕ конд у рӕсугъд ахорӕнтӕй, уӕззаудзинад ӕмӕ тыхстдзинӕдтӕн цӕй фӕрцы быхстам, фыдӕлтӕй баззайгӕ уыцы фидар ныфс. Бӕрӕгбонтӕм-иу уӕд дзыллӕ развӕлгъау фӕцӕттӕ кодта йӕхи. Алчидӕр-иу балхӕдта ног уӕлӕдарӕс, парады фӕстӕ цыдысты улӕфӕн паркмӕ, стӕй ӕгӕрон цины ӕнкъарӕнтимӕ здӕхтысты фӕстӕмӕ сӕ ӕрвылбонон цардмӕ. Иу-уыл диссаг та уый уыд, ӕмӕ ӕхсӕвы ӕртӕ сахатыл дӕр нӕ чысыл горӕты уынгты цӕуын ницӕмӕй ӕмӕ никӕмӕй тас уыд.

Нӕ рагон чысыл горӕтӕн ис йӕхи  истори,  йӕхи сӕрмагонд традицитӕ, ӕгъдӕуттӕ. Ӕмӕ кӕд 50-60 азты Цхинвалы цӕрӕг фӕсивӕд хицӕн кӕнынц 70-80-ӕм азты фӕсивӕдӕй, уӕддӕр сӕ иу кӕны фидар хиад ӕмӕ бындур –  Цхинвал. Цхинвалимӕ йӕ хъысмӕт чи сбаста, ам чи баззад цӕргӕйӕ, уый хорз ӕмӕ ӕвзӕр бынтон ӕндӕр барӕнтӕй бары; уымӕн иумӕйагӕй цардмӕ йӕ цӕстӕнгас у ӕндӕргъуызон, реалон, йемыдзаг цавӕрдӕр ӕнахуыр ныфсӕй.  Хорз цард хорз у, дон дӕр дзы нӕ тӕдзы. Амы зындзинӕдтӕн чи нӕ бафӕрӕзта, уыдон фӕлыгъдысты ӕдас рӕттӕм, цӕмӕй сӕ кӕстӕртӕ ӕдыхст ӕмӕ цӕрдфӕразон уой. Фӕлӕ йӕ зӕрдӕ уарзон Цхинвалыл кӕмӕн риссы, райгуырӕн горӕтыл фидар тæгтæй йæхи чи бабаста, уый никуыдӕм ацыд, быхста, арӕзта йӕ цард, куыд йӕ бон уыд, афтӕ.

Нæ фæсивæды минæвæрттæй бирæтæ фæцыдысты (ныр дæр цæ-уынц) ахуырмæ Уæрæсейы Федерацийы горæттæм. Сæ æмбис фæстæмæ æрыздæхыныл хъуыды дæр нал кæны. Хъыгагӕн, ӕрвылаз дӕр нӕ горӕтӕй ӕндӕр рӕттӕм цӕ-рынмӕ ацӕуы нӕ цӕрджытӕй дæр, бирӕ бинонтӕ хуыздӕрӕн равзарынц ӕндӕр горӕтты дарддæр сæ цард кæнын, бæс-тонæй дзы ӕрбынат кӕнын, æмæ нӕ республикӕйы цӕрджыты нымӕц къаддӕ-рӕй-къаддӕр кӕны, ивылынц сӕ рай-гуырӕн къуымӕй. Афтæмæй та нæм иу хатт чи æрцæуы, уый æнæмæнг дæр ба-цархайы, цæмæй ногæй æрцæуа нæ Ирыстонмæ, атезгъо кæна Цхинвалы хæрзарæзт уынгты. Æмæ нæхæдæг бо-нæй-бон куы лидзæм ардыгæй, уæд ма фидæны  глобалон  æндидзынгæнæн  хъуыддæгтыл та чи батыхсдзæн, суинаг фæлтæрты Ирыстоны зæххыл ирондзинад æмæ нæртон фарныл чи цайдагъ кæндзæн?

Ныр ӕрбалӕууыд ног рӕстӕг ӕмӕ Цхинвал у хӕдбар паддзахады сӕйраг горӕт. Йӕ цӕрджытӕ аразынц ног цард; кӕд алцы нывыл нӕма у, уӕддӕр ныфсджынӕй кӕсынц сомбоны цардмӕ. Ивы рӕстӕг, афонтӕ ивынц кӕрӕдзи афӕдзӕй афӕдзмӕ, фӕлӕ нӕ чысыл горӕт, хатт ӕнкъард, хатт цинæй æфсæст æмæ бæрзонд хуры тынты ӕвдылд йӕ кӕнон кӕны: цӕры, рӕзы, размӕ цӕуы. Уый  ахсджиаг  ӕмӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг хъуыддаг у, фӕлӕ уыдӕттӕ хорз хъуамӕ зоной куыд нӕ абоны рӕзгӕ фӕлтӕр, афтӕ суинаг рӕстӕджы ног фӕлтӕртӕ дӕр – Цхинвал, Хуссар Ирыстонæн ном нæхæдæг кæнæм æмæ æнустæм цæргæ дæр хъуамæ кæнæм ам, нæ фыдæлты зæххыл, барджынæй æмæ амондджынæй.

Цгъойты Аринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.