Арæзтадон-æндидзынгæнæн куыстыты хатдзæгтæй сæ иу у Цхинвалы уынгты арæзтад æмæ цалцæг кæнын. Уалдзæджы æр-балæудимæ столицæйы уынгты ногæй райдыдтой арæзтадон-æндидзынгæнæн куыстытæ. Ныртæккæ æндидзынгæнæн куыстытæ сæ тæмæны сты Цхин-валы уынджы.

Объект æндидзыд цæуы 2015-2017 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты.

РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергей куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Цхинвалы уынджы куыст цæуы инженерон, кабелон æмæ канализацион хызæгты сæвæрыныл. Абонентты иу кæнынц магистралон хызæгтæм. Объекты кусынц æртæ бригадæйы, 12 кусæджы бæрц æмæ æппæт æнæмæнгхъæуæг техникæ. Куыстытæ æххæст кæны паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал».
«Финанс кæныны проблемæтæ нын нæй, æмæ нæ кæд æвзæр боныгъæдтæ нæ бахъыгдарой, уæд авд — аст бонмæ æппæт куыстытæ дæр кæронмæ фæуыдзысты», — банысан кодта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.