Цхинвалы хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ æрвылбон дæр кусынц нæ горæты, гæнæн куыд ис, афтæ хæрзвадат скæныныл, – радзырдта нæ сæйраг горæты администрацийы хæрзарæзтады управленийы директор Габуты Инал.

Горæт Цинвалы хæрзарæзтады комбинат, Габуйы фырты ныхæстæм гæсгæ, алыхатт дæр бакæнынц сезонон куыст республикæйы сæйраг горæты хæрзарæзтады сæраппонд.

«Абоны бон нæ разы лæууы фæндæгтыл æмæ тротуартыл ихы цъар аиуварс кæныны хæс, уымæн æмæ митдон æхсæвы дæргъы ныссæлы æмæ цæрджытæн æвзарын кæны зындзинæдтæ, – загъта ма управленийы сæргълæууæг. – Махæн нæ сæйраг хæс у, цæмæй фистæгæй цæуджытæ æмæ хæдтулгæтæн дæр сæ ацæуæнтæ фæхуыздæр кæ-нæм».

Габуйы фырт банысан кодта, зæгъгæ, хæрзарæзтады кусджытæ пырх кæнынц цæхх горæты уынгты.

«Фыццаджыдæр ахæм куыст кæнæм, бирæ адæм цы бынæтты рацу-бацу кæнынц æмæ социалон объекттæ – скъолатæ, сабидæттæ, медицинон уагдæттæ æмæ æндæртæ кæм ис, ахæм рæтты, – бæлвырдæй загъта Габуты Инал. – Фæндæгтæ пырх кæнынæй дарддæр ма нæ кусджытæ æрвылбон дæр æфснайынц уынгтæ, æмæ бон дыууæ хатты аласынц бырон».

Горæты администрацийы цур хæрзарæзтады комбинат ма зилынц, «горæты уынгты рæсугъд кæнын æмæ йын йæ эстетикон хуыз аив кæныны тыххæй кæй дарæм, уыцы цъæхдарæнтæм».

«Вегетацион æмгъуыды райдианы агъоммæ, ноябрæй апрелмæ, бæлæстæм зылд цæуы санитарон æгъдауæй, – банысан кодта Габуты Инал. – Нывæстмæ гæсгæ зылд цæудзæн нæ сæйраг горæты æппæт цъæхдарæнтæм дæр. Ацы аз уал мах бакуыстам Пушкины æмæ 13 коммунары уынгтыл».

Дарддæр та куыст цæудзæн цæрджыты куырдиæттæм гæсгæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.