Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæгæй нысан æрцыд Бæззаты Инал. Райгуырд 1974 азы Къостайыхъæуы. Уыдис РХИ-йы парламенты 1992-2004 азты æрсидтыты депутат. Бирæ рæстæг куыста Хъахъхъæнынады министрады æртыккæгæм батальоны командирæй.  «Уацамонгæ»-йы ордены кавалер.

Мах бахатыдыстæм Бæззаты Иналмæ, цæмæй нын радзура районы сæйрагдæр проблемæтыл æмæ куысты цы ахсджиагдæр фарстатæм аздахдзæн лæмбынæг хъусдард, уыдоны тыххæй.

Районы сæргълæууæг куыд зæгъы, афтæмæй йæхæдæг дæр хъæуы схъомыл, хъæууон хæдзарады алы къабазимæ дæр зонгæ у. Къорд азты куыста Къостайыхъæуы совхозы. Зоны хъæууон цæрджытæн сæ проблемон фарстатæ æмæ сæм æххуысы къух фæдарын кæм бахъæуа, уым йæхи никуы бааууон кæны. Фæлæ ис ахæм проблемæтæ, кæцыты аскъуыддзаг кæнынæн хъæуы дзæвгар æхцайы фæрæзтæ. Зæгъæм, хъæууонхæдзарадон кондад райтынг кæнынæн фермертæн хъæуы куысты хорз уавæртæ саразын, техникæйæ сæ æххæстæй сифтонг кæнын. Фæлæ уый къухты нæма æфты. Уымæ гæсгæ вæййы афтæ дæр – арендатор базылд йæ хоры быдырмæ, фæлæ йæ тыллæг æфснайыны рæстæджы техникæйы аххосæй афоныл не ‘ркарста. Цы бахардз кæны, уыйбæрц æфтиаг нæ райсы. Хъуамæ уæд паддзахад компенсаци радта арендаторæн, фæлæ махмæ ахæм практикæ нæй. Фосдарды куыст чи кæны, уыдон дæр арæх сæ хæрдзтæ нæ бамбæрзынц, сæ фосыл хæцгæ низтæ кæй бахæцы æмæ дзы кæй амæлы, уый аххосæй. Районы ветеринартæ бæргæ ауадзынц хосгæнæн-профилактикон мадзæлттæ низ куы фæзыны, уæд, фæлæ, хъыгагæн, цы амæлы, уыдон бынатмæ сын  æлхæд не ‘рцæуы. Æппæт ацы фарстатæ сты бакусинаг, цæмæй адæм фылдæр се ‘ргом аздахой хъæууонхæдзарады къабазмæ.

Скъолатæ хъуамæ уой райдзаст

Фыццаг рады мæхицæн цы хæстæ сæвæрдтон, уыдонæй иу у ахуыры азмæ районы скъолатæ бацæттæ кæнын. Мæ размæ цалцæггæнæн куыстыты график арæзт нæ уыд. Мæнмæ гæсгæ июлы мæйы хъуыд ацы куыстытæм бавналын. Уымæн æмæ районы цы скъолатæ ис, уыдоны иууылдæр хъæуы рог цалцæг скæнын. Ныртæккæ куыстытæ кæронмæ фестæм Рустау æмæ Зары скъолаты. Арцеуы сцалцæг кæнын хъæуы спортивон зал æмæ сывæллæтты хæрæндон. Къостайыхъæуы скъолайы спортзалæн раивын хъæуы йæ æмбæрзт. Тъбеты хъæуы скъолайы зымæгмæ саразын хъæуы хъармгæнæн системæ. Ныртæккæ куыстытæ цæуынц Дменисы хъæуы сывæллæтты сабидоны. Уыцы куыстытæ се ‘ппæт дæр кæны районы администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад..

Хъæуты цæрджытимæ фембæлдтытæ

Районы ис 15 хъæууон администрацийы. Уыдонæй алкæмæндæр ис йæхи проблемæтæ. Мæ зæрды ис алкæцы цæрæн пункты цæрджытимæ дæр индивидуалонæй фембæлын. Æрæджы уыдтæн Арцеуы хъæуы. Ацы хъæуы кæддæр цард цæдджинагау фыхт. Ныр хъæу æдзæрæг кæны, йæ цæрджытæй бирæтæ фæлыгъдысты. Чи ма дзы ис, уыдон бæргæ архайынц. Сæ уæййæгтæ – царв, цыхт, хъæдур, картоф, дыргътæ горæтмæ раласынц æмæ сæ ауæй кæнынц къуыри иу хатт. Цы фæндаг сæм цæуы, уый ис æдзæллаг уавæры æмæ уымæй тынг тыхсынц хъæуы цæрджытæ. Арцеуæй горæтмæ фæндаг  у 18 километры, æмæ бирæ рæтты у цалцæггæнинаг. Цæрджытæн зымæгон бонты бынтондæр фадат нæ вæййы горæтмæ цæуынæн. Хъæуы ма кæмдæрты не ‘вдисы бынæттон телеуынынад æмæ сын фадат нæ вæййы бынæттон алæвæрдтæм бакæсынæн. Ацы хъуыддаг кæмæ хауы, уыдон фарст кæй æрбæстон кæндзысты, уымæй сын зæрдæ бавæрдтой. Фæлæ уал нырма уавæр у афтæ. Фæндæгты уавæр фæхуыздæркæнинаг у Ходы хъæумæ дæр. Тынг риссаг фарст у ацы аз Зар æмæ Сатихъары хъæуты цы хæдзæрттæ басыгъдысты, уыдоны хицæуттæн баххуыс кæнын. Райадминистрацийæн нæй уыцы фæрæзтæ, цæмæй сын саразæм сæ хæдзæрттæ. Мæ зæрды ис республикæйы сæргълæууæгимæ ацы фарст аскъуыддзаг кæнын. Сатихъар æмæ Дменисы хъæуты ис ахæм бинонтæ, кæцытæ цæрынц аварион хæдзæртты 1989 азæй фæстæмæ.

Цæмæннæ фаг кæны нуазыны дон?

Бæззаты Инал куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ куыст цæуы районы хъæуты донæй сифтонг кæныныл. Ахæм куыстытæ кодтой йæ размæ дæр, фæлæ, хъыгагæн, кæронмæ æмæ капиталонæй арæзт никуы æрцыдысты. Стæй ма рох кæнын нæ хъæуы суадæттæ сæрды тæвд бонты арæх кæй басур вæййынц, кæй бахъæуы ног суадæттæ агурын. Сæрдыгон бонты хъæуты иуæй-иу цæрджытæ сæ цæхæрадæттæ фæдонхæр кæнын суадоны донæй. Уымæ гæсгæ дон нал фæфаг кæны иннæ цæрджытæн. «Æз афтæ хъуыды кæнын, цалынмæ донхæргæнæн къанаутæ арæзт не ‘рцæуой, уæдмæ «дон давдзысты». Фидæн аз лæмбынæгæй бавналдзынæн ацы куыстмæ. Кæд ацы куыст хорз фæстиуæг радта, уæд уый банымайдзæн иууыл ахадгæдæр æнтыстыл», – зæгъы Бæззайы фырт.

Фарон кæронмæ нæ бахæццæ, Арцеу-Икъортамæ цы доны хæтæл уагъд цыд, уый. Ныртæккæ уыцы куыстытæ фæуынхъус сты. Рустау, Гром æмæ Бихъары дæр тагъд бавналдзысты уыцы куыстытæм. Сарабукъы хъæумæ, дон змæстæй кæй цæуы, уымæн йæхи аххосæгтæ ис. Суадоны æмбырдгæнæны хъæуы ныссыгъдæг кæнын. Кæд бахъæуа, уæд та ног суадон агурын. Иуæй-иу хъæутæм, дон æххæст гуырахстæй кæдæм нæ цæуы, уымыты хъуамæ æвæрд æрцæуой сæрмагонд дон æнцъирæнтæ, цæмæй алы хъæу дæр донæй ифтонг уа, уый уыдзæн мæ сæйраг нысан. Мæ зæрды ис, цы аразон, уый гъæдджынæй, цæмæй та фидæн аз уыцы фарстатæм ма здахæм. Цард размæ цæуы, бирæ саразинаг хъуыддæгтæ нæм æнхъæл-мæ кæсы. Цы цыбыр рæстæг кусын уый мын фаг у, цæмæй бамбарон, цæмæй райдайын хъæуы æмæ сæйрагдæр, кæцы фарстатæ сты.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.