РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли ауагъта 2021 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фарстаты фæдыл штабы рабадт.

Рабадты куысты хайад райстой Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади, арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, къорд министрадтæ, ведомствотæ æмæ подрядон организациты сæргълæуджытæ.

Анализ арæзт æрцыдис арæзтадон объектты куыстыты цыдæн, бакуыстæуыд проблемон фарстытæ скъуыддзаг кæныны амæлттыл.

«Ацы азæн Инвестицион программæйы фæлгæтты куыстытæ финансгонд æрцыдысты 30 процентæй, уынгты арæзтады та кæронбæттæн этапы сты коммуникацитæ, сæрмагондæй, донуадзæн хæххытæ уадзын», – фехъусын кодта Зæгъойты Эдуард.

Сæрмагонд хъусдард здæхт æрцыд  Дзауы райцентры уынгтæй сæ иуы æмæ хиды арæзтадмæ. Арæзтады министры ныхæстæм гæсгæ коммуникацитæ арæзт фæуыдзысты ацы азы августы мæймæ.

Президент æрсидт æппæт подрядон организацитæм, цæмæй куыстытæ цæуой графикæй раздæр.

«Баххуырсут аразджыты уæлæмхас бригадæтæ, цæмæй бантыса куыстытæ тагъддæр фæуын. Фидæн азы мах хъæуы куыстыты стыр гуырахст бакæнын Инвестицион программæйы фæлгæтты», – банысан кодта уый.

Цхинвалы æртыккæгæм астæуккаг скъолайы арæзтадыл дзургæйæ, Бибылты Анатоли бахæс кодта, цæмæй объект эксплуатацимæ лæвæрд æрцæуа ацы азы 1 сентябрмæ.

«1 сентябры сывæллæттæ хъуамæ бацæуой сæ ног скъоламæ. Æмбарын æй, куыстыты гуырахст егъау у, фæлæ бæстонгæнæн куыстытæн сæ 90 проценты фæуд у. Хъæуы ма бæстыхайы хæрзвæлыст скæнын», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.